6 октябры  Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг фембæлд дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ æмæ сын радзырдта Генпрокуратурæйы архайды тыххæй.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз 6 мæймæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы фæдысгарæн комитеты ис 72 уголовон хъуыддаджы. Кæд ивгъуыд азы æнгæс æмгъуыдмæ уголовон хъуыддæгтæ уыдысты 32, уæддæр уый нæ нысан кæны, æмæ республикæйы криминогенон уавæр фæкарздæр, фыдракæндтæ фæфылдæр сты.

«Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, уголовон хъуыддæгтæ кæй фæфылдæр сты, уый баст у, паддзахадон арæны сæрты æнæзакъонæй цы æмбæстæгтæ хизынц, уыдон кæй æрцахсынц, шофыртæ расыгæй машинæтæ кæй скъæрынц, афтæ ма æнæ медицинон нысанæн наркотикон буарадтæй чи пайда кæны, уыдон куыд административон æгъдауæй, афтæ сæ уголовон бæрндзинадмæ кæй æркæнынц, æппæт уыдæттимæ», – банысан кодта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Генералон прокурор куыд загъта, афтæмæй уыдон республикæйы Мидхъуыддæгты министрады кусджытимæ иумæ æппæт дæр аразынц, цæмæй сбæрæг кæной, наркотикон буарадтæ чи парахат кæны, уыцы адæймæгты.

«Махæн ис наркоманийы ныхмæ тох кæныны  нывæзт æмæ хъуамæ æмбæлон мадзæлттæ райсæм, цæмæй нæ фæсивæды бахъахъхъæнæм, наркотикон буарадтæ чи парахат кæны, уыдонæй», – загъта Генпрокурор.

Дзæгъиаты Уырызмæг радзырдта кримина-лон ифтонггæрзты тыххæй дæр.

Уый куыд загъта, афтæмæй Генералон прокуратурæ бахатыд Президентмæ, цæмæй ведомствойæн самал кæной ног ифтонггæрзтæ. Ифтонггæрзты иу хай  æлхæд æрцыд 2015 азы, уыцы нымæцы цæугæ лаборатори дæр.

«Цæугæ лабораторийы фæрцы  бынаты  бæрæг æмæ æмбырд цæудзысты фыдракæнды фæдтæ. Уый бирæбæрцæй фæахъаз уыдзæн фыдракæндтæ раргом кæнынæн, фæлæ нын уыимæ иумæ ис кадрон поли-тикæйы фарстыты проблемæ дæр. Ис нæм хорз специалисттæ, уыдон хорз бæрæг-гæнæнтыл фесты Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ. Фæлæ криминалистон структурæты  ис ахæм фæтк, æмæ алы фæдыс-гæрстæн дæр ис йæхи спецификæ. Хъыгагæн, нырма Хуссар Ирыстоны нæй ахæм ахуыргæнæндон, цæмæй дзы не специалисттæ ахуыр кæной уæлæмхас дисциплинæтæ, кæцытæ сын фæахъаз уыдзысты экспертизæты уæрæх спектр уадзынæн. Уый тыххæй мах архайæм, цæмæй нæ специалисттæ æмбæлон ахуырад райсой Уæрæсейы Федерацийы.

Дзæгъиаты Уырызмæг радзырдта, Респуб-ликæйы африкæйаг емынæ кæй аххосæй апарахат, уыдоны ныхмæ цы мадзæлттæ райстæуыд, уый тыххæй дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Генералон прокуратурæ уголовон хъуыддæгтæ бакодта, хуытыл африкæйаг емынæ цæмæй ма апарахат уыдаид Хуссар Ирыстоны территорийыл, уый тыххæй æмбæлон мадзæлттæ цы бæрнон адæймæгтæ нæ сарæзтой, уыдоныл. Хъæууонхæдзарадон министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыцы низæй амард 500 хуыйы.

«Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы аз апрелæй августмæ хуыты африкæйаг емынæ фæзынд Цхинвалы, Дзауы æмæ Знауыры районты. Африкæйаг емынæ фыццаг фæзынд Цхинвалы районы территорийыл. Низы фыццаг фæзындæй мах сахуыр кодтам уавæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй бæрнон адæймæгтæ, кæцытæ хæсджын уыдысты карантины тыххæй æппæт мадзæлттæ сорганизаци кæнын, цæмæй вирус ма апарахат уыдаид республикæйы иннæ районты уый тыххæй, сæ хъус не ‘рдардтой проблемæмæ, сæ службæйон хæстæм равдыстой æбæрндзинад. Уыдонмæ гæсгæ фаг уыд мард хуыты баныгæнын. Уыдон та уыдысты Хъæууон хæдзарады министрад æмæ йæ дæлбар ветеринарон службæ. Районты администрацитимæ иумæ уыдон хъуамæ бакодтаиккой æмбæлон куыстытæ», – загъта Генералон прокурор.

Уыимæ иумæ, Генералон прокуроры хъуыдымæ гæсгæ, бæрндзинад хæссынц, хуытæ чи дары, уыцы æмбæстæгтæ дæр æмæ хуыдард чи кæны, уыцы амалиуæггæнджытæ дæр. Уымæн æмæ уыдон мард хуыты адгуыты æмæ Леуахийы донбылгæрæтты аппарынæй дард-дæр æндæр ницы æрхъуыды кодтой. Уыдоныл дæр бакондæуыдзæн уголовон хъуыддæгтæ.

Дзæгъиаты Уырызмæг ма зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, африкæйаг емынæ фæзынд 2013 азы дæр. Уæд дæр æмбæстæгты æмæ амалиуæггæнджыты бафæдзæхстой, цæмæй æртæ азмæ республикæйы территорийыл хуытæ мауал дарой, фæлæ нæ басастысты.

Гуырдзыстоны æрдыгæй хæстон архайдтыты тыххæй уголовон хъуыддæгты фæдыл Генералон прокурор куыд радзырдта, афтæмæй гуырдзиæгты фыдракæндтæ ахуыр æрцæудзысты æмæ сын лæвæрд æрцæудзæн æмбæлон аргъ.

«Гуырдзиаг хицауиуæгады æрдыгæй хæстон фыдракæндты тыххæй уголовон хъуыддаг бакондæуыд 2008 азы. Абоны онг мах рæстæгæй рæстæгмæ æруромæм уголовон хъуыддаг æмæ та йæ сног кæнæм. Æппæт уыцы фыдракæндтæн, Хуссар Ирыстоны адæмы геноцидæн нæй æмгъуыд. Уый тыххæй кæдфæнды дæр, ацы уголовон хъуыддаджы фæдыл куы бахъæуы конкретон фæдысгарæн мадзæлттæ ауадзын, уæд та йæ сног кæнæм», – банысан кодта Генпрокурор.

Журналисттæ нæ ахызтысты Æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-ы фарсты иувæрсты дæр.

Ацы фарсты фæдыл Дзæгъиаты Уырызмæг банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ фæнд кæны Æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-ы финансон-хæдзарадон архайд бабæрæг кæнын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, не ‘мбæстæгтæй бирæтæ хъаст кæнынц ацы компанийы куыстæй, зæгъгæ, у иунæгон монополист, йæхæдæг æвæры æргътæ дæр æмæ йæ лæггæдты пакет дæр аразы, йæхи куыд фæнды, афтæ.

Уыимæ ма Дзæгъиаты Уырызмæг банысан кодта, зæгъгæ, Генералон прокуратурæмæ ис Æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-ы хæдзарадон архайды бæрæг фæткхалынæдты тыххæй информаци. Цы информаци сæм ис, уый нæ раргом кодта Генпрокурор.

«Мах куы бабæрæг кæнæм Æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-ы куыст, уæд ратдзыстæм æмбæлон информаци», – бахахх кодта Дзæгъиайы фырт.

Журналисттæ бацымыдис кодтой, Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийæ цы финансон æххуыс цыд, уый ныппаплой кæныны аххосджынты фарстмæ дæр.

Генпрокурор куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстонæн æххуысы фæрæзтæ чи ныппаплой кодта, растдæр зæгъгæ, та сæ чи адавта, уыдоны уголовон хъуыддæгтæ цæмæдæр гæсгæ æхгæд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы территорийыл, фæлæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы инициативæйæ ногæй баконд æрцыдысты.

Генералон прокуроры ныхæстæм гæсгæ, уголовон хъуыддæгты фигуранттæ сты Уæрæсейы Федерацийы арæзтадон подрядонтæ, афтæ ма Хуссар Ирыстонæй ацæуæг адæймæгтæ, кæцытæ хайад истой Хуссар Ирыстоны инфраструктурæйы æндидзынгæнæн куыстыты процессы.

«Мах æрдомдтам уæрæсейаг коллегæтæй, цæмæй нын фехъусын кæной, Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы æххуысы финанстæ чи адавта, уыдоны тыххæй уголовон хъуыддæгтæ æхгæд цæй тыххæй æрцыдысты. Уыдон нын радтой ахæм дзуапп, зæгъгæ, 12 уголовон хъуыддагæй авды ногæй райдыдтой фæдысгарæн мадзæлттæ. Ныр РХИ-йы Генералон прокуратурæмæ ис дырыс номхыгъдтæ, алы уголовон хъуыддаджы тыххæй дæр нæм ис бæрæг зонæнтæ. Цалдæр уголовон хъуыддаджы тыххæй тæрхон рахастæуыд Уæрæсейы Федерацийы тæрхондæтты. Цыбыр рæстæгмæ мах æрæмбырд кæндзыстæм информаци уыцы уголовон хъуыддæгты тыххæй, цæмæ гæсгæ сарæзтæуыд уыцы фæткхалынæдтæ æмæ сæ чи сарæзта æмæ кæуыл стæрхон кодтой, уыцы адæймæгты тыххæй æмæ йæ фехъусын кæндзыстæм дзыллон информацийы фæрæзтæн», – бахахх кодта Генералон прокурор æмæ радзырдта, зæгъгæ, республикæйы арæзтадыл 2008-2010 азты чи куыста, уыцы Æндидзынады проектты реализацийы фæдыл комитеты куыстæн скæнын хъæуы юридикон аргъ. Цæвиттонæн æрхаста Хъайтарты уынгыл бирæфатерон хæдзар, кæцыйы тыххæй цы 66 милуан сомы рахицæн æрцыд, уыдонæй адавдæуыд 54 милуаны!

Генпрокурор банысан кодта, республикæйы официалон  хицауи-уæгады тыххæй иуæй-иу адæймæгты дам-думтæ цы сайттæ парахат кæнынц, уыдоны архайд дæр.

«Уыцы информацион ресурстæ парахат кæнынц, республикæйы къухдариуæгады иуæй-иу адæймæгтыл цъыфкалæн дам-думтæ. Уыдон рахизынц нормалон критикæйæ адæймагыл цъыфкалынмæ. Æппæт уыдæттæ сты закъон æмæ адæймаджы бартæ халын. Уый фæстиуæгæн уыцы информацион ресурстæ æхгæд æрцæудзысты тæрхондоны рахæсгæ уынаффæйæ», – бамбарын кодта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Генералон прокурор дзуаппытæ радта журналистты иннæ фарстытæн дæр.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.