Ног азы фынг кæй тыллæгæй вæййы дзаджджын æмæ бæркадджын, уыдонæй иу у хъæууон фæллойгæнæг. Æцæгдæр, афтæ у, зæхкусæг æдзухдæр куысты лæуд у, уымæн æмæ зоны, цырд куынæ лæууа йæ бакæнинаг куыстытæ æххæст кæнынмæ, чысылдæр куы афæстиат кæна, уæд зæрдæйы фæндиаг æнтыст къухты нæ бафтдзæн. Уый тыххæй цæвиттонтæ æрхæссæн ныртæккæ дæр бирæ хæдзарадтæй ис.

Дардыл сты Цхинвалы районы Къостайыхъæуы хуымзæххытæ, сабыр дуджы ам иу зæххы гæппæл дæр æгуыстæй нæ баззадаид. Хъæууон фæллойгæнджытæ сæм зылдысты агротехникæйы домæнтæм гæсгæ, æмæ-иу сæ фæззæджы бæркад дæр уымæн уыд зæрдæйы фæндиаг. Фæлæ зыгъуыммæ рæстæг мæгуырауæрдæм бандæвта адæмон хæдзарадты алы къабазыл дæр, уыцы нымæцы хъæууон хæдзарадыл дæр. Цæдисы фехæлды фæстæ цадæггай нæ радтæг зæхх рохуаты аззад, нал æм уыд æмбæлон хъусдард. Уый уымæн, æмæ йæ цæмæй бакуыстаиккой, ахæм хъæууонхæдзарадон техникæ скадавар. Фæлæ алцæмæн дæр ис кæрон æмæ та хæдзардзин зæхкусæг счъилдысæй бавнæлдта йæ куыстмæ. Къостайы-хъæуы дæр ис, зæхгуыстыл йæ зæрдæ чи нæ ивы, йæхи æмæ иумиаг хъуыддагыл æнувыд чи у, ахæм æмбæстæгтæ. Уыдон æнувыд куыст та вæййы зæрдæйы фæндиаг, нæ сæ фæхъыг кæны, æмæ уый фæстиуæгæн сæ æркæнгæ тыллæгæй барухс вæййы сæ зæрдæ.

Хъабанты  Хъазбег  фыдæлтæй рахаста куыстуарзондзинад æмæ йыл нæ ивы йæ зæрдæ. Раздæры азты дæр куыднæ, фæлæ фæстаг рæстæджы фидарæй аскъуыддзаг кодта, цæмæй хæдзарады зæххытæй райса æмæ сæ иса хъæздыг тыллæг. Раст зæгъын хъæуы, куыстуарзаг зæхкусæджы зæрдæ барухс ацы азы æркæнгæ тыллæгæй, фæззыгæнд мæнæу æмæ хъæбæрхоры тыллæг ын рауад бæркадджын. Уыцы æнтыст æй ноджы тынгдæр сразæнгард кодта æмæ та а-фæззæджы цыбыр æмгъуыдты агротехникæйы домæнтæм гæсгæ байтыдта фæззыгæнд мæнæу 13 гектары. Уалдзæджы та фæнд кæны хъæбæрхор дæр байтауын. Канд æфсирон культурæтæ тауын æмæ сæ зæрдæйы фæндиаг тыллæг æфс-найыныл нæ архайы, фæлæ ма йæ къух нæ исы фосдарды куыстыл дæр. Дзæвгар сты йе стуртæ æмæ фыстæ дæр æмæ тагъд рæс-тæджы ноджыдæр сæ нымæцыл бафтдзæн, уымæн æмæ райдайдзысты цот кæнын. Нæу æнцон фосдарды куыст дæр, æдзухон хъусдард домы йæ хицауæй, фæлæ Хъабаны фыртæн æххуыс кæнынц йе ‘ртæ фырты. Ис сæм фаг холлæгтæ, æмæ  сæ фос æрвитынц æдыхст зымæгиуат. Уымæй дарддæр ма Хъазбег  архайы хуыдарды къабаз райтынг кæныныл дæр, æмæ сын ам дæр ис æнтыст. Зæххы фадыджы цалдæр азы размæ ныссагъта къуркъаджын æмæ апджын дыргъы талатæ, æмæ сæ иутæ райдыдтой тыллæг дæттын. Иудзырдæй, Хъабанты бинонтæм бирæ хорз фæндтæ ис зæххы æмæ фосдарды къабаз райтынг кæныны хъуыддаджы, æмæ сын бантысæд!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.