Дардæй ракæсгæйæ дæр мæ зæрдæ барухс, ацы хæдзарады æппæт куыстытæ дæр рæвдз кæй цæуынц, зæрдæйы фæндиаг кæй сты, уымæй. Хæрзгуыст æмæ хæрззылд нартхоры хуым арвыл ныдзæвы, дардыл у, йæ афæдзы тыллæг æфснайд кæм вæййы, уыцы хордон, зæххы фадыджы дыргъы алыгъуызон дыргъ бæлæстæ, сæнæфсиры уазитæ, хъæдур, картоф æмæ цæхæрадоны æндæр халсæрттæ. Æмæ чи фæуыдзæн нымад сæ хицауы æдзухон куыст æмæ фыдæбон. Мæнæ æрбазынд фысвосы рæгъау æмæ мерс кæнынц цъæх-цъæхид кæрдæгыл, кæрты цалдæр дзæргъы æмæ хъыбылты иу хай, иннæтæ та конд сты хуыдæтты. Не сты хæринагцух, зылдцух. Нырма мæйдзыдтæ цы хъыбылтæ сты, уыдон сæ мадæй нæ иртæсынц, домынц узæлд æмæ сыл уый дæр æхсызгонæй йæ цæст ахæссы. Хæдзарады æппæт ацы куыстытæм æрвылбон дæр хъус дарын хъæуы, аудгæ ахастæй ма хъуамæ уой цух, кæннод зæрдæйы фæндиаг æнтыст къухты нæ бафтдзæн. Уый та куыннæ æмбары ацы хъæууон фæллой-гæнæг æмæ архайы, цæмæй зноны æнтыстæй абоны æнтыст ноджы фæхуыздæр уа.

Цхинвалы районы Къостайыхъæуы ацы хæдзарад сырæзт цалдæр азы размæ, фæлæ йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ æдзухдæр ис раззагдæрты рæнхъы. Хæдзарады сæргълæууæг Хъабанты Хъазбег æмæ йе ‘ртæ фырты нæ тæрсынц хъæууон царды æдзухон куыстæй.

О, зындзинæдтæ иуварс кæнынмæ цырд куы лæууай, уæд хорз фæстиуджытæм æнæмæнг æнхъæлмæ кæсæн вæййы. Уыцы бон бынтон æнæвдæлон уыдысты бинонтæ – сæ иу фыстæн фыййау уыд, иннæтæ та æфсирон культурæты тыллæг æфснайыныл лæуд уыдысты. Ради сæ зæрдæ се ркæнгæ тыллæгæй. Æниу, дызæрдыг нæ кодтой, бæркадджын кæй рауайдзæн сæ тыллæгæрзад, ууыл. Уый уымæн, æмæ хуым кæнын æмæ тауыны куыстытæ ахицæн кодтой рæстæгыл. Уый фæстæ байтыдтæм бахастæуыд алыгъуызон уырынгонты ныхмæ маргхимикаттæ, цух сæ нæ ныууагътой минералон хъацæнтæй дæр. Сыгъдæг хуымты æвзартæ фæцыдысты бæрзонд, æфсиртæ иуæрдæм фæкъул сты. Уый та нысан кæны, кæй нал ис æнхъæлмæкæсæн, кæй æрбалæууыд се ‘фснайыны рæстæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма республикæ цух у алыгъуызон хъæууонхæдзарадон техникæйæ, уыцы нымæцы тыллæгæфснайæн комбайнтæй дæр. Фæлæ хæдзардзин зæхкусæг Хъабаны фырт спайда кодта рæстæгæй æмæ йæм фæзындысты «Агросервис»-ы цалдæр комбайн æмæ тракторы. Æмæ кæрæдзи фæдыл арæгъ сты Кокойты Валери, Наниты Алик æмæ Хуыбецты Уасил. Хуры зынг цæстмæ нарст æфсиртæ ферттивынц, стæй сæ комбайны дзых йæхимæ æрбалвасы, афтæ байдзаг вæййы бункер. Пухаты Дзантемырйæ лафетджын тракторыл сыгъзæрингъуыз хоры ласы æфтауцдонмæ. Цалынмæ уый фæстæмæ раздæхты, уæдмæ та Табуты С. трактор фæраст вæй-йы хордонмæ. Механизаторты æнæзæрдæхудт куыст радта йæ хорз фæстиуæг – сихорæй изæрдалынгтæм æфснайд фесты 18 гектары хъæбæрхоры хуым æмæ дзы бабæстон кодтой 25 тоннæйæ фылдæр тыллæг. Хæдзарадæн ма бафснаинаг ис 12 гектары фæззыгæнд мæнæуы хуым æмæ йæ кæрдыныл бакусдзысты æввахс бонты.

Хæдзарадмæ ныртæккæ фыстæ æмæ уæрыччытæ ис 70 бæрц, стуртæ 6, уыцы нымæцы 5 хъуджы, уал роды, 6 сты дзæргъытæ, 40 хъыбылы æмæ афтæ дарддæр. Тыллæг æфснайд куы фæуа, уæд та æрæвналдзæн холлæгтæ цæттæ кæ-нынмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй æрцæттæ кæндзæн 2000 иуæджы холладжы тыхтæттæ. Иудзырдæй, ацы куыстуарзаг бинонты хæдзарад у рæзты фæндагыл лæуд æмæ сын ноджыдæр æнтысæд.

Хуыбиаты Н.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.