АЗЫЛДЫСТЫ АХУЫРАДОН ÆМÆ КУЛЬТУРОН ОБЪЕКТТЫЛ

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй ивгъуыд къуырийы кæрон нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыдысты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы информацион фæрæзты сæргълæуджытæ æмæ журналистты къорд Мыхуыр æмæ масон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæудæй, кæцыйæн разамынд кæны Фидараты Юри.

Журналисттæ уыцы иу боны мидæг азылдысты æмæ бабæрæг кодтой, ахсджиагдæрыл кæй банымадтой æмæ сæ тынгдæр чи цымыдис кодтой,  уыцы бынæттæ æмæ объекттæ.

Сæ кусæгон балцы рæстæджы уыдон бацыдысты Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ. Ам сыл фембæлд æмæ сæ йæхимæ райста университеты ректор Тедеты Вадим. Фембæлды ма университетæй хайад райста Медиа-центры директор, журналист Джиоты Аллæ дæр.

Уазджытимæ фембæлды рæстæджы ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим радзырдта университеты куысты тыххæй, цы уавæрты архайдта Хуссар Ирыстонæн уæззау рæстæджыты æмæ сын ныртæккæ та Уæрæсейы Федерацийы иузæрдион æххуысы руаджы цавæр æнтыстытæ ис, æппæт уыдæтты тыххæй. Тедеты Вадим ма банысан кодта уый, æмæ университет стыр хъусдард кæй здахы хи информацион структурæты рæзтмæ. «Бынæттон республикон телеуынынады фæрцы махæн ис уыцы фадат, цæмæй къуыри иу хатт – алы цыппæрæмы дæр, эфиры уадзæм хуссарирыстойнаг телекæсджытæн нæ бацæттæгонд видеоæрмæджытæ. Афтæ ма æрæджы цæгатирыстойнаг телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы къухдариуæггæнæг Дзабиты Эльбрусимæ нæ къухтæ æрфыстам бадзырдыл, цæмæй æнæаргъæй ЮОГУ-ТВ спутникон телеуынынад «Триколор-ТВ»-йы фæлгæтты уадза нæ бацæттæгонд эфир. Ацы телекомпанийы руаджы мах куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы Федерацийы дæр ссардтам, чи нæм цымыдис кæнынц, уыцы телекæсджыты. Дарддæр дæр архайдзыстæм, цæмæй хуыздæр, ома, æмбæлон æмвæзадыл куыст цæуа ацы фадыджы», – загъта Тедеты Вадим. Уый ма сын радзырдта, арæх ХИПУ-мæ кæй æрхонынц лекцитæ кæсынмæ æмæ мастер-класстæ уадзынмæ Уæрæ-сейæ æмбæлон специалистты. «Ныр дæр университеты фæхуындмæ гæсгæ журналистикæйы факультеты студенттæ æмæ ЮОГУ-ТВ-йы кусджытæн мастер-класстæ ауадзынмæ æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы журналистты цæдисы уæнг Ирина Бреусова. Мах æмбарæм информаци адæттынæн цы стыр нысаниуæг ис æмæ архайдзыстæм, цæмæй ацы хъуыддаг уа æмбæлон æмвæзадыл», – банысан кодта ректор.

Университеты ректор ма йæ ныхасмæ бафтыдта уый, æмæ ныртæккæ журналистикæйы дæсныйад кæй у тынг хъæуæг  æмæ зæгъгæ, журналистикæйы факультет каст чи фæвæййы, уыдонæн куыст ссарыны хъуыддаджы проблемæтæ нæ вæййы. Æгæрыстæмæй ма, зæгъгæ, дыккаг, æртыккаг курсытæй дæр райдайынц кусын бынæттон информацион фæрæзты.

Дарддæр ма Тедеты Вадим цыбыртæй радзырдта университеты историйыл. Фембæлды фæстæ ректор уазджытимæ азылд æмæ сын фенын кодта ног университетон комплексы аудиториты.

Дыууæ Ирыстоны информацион фæрæзты минæвæрттæ сæ фæндаг акодтой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театрыл. Ам та уазджытыл фембæлд театры аивадон къухдариуæггæнæг, режиссер Дзуццаты Тамерлан. Журналисттæн ацы ног бæстыхай дæр фæцис цæстæвæрæнæн.

Дзуццаты Тамерлан театры фойейы журналисттæн, цыбыртæй радзырдта театры сырæзты тыххæй. «Хуссар Ирыстоны фыццаг спектакль æвæрд æрцыдис Дзауы районы скъолайы сценæйыл, кæцыйыл бацархайдта уæды театралон æхсæнад. 1931 азы 29-æм июлы та, раст мæнæ ныртæккæ цы бынаты лæууæм, уым арæзт æмæ баконд æрцыд театр. Стыр хъыгагæн, 2005-æм азы 7-æм апрелы уый басыгъд. 2014-æм азы 7-æм апрелы та бындур æрæвæрдтам ацы ног театры бæстыхайæн æмæ дзы уæдæй нырмæ цæуынц арæзтадон-ифтонггæнæн куыстытæ. Не стыр бæллицц у, цæмæй нæ театр байгом кæнæм рæхджы, 29-æм июлы. Уый та сæрмагондæй дæр баст у аразджыты архайдыл. Театры сезон мах фæнд кæнæм Хетæгкаты Къостайы “Фатимæ”-йы спектаклæй бакæнын», – загъта Дзуццаты Тамерлан. Уый ма куыд радзырдта журналисттæн, афтæмæй театры арæзтады темпытæ фæрæвдздæр сты Президент Бибылты Анатолийы руаджы. Уый, зæгъгæ, арæх абæрæг кæны театры æмæ фены, куыстытæ куыд цæуынц, уый. Дзуццаты Тамерлан ма журналисттæн загъта ног театры бæстыхай æгас Цæгат Кавказы кæй у техникон ифтонгадæй иууыл уникалондæр. Уазджытæ азылдысты æмæ федтой театры бæстыхай æмæ баззадысты иттæг райгондæй.

Уымæй дарддæр ма уазджытæ базонгæ сты Хуссар Ирыстоны национ музейы уникалон экспонаттимæ дæр. Ам сыл фембæлдысты музейы кусджыты сæ директор Зассеты Мерабы сæргълæудæй æмæ сын радзырдтой музейы архайды тыххæй.

Цхуырбаты Ларисæ

 

ФЕМБÆЛД ПАРЛАМЕНТОН КОМИТЕТЫ СÆРДАРИМÆ

Хъарм, хæларадон æмæ кæрæдзиæмбаргæ уавæр-ты уыцы бон уагъд æрцыд фембæлд РХИ-йы Национ политикæ, ахуырад, зонад, религи, дзыллон информацийы фæрæзты хъуыддæгты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Юриимæ. Уый, æгæрыстæмæй, бафиппайдта, нæ цæгаттаг коллегæтимæ хæццæ бадт кæй кодтам, уый.

«Ацы фынджы фарсмæ уазджытæ иу фарс абадынц, фысымтæ – иннæ. Абон хæццæ бадт æркодтам. Уый, æвæццæгæн, зæрдæйæ цæуы», – банысан кодта Юри.

Уæлдай бабуц кæнынæн æрхаста Плиты Грисы ныхæстæ  «Мæ цæстытæ уæ уындæй байдзаг сты», зæгъгæ, æмæ сæ кæрæдзийы уындæй, æцæгдæр, хъуамæ йедзаг кæнæм.

Гæбæраты Юри фембæлды хайадисджыты базонгæ кодта парламентон комитеты куыст æмæ архайдимæ. Дзырдта ирон мыггæгты растфыссынадыл æмæ банысан кодта, кæй хъæуы цæгатирыстойнаг коллегæтимæ иумæ ацы фарстыл бакусын, цæмæй иу хатдзæгмæ æрцæуой. Ныхасгæнæг ма дзырдта периодикон мыхуыр Цæгат Ирыстоны рафыссыны фадæттыл. Ацы хъуыддаг къорд азты размæ бæстон уыд, цæгатирыстойнаг газеткæсджытæн ницы цæлхдуртæ уыд Ирыстоны хуссар хайы мыхуыры фæрæзтæ рафыссынæн.

Цæгат Ирыстоны газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Битарты Маринæ дæр банысан кодта ацы проблемон фарст, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны хабæрттимæ зонгæ кæнынц, æрмæстдæр, интернеты хызæджы руаджы. Æмæ цалынмæ хуссарирыстойнаг мыхуыры фæрæзтæ Уæрæсейы Федерацийы посты каталогмæ хаст æрцæуой, уæдмæ хъуамæ арæм фадæттæ, цæмæй цæгаттаг газеткæсæгæн фадат уа хуссайраг газеттæ исын æмæ кæсынæн.

Гæбæраты Юри ма æхсызгонæй банысан кодта, спутникон антеннæйы руаджы цæгатирыстойнаг канал «Осетия – Ирыстон» дунейы кæй зонгæ кæны Ирыстоны дыууæ хайы æрцæугæ цаутимæ.

Хуссар æмæ цæгаты ирон æвзагыл цы дыууæ ахсджиаг газеттæ цæуы мыхуыры «Хурзæрин» æмæ «Рæстдзинад», уыдонæн традицион уыд афæдз иу хатт сфæлдыстадон фæмбæлдтытæ организаци кæнын. Уыцы фæмбæлдтытæ ахсджиаг уыдысты алыфарсонæй. Æмæ ацы хорз традици сног кæныныл дæр дзырдта парламентон комитеты сæрдар.

Ацы хъуыддаджы фарс рахæцыд Битарты Маринæ дæр, зæгъгæ, уый тынг хорз хъуыддаг уаид. Ацы фембæлд та фæстаг нæу, кæй зæгъын æй хъæуы, разæй ис бирæ иумæйаг мадзæлттæ.

Нæ уацх.

 

ЗÆРДÆБЫН НЫХАС ТЫМБЫЛ ФЫНДЖЫ ФАРСМÆ

Информацион тыгъдады æмгуыстады фадæттыл æруынаффæ кæнын, кæрæдзийы архайдимæ зонгæ кæнынæн Ирыстоны дыууæ хайы информацион фæрæзтæн фадат уыд Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры тымбыл фынджы уæлхъус.

Комитеты сæрдар Хъотайты Мария цæгатирыстойнаг коллегæтæм ахасты банысан кодта, зæгъгæ, ахæм минæварджын делегаци кæй æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, уый нын тынг æхсызгон у. Цы комитетæн разамынад кæны, ууыл 26 азы кæй сæххæст, уый фæдыл сæ ба-зонгæ кодта йæ сырæзты æнæмæнгхъæуындзинад æмæ уæдæй нырмæ йæ архайд æмæ куыстимæ. Уæззау информацион блокадæ атонынæн æнæмæнгхъæуæг уыд ацы комитет саразын, цæмæй дуне базыдтаид чысыл Хуссар Ирыстоны.

РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ массон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Фидараты Юри афтæ радзырдта:

– Абон мах азылдыстæм æмæ федтам Хуссар Ирыстоны фенддагдæр бынæттæ, фæлæ уæддæр сæйрагдæр у адæмы хæлар зæрдæ. Æз Хуссар Ирмæ цал хатты æрцæуын – фæстæмæ аздæхын адæмы хъарм ахасты æнæферохкæнинаг æнкъарæнтимæ, уыдон сты Хуссар Ирыстоны сæйраг хъæздыгдзинад.

Фидарайы фырт зæрдыл æрлæууын кодта уæззау 90-æм азты, уæд, зæгъгæ, махæн иумæ æцæгдæр бантыст информацион блокадæ атонын.

Уый фæндон бахаста, иумиаг информацион тыгъдад саразын, уымæн æмæ нæ кæрæдзийы информацион фæрæзты фаг информаци нæй Ирыстоны дыууæ хайы ‘рдыгæй. Уымæ гæсгæ саразын хъæуы афтæ, цæмæй фаг информаци мыхуыр æмæ æвдыст цæуа.

Йæ хæдивæг Гæбæлаты Мадинæ банысан кодта, сæ балцы нысан ноджыдæр кæй у информацион фадыджы кусджыты иумиаг командæйы системæ биноныг кæнын, журналистты интеграци алыгъуызон мадзæлтты руаджы. Уыцы иумиаг командæ, зæгъгæ, йæ тыхтæ хъуамæ баиу кæна æмæ архайа хъомысджын информацион гуылфæны.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма хъусдард аздахын хъæуы чиныграуагъдады хъуыддагмæ. Июлы мæйы Дзæуджыхъæуы цы форум «Алания-медия» уагъд цæудзæн, уырдæм фæхуыдта хуссарирыстойнаг коллегæты.

Газет «Слово»-йы сæйраг редактор Олисаты Альби-нæйы ныхæстæм гæсгæ газет у фæсивæдон. Ацы газеты фæрстыл вæййы æрмæджытæ Хуссар Ирыстонæй. Фæ-лæ ма уымæн æддейæ фæндон бахаста, цæмæй хуссарирыстойнаг студенттæ практикæйы цæуой ацы газеты.

Цæгат Ирыстоны адæмон газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Битарты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ адæмон уымæн хоны æмæ газет у ирон æвзаг, литературæ, æгъдæуттæ æмæ культурæйы артдзæст. Ацы аз газетыл æххæст кæны 95 азы, уый цыфæнды цæлхдурты сæрты хизгæйæ æмæ историон цаутимæ æмдзугæнгæйæ йæ ном никуы аивта.

Æмгуыстады фæдыл дзургæйæ, Маринæ банысан кодта, кæй баныхас кæндзысты дыууæ Ирыстоны дыууæ сæйраг ирон газетты фæрстыл кæрæдзийæ фылдæр хабæрттæ мыхуыр кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр ма  хъуамæ сног уой «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин»-ы традицион фембæлдтытæ. Планы ма ис терминты растфыссынадыл æрныхас кæнын æмæ ноджы бирæ æн-дæр фарстатæ.

Газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редакторы хæдивæг Александр Торин афтидармæй не ‘рцыд Хуссар Ирыстонмæ. Комитеты сырæзтыл 26 азы цытæн Хъотайты Марияйæн балæвар кодта Хетæгкаты Къостайы райгуырæн хъæу Нары къам. Афтæ ма радзырдта газеты куысты тыххæй. Зæгъгæ, алыгъуызон рубрикæты бын хуссарирыстойнаг журналист Харебаты Батрадзы руа-джы газет информацийæ цух не ‘ййафы.

Бузныджы ныхæстæ æмæ сæ мыхуыры фæрæзты куыст æмæ архайды фæдыл радзырдтой Алагиры районы газет «Заря»-йы сæйраг редактор Суанты Дианæ, газет «Жизнь Правобережья»-йы сæйраг редактор Къомайты Лидæ, газет «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор Дзебойты Регинæ, журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Томайты Сергей, Кировы районы муниципалон газет «Вперед»-ы сæйраг редактор Бесаты Иринæ.

Дунеон информацион агентад «Южная Осетия сегодня»-йы редактор Цхуырбаты Залинæ æхсызгонæй банысан кодта, ацы хæларадон традици дарддæр уагъд кæй цæудзæн.

Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдисы сæрдар Хуссар Ирыстоны æхсæнадон политикон газет «Хурзæрин»-ы æмæ газет «Республика»-йы редактортæ Биазырты Роланд æмæ Хъоцыты Андрей дæр тымбыл фынджы хайадисджытæн радзырдтой сæ дæлбар газетты архайды тыххæй.

Харебаты Батрадз хорзыл банымадта дыууæ ирон газеты фембæлдтытæ сног кæныны фæндон. Уымæй уæлдай ма Цæгат Иры газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Северная Осетия»-йы уыд сæрмагонд уацхæсджытæ хуссарæй. Хорз уаид æмæ ныр дæр дыууæ газетæн куы уаид сæрмагонд уацхæсджытæ.

Иумиагæй сисгæйæ тымбыл фынджы хайадисджытæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ журналисттæй бирæ кæнгæ у, Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хайы цæрджытæ сæхи цæмæй иу æнæхъæн хайæ æнкъарой. Æмæ ам сæйраг хъусдард здæхт æрцыд Ирыстоны дыууæ хайы информацион фæрæзты минæвæртты хисæрмагонд контакттæ бæстон кæнынмæ. Уымæн æмæ афтæмæй нæ æмархайд рахиздзæн бæрзонддæр æмвæзадмæ.

Информацион агентад «Рес»-ы директор Уазæгты Юри дæр рахæцыд ацы хъуыдыты фарс, зæгъгæ, информацион фадыджы кусджытæн сæ бон у, æмæ Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгаты интеграцийы процесс ракæной практикон фæзуатмæ.

Цæгат Ирыстоны Мыхуыр æмæ массон коммуникациты хъуыддæты фæдыл комитеты минæвæртты ныхæстæм гæсгæ план кæнынц проект «Тропами Алании» сæххæст кæнын. Уыцы проект конд уыдзæн информацион æмæ хиирхæфсæн алæвæрдæй,  кæцымæ хаст сты Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгаты цымыдисон бынæтты фæдыл алæвæрдтæ.

Хъотайты Мария, тымбыл фынгæн хатдзæгтæ аразгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, нæ æмгуыстадæн йæ сæйрагдæр здæхтытæ сбæлвырд кодтам. Дарддæр махыл баст у, куыд æй хъæздыгдæр æмæ мидисджындæр кæндзыстæм.

Мадзалы кæрон Фидараты Юри бæстæйы сæргълæууæджы номæй Хетæгкаты Къостайы эксклюзивон рауагъд чиныг балæвар кодта хуссарирыстойнаг æнгæс комитетæн. Йæ коллегæ Хъотайты Марияйы схорзæхджын кодта комитеты Кадджын грамотæйæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.