21-æм марты Мæскуыйы, Кремлы ахсджиаг фембæлд уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд дыууæфарсон ахастыты рæзты перспективæтыл, фыццаджыдæр, дзырд цыд  нæ республикæйæн ахсджиаг фарстытыл, уыдон æмрæнхъ – социалон-экономикон къабазы, афтæ ма нæ республикæйы æввахс рæстæджы цы æвзæрстытæ уагъд цæудзысты, уыдоныл дæр.

Тыбылты Леонид йæ балцы фæстæ бынæттон информацион фæрæзты минæвæрттæн знон ауагъта пресс-конференци, цыран бæстондæрæй йæхæдæг радзырдта фембæлды фæстиуджытыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны архайæг Президент пресс-конференцимæ æрбацыд иттæг хорз зæрдæйы равгимæ æмæ журналисттæн йæ бацæуæн ныхасы афтæ радзырдта:

– Стыр бузныг, абон кæй æрæмбырд стæм, уый тыххæй. Уæ бон хорз, нæ зынаргъ æмбæстæгтæ. Куыд æй зонут, афтæмæй æз цалдæр боны уыдтæн Мæскуыйы æмæ фембæлдтæн Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Владимиры фырт Путинимæ. Куыд зонут, афтæмæй ацы фембæлдмæ нæхи рагæй цæттæ кодтам, æмæ æз абон райгонд дæн, кæй фембæлдыстæм, уый тыххæй. Фæнды мæ, цæмæй уын цыбыртæй радзурон, цæуыл ныхас кодтам Владимир Путинимæ æмæ, сæйраджыдæр зæгъдзынæн, Владимир Владимиры фырт Путин тынг хорз кæй зоны, Хуссар Ирыстоны цы цæуы, уый. Ис æм алыгъуызон информаци дæр. Уый, фыццаджыдæр фæнды Хуссар Ирыстонæн рæсугъддзинад, хорздзинад. Фæнды йæ, цæмæй Хуссар Ирыстонæн абоны онг цы сабыр цард уыд  фæстаг фондз азы дæргъы, ахæм сабыр цард уа, ахæм стабилондзинад дзы уа æвзæрстыты рæстæджы – 9-æм апрелы. Æвзæрстыты кой кæнгæйæ, уæхæдæг æй федтат, Владимир Путин кæй загъта, зæгъгæ, йæ фæнды, цæмæй æвзæрстыты æнтыстытæ уа Тыбылты Леонидæн – Хуссар Ирыстоны архайæг Президентæн. Ацы ныхасыл ма дарддæр куы дзурæм, уæд ма мæ бон у зæгъын æмæ хицæнæй куы бадтыстæм æмæ куы ныхас кодтам Хуссар Ирыстоны фарстытыл, нæ адæмы проблемæтыл, уæд ноджы дæр сфæлхатт кодта уыцы хъуыды, зæгъгæ, фæстаг азты йæм цы информаци цыдис, уый йын æхсызгон кæй у, æмæ Хуссар Ирыстоны кæй уыд  алы  хатт дæр сабырдзинад æмæ стабилондзинад.

Сусæггаг нæу, йæхæдæг Владимир Путин комкоммæ загъта, зæгъгæ, Уæрæсе кæй архайы, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой бæрзонд æмвæзадыл æмæ йæ фæнды, цæмæй æмгуысткæнæнынад адарддæр кæной республикæйы архайæг Президентимæ иумæ.

Банысан кодтам, фондз азы дæргъы нын саразын цы бантыст, уый, ныхас кодтам, цы хъæуы ноджыдæр саразын, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæм сæхи хатой сæрибарæй æмæ уыцы сæрибар царды сæ царды уавæртæ бæрзондæй-бæрзонддæр кæной. Уымæ гæсгæ, æз загътон, Хуссар Ирыстоны 430 объектæй фылдæр арæзт кæй æрцыд фæстаг азты. Уыдон сты: скъолатæ, рынчындæттæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ, культурæйы объекттæ, ног фæндæгты арæзтад, кæцытæ ахсджиаг сты Хуссар Ирыстонæн. Уыцы фæндæгтæ нæ уыдысты фондз азы размæ. Ацы фæндæгты кой куы кæнæм, уæд сын æрмæст экономикон нысаниуæг нæй, фæлæ ма стратегион нысаниуæг дæр. Уыцы фæндæгтæм хауынц Цхинвал-Ленингор, Синагур-Карзманы онг цы фæндæгтæ арæзт æрцыд, уыдон. Ныр та Къуайсамæ фæндаг арæзт кæй цæуы æмæ кæй фæуыдзæн арæзт 2018-æм азы, уыцы фарстытыл дæр ныхас кодтам. Фæндæгтæн стыр нысаниуæг ис, цæмæй хъæууон цард æмæ хъæуты цæрæг адæм сæхи фæхатой ноджыдæр хуыздæр.

Ныхас кодтам, цы хъæуы дарддæр саразын. Уымæн æмæ æз, куыд архайæг Президент, афтæ фондз азмæ арæзт цы ‘рцыдис, уый зонын, фæлæ ма саразын цы нæ бантыст, уыцы проблемæтæ дæр мын зындгонд сты æмæ сыл ныхас кодтон Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы. Арæзт цæуы ног программæтæ æмæ уыдон 2018-2019-æм азтæм хауынц. Æмæ та ацы программæйы дæр уыдзæн фыст, цæмæй Хуссар Ирыстон цы размæцыды фæндагыл рацыд, уыцы фæндаг ноджыдæр адарддæр кæнæм.

Сæйрагдæр, арæзт цы ‘рцыд, уый алчидæр уыны, бындур æвæрд ис сомбонæн æмæ уый фæдыл æз ныхас загътон, кæй дарддæр кæндзыстæм æппæт бакæнинаг куыстытæ. Мæ бон у зæгъон, уыдон мæ аххосæй кæй нæ баззадысты, фæлæ уавæртæ ис, кæд æхцайы фæрæзтæ не сфаг сты, уæддæр. Ног программæтæн ног æхцайы фæрæзтæ агуырд цæуы æмæ Стыр Уæрæсейæ æххуыс ноджы дарддæр цæудзæнис æмæ мах, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы программæтыл кусдзыстæм цæмæй, размæцыды этапмæ рахизæм. Уый уыдзæнис хъæууон хæдзарады царды, сæудæджерады,  экономикæйы реалон секторы    сырæзты фарстыты фæдыл. Йæ куыст адарддæр кæндзæн Инвестицион агентад, кæцы арæзт æрцыд Уæрæсейы æртæ банчы бындурыл æмæ нæ бизнесментæ, амалиуæггæнджытæн сæ бон уыдзæн  банкы системæйы кредиты æгъдæуттæн дзуапп дæттын. Йæ бон кæмæн уа, уыдон ног объекттæ, ног хæдзарадон хъуыддæгтæ араздзысты Хуссар Ирыстоны территорийыл. Мæнмæ афтæ кæсы æмæ фондз азы дæргъы мах иу ран нæ лæууыдыстæм. Уыцы куыстæн æрмæст мæхæдæг нæ аргъ кæнын. Мах цы куыст бакодтам, уымæн стыр аргъ æрцыд  Уæрæсейы ‘рдыгæй нæм чи  æрцæуы, уыцы эксперттæ æмæ политологты ‘рдыгæй дæр. Уыдон ацы фæстаг фондз азæн цы аргъ скодтой, уый бындурыл ноджыдæр цы арæзт æрцæудзæн, уый фидаргонд æрцæудзæн ног инвестицион программæйы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ацы инвестпрограммæтæ хорз сты, фæлæ мах хъуамæ кусæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны аразæм уыййас, æмæ дзы уа сабырдзинад. Æмæ инвестор чи у, уый макуы базивæг кæна Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын. Цæмæй инвестор æмæ инвестицитæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæуой, уый тыххæй, сæйраджыдæр, хъæуы, цæмæй уа стабилондзинад æмæ сабырдзинад нæ республикæйы. Уымæй мах равдисдзыстæм    Хуссар Ирыстоны кæй ис кусæн.

Куыд зонут, афтæмæй абон ис бирæ хъуыдытæ хицæн æмæ хицæн инвестортæй, кæцытæ цæттæ сты Хуссар Ирыстонмæ æрцæуынмæ. Уый та нысан кæны, мах кæй фæтых уыдзыстæм бирæ уæззау фарстытыл, куыд зæгъæм: куысты бынæттæ кæмæн нæй, уыдонæн куысты бынæттæ ссарын, цæмæй уыцы куыстытæй мызд исой æмæ дарой сæ бинонты. Æппæт ацы фарстыты фæдыл уыд ныхас фембæлды рæстæджы.

Фембæлды ма мах стыр хъусдард аздæхтам Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн цы ахастытæ ис, уыдонмæ. Нæ хъуыды уыд, зæгъгæ, уыцы хæларадон ахастытæ ноджы тыхджынæй-тыхджындæр хъуамæ кæнæм ног цæвиттонтæй, ома, цæмæй баххæст кæнæм, цы сразыдзинæдтæ æмæ бадзырдтæ ис не ‘хсæн, уыдон. Ацы фарстытыл дæр нæм бирæ ныхас æрцыд  æмæ, мæнæ, фæстаг рæстæджы цы бадзырды кой кæнæм, зæгъгæ, 2015-æм азы 18-æм марты цы Бадзырд бафыст æрцыд дыууæ президенты æхсæнахастытæ сфидар кæныны тыххæй, уыцы Бадзырдыл дæр ныхас цыд.  Ныхас кодтам, зæгъгæ, цы арæзт æрцыдис бадзырды фæлгæтты æмæ йын фехъусын кодтон, зæгъгæ, Бадзырд кæронмæ фæхæццæ кæны æмæ ма нын баззадис æртæ сразыдзинады бафыссын, кæцытæ Бадзырд баххæст кæндзысты. Сæ иу у, не ’фсæддон ведомствойы æмæ Уæрæсейы æфсæддон ведомствойы ‘хсæн цы ахастытæ хъуамæ сырæза Бадзырды фæлгæтты, уый. Уыцы гæххæтт ныридæгæн цæттæ у, æрмæстдæр æнхъæлмæ кæсæм, Уæрæсейæ нæм кæд фæдзурдзысты æмæ ацы бадзырдыл къух фыст кæд æрцæудзæн, уымæ.

Æз, куыд Президент, афтæ мын 2012-æм азы Уæрæсейы Федерацийы Президентимæ официалон фембæлд куы уыд, уæд цы хъуыдытæ уыдис нæ Хъахъхъæнынады министрадмæ, ома, хъуамæ къаддæргонд æрцыдаид не ‘фсад æмæ ма нæм хъуамæ баззадаид 250 æфсæддоны. Уыцы рæстæджы Уæрæсейы æфсæддон ведомствойы хистæр уыд А. Сердюков æмæ йын нæ республикæйы уæды къухдариуæггæнджытæ сразы сты, цæмæй не ‘фсады нымæц фæкъаддæр уыдаид.Фæлæ 2012-æм азы 24-æм октябры Путинимæ нæ фембæлды рæстæджы мах баныхас кодтам, цæмæй не ‘фсад ма фæкъаддæр уа. Абон цы куыст цæуы, уый та цæуы, цæмæй не ‘фсады гъæд фæхуыздæр уа, цæмæй ацы Бадзырдмæ гæсгæ не ‘фсадæй бакæной ахæмтæ, кæцытæ дзуапп ратдзысты Уæрæсейы æфсадмæ бацæугæйæ æмæ æххæст кæндзысты цы домындзинæдтæ дзы ис, уыдон. Æмæ афтæмæй 100-150 адæймаджы не ‘фсадæй хъуамæ бацæуой 4-æм æфсæддон базæмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уырдæм сæ чи бахиза, уыцы æфсæддонтæн уыдзæн, Уæрæсейы æфсæддонтæн цы мызд ис, ахæм мызд æмæ Уæрæсейы æфсæддонтæн цы льготæтæ ис, уыдонæй дæр пайда кæндзысты. Мах æппæт дæр араздзыстæм нæ хъахъхъæнджытæн, араздзыстæм сын алыхуызон фадæттæ дæр, цæмæй Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад йæ тыхы уа æмæ куы бахъæуа, уæд æххæст кæна, йæ разы цы хæстæ ис, уыдон.

Мах ма ныхас кодтам, нæ Мидхъуыддæгты министрады фæдыл нæм цы Бадзырд арæзт хъуамæ æрцæуа, ууыл дæр. Уый дæр æввахс рæстæджы арæзт æрцæудзæнис. Нæ министрады чидæриддæр кусы, уыдонæн сæ мыздтæ бæрзонддæр кæндзысты, йæ материалон-техникон базæ хъæздыгæй хъæздыгдæр кæндзæн æмæ нæ министрад ноджы тыхджындæр уыдзæн Уæрæсейы фæрцы.

Путинимæ фембæлды размæ мæм ‘рбацыдис, махмæ цы хуыйæн фабрикæ БТК-4 кусы, уый гендиректор Георгий Грачев. Æз æм бахатыдтæн, цæмæй ацы холдингы закъазты нымæц ма фæкъаддæр уа. 2013-æм азæй фæстæмæ ацы фабрикæ кусы Боллоты Таймуразы фæрцы, йæ цæрæнбон бирæ. Уый фæрцы абон махмæ фабрикæйы кусы 500 адæймагæй фылдæр æмæ исынц хорз мызд. Фæнды мæ, цæмæй ацы куыстуат куыстхъом уа æмæ нырмæ цы закъазтæ истой, уыдон дарддæр дæр исой.

Æз Путинимæ ныхас кодтон, æрмæстдæр Хуссар Ирыстоны адæм куыд æмæ цы уавæрты хъуамæ цæрой, уыцы фарстытыл дæр æмæ мын ныфс бавæрдта.

Экономикæйы хъуыддæгты фæдыл нæм Хуссар Ирыстоны цы нывæстытæ ис, уыдонæй сæ иу – æрдзон газы фарст куыд фæхæццæ уыдзæнис нæ республикæйы хъæутæм. Уый тыххæй дæр дзырд цыдис Владимир Путинимæ. Лæмбынæг мæм байхъуыста æмæ уæд дæр йæ ныхас загъта «Газпром»-ы хистæр А. Миллер. Уæд æрцыдис арæзт генералон схемæ, сфидар æй кодтам. Æмæ ныр та архайæм, цæмæй фæрæвдздæр кæнæм ацы фарст, цæмæй æввахс рæстæджыты ацы куыстытæ Хуссар Ирыстоны территорийыл райдайой. Æнхъæлмæ кæсдзыстæм æввахс рæстæджы, цæмæй «Газпром» æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн æмгуысткæнынады фæдыл программæйыл куыст æрцæуа, æмæ уыцы программæмæ гæсгæ 2019-æм азмæ æрдзон газæй ифтонг æрцæуой 123 хъæуы Хуссар Ирыстоны. Уый уыдзæнис Цхинвал, Дзау, Ленингор, Знауыры районты, Къуайсайы – æнæмæнгæй. Ацы фарстæн стыр нысаниуæг ис нæ царды, у ахсджиаг. Уымæн æмæ нæ адæм пайда кæнынц сугæй, уый та æвзæрæрдæм æндавы нæ экологи æмæ æрдзыл.

Мах ахæм фарстмæ дæр бавнæлдтам, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цы куыстытæ æрцыдис, уыцы куыстытæн йæ рæстæджы цы документтæм гæсгæ фыст æрцыдаид æхцайы фæрæзтæ, уыдон арæзт кæй не ‘рцыдысты. Бирæ йыл ныхас кодтам кæй аххосæй, кæцы азæй нæм фæзындысты уыцы хæстæ. Уæрæсейы министрадты куыст цæуы, цæмæй ацы куыстытæн аргъгонд æрцæуа æмæ уæд Уæрæсе цæттæ у, зæгъгæ, баххуыс кæнæм уыцы адæймæгтæн, уæлдайдæр та, ам махмæ сайды чи бахаудта, кæцытæ мызд нæ райстой æмæ сайд æрцыдысты хицæн æмæ хицæн подрядон организациты хистæртæй. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæйы территорийыл нæ цæрынц, фæлæ Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр къуымты Цæгат Ирыстонæй райдайгæйæ, суанг Челябинскы онг. Ацы фарстытæм ноджыдæр лæмбынæгæй кæй æркæсдзысты нæ уæрæсейаг коллегæтæ, ууыл æз æууæндын.

Фæстаг рæстæджы Президенты номыл арæх æрбацæуынц куырдиæттæ нæ адæмæй, кæцытæ йæ рæстæджы сæ уæлæ автотранспортон иуæгтæ сфидар кодтой, æмæ цæмæй Хуссар Ирыстоны цы автотранспорт регистрацигонд æрцыдысты, уыдон Уæрæсейы территоримæ бахизой, уый тыххæй сæ исынц хъалон. Цыдæр рæстæджы Уæрæсейы тыгъдады вæййынц æмæ сæ рæстæг куы ‘рцæуы, уæд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн арæныл рæстæгыл куынæ рахизынц, уæд сæ фæивар кæнынц. Ацы хъуыддаг бирæтæм сæвзæрын кодта æнæразыдзинад.

Ацы фарсты фæдыл дæр сарæзтон хицæн куырдиат йæ номыл æмæ йыл мæхи цур сæвæрдта резолюци, цæмæй кæмæ хауы, уыдон æй сахуыр кæной æмæ райсой мадзæлттæ, иудзырдæй, сæ фарст скъуыддзаг кæнынмæ сын бавнæлдтам.

Ацы фарстытæ скъуыддзаг кæй цæуынц æрмæстдæр ахæм æмвæзадыл, уый хъуамæ алчи  дæр æмбара.

Фембæлды рæстæджы не ‘хсæн уыдис хъарм ахастытæ, кæрæдзиæмбарынад, кæцы нын у рагæй.

Ацы фембæлд нæ ноджы тынгдæр æрбангом кодта æмæ нæм цы мидæггагон политикæ цæуы, уыцы политикæ архайæг Президентыл баст у, æмæ уыцы политикæйыл разы дæр у. Махæн нæ бон хъуамæ уаид абарын, знон цы уыдис, æмæ абон та куыд у, уый.

Уæрæсе нын нæ цард хорз кæй æмбарынц æмæ нæм хорз цæстæй кæй кæсынц, уый тыххæй сын æз алы хатт  дæр зæгъын стыр бузныджы ныхæстæ. Бузныджы ныхæстæ загътон æппæт нæ адæмы номæй Владимир Путинæн, йæ хъарм ахасты тыххæй нæ адæммæ æмæ нæ рæсугъд сомбоны тыххæй. Мах архайдзыстæм ноджыдæр, цæмæй нæ адæмæн уа хуыздæр сæ цард æмæ сæрибарæй хатой сæхи. Кæрæдзи æмбаргæйæ та махæн нæ сомбон уыдзæн хуыздæр æмæ размæцыддæр.

Тыбылты Леонид ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Мæскуыйы фембæлд ирон диаспорæйы минæвæрттимæ дæр парти «Иууон Уæрæсе»-йы генералон нымæрдар Сергей Неверовимæ, кæцы рахæцыд нæ республикæйы стабилон, сабыр уавæры фарс. Геннади Зюгановимæ фембæлд дæр  ацыд хъарм æмбаргæ уавæрты. Уыцы фембæлды ма хайад райстой не ‘мзæххонтæ Тайсайты Хъазбег, Гæззаты Валери æмæ æндæртæ. Мæскуыйы ирон диаспорæ дæр тæрхон скодта, нæ бæстæйы уавæр дестабилизаци кæныныл чи архайы, уыдоныл.

Владимир Путинимæ фембæлдтытæй  кæцы банымайæн ис нысаниуæгджындæрыл? Ацы фарсты фæдыл бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 70 азы юбилейон боны цытæн фембæлд, 2012 азы октябры мæйы фембæлд æмæ йæ фæстаг фембæлд. Иумæйагæй сисгæйæ, Путинимæ фембæлдтытæ сты нысаниуæгджын æмæ ахсджиаг.

Паддзахады ном аивыны фæдыл референдумы нысаниуæг нæ æмбæстæгтæй бирæтæ бæстон кæй не ‘мбарынц, уый тыххæй Президент афтæ радзырдта:

«Фæзынд нæм ахæм хъуыды, цæмæй нæ историон ном раздахæм. Мах рагæй дзурæм алантæ стæм æмæ уыцы фæндон хъуамæ сæххæст кæнæм референдумы руаджы. Æмæ æз дæн уыцы хъуыддагыл хæст, цæмæй Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном раздахæм. Бирæ хъуыдытæ æмбырд цыд ацы фарсты фæдыл, æгæрыстæмæй, Турчы ирæттæй дæр. Ирыстоны историон ном раздахынæй махæн фадат уыдзæн нæ размæцыдæн», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Президентон æвзæрстытæ сабыр, стабилон уавæрты ауадзыны фарсты фæдыл Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, ис бафæлвæрдтытæ уавæр фæвазыгджын кæнын æвзæрстыты агъоммæ. «Æз тæрхон кæнын, уыцы æнæзакъонон архайдтытæ чи кæны, уыдоныл.

Æвзæрстыты агъоммæ кампани цалынмæ нæ райдыдта, уæдмæ æз сидт сарæзтон адæммæ æмæ ацы политикон хъуыддæгты хайад чи исдзæн, уыдонмæ, цæмæй æвзæрстытæм æрбацæуæм сабыр уавæрты. Цæмæй адæм уыцы аккаг кандидатты æхсæн равзарой аккагдæры. Уымæ гæсгæ мах цæттæ стæм бадзырдтытæ уадзынмæ, цæмæй сабырæй бæстон кæнæм сæвзæргæ уавæры фæдыл фарстытæ.

Ныртæккæ Кокойты Эдуард æмæ йæ фарсхæцджытимæ кусынц бæстæйы æххæсткæнынадон органтæ. Ныфс мæ ис æмæ кæй бамбардзысты, ахæм хуызы хъуыддæгтæн бæстонгæнæн нæй, халынц закъон æмæ æмбæстæгты æдасдзинад», – дзырдта уый.

Тыбылты Леонид ахæм архайд ноджыдæр банымадта æнæрастыл, уымæн æмæ Уæрæсеимæ нæ архайдтытæ ныртæккæ сты бæрзонд æмвæзадыл æмæ æхсæнадон тæссагдзинад æвзæрын кæныны бар никæмæн ис. Араздзыстæм æппæт дæр, цæмæй æвзæрстытæм бацæуæм сабыр уавæрты.

Информацион фæрæзтæм цымыдисдзинад сæвзæрын кодта президентон æвзæрстыты фæстæ кадрон ивддзинæдтæ уагъд цæудзæн æви нæ?

Тыбылты Леонид куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыдзæн серьезон кадрон ивддзинæдтæ. Ацы ран бæстæйы сæргълæууæг хъусдард аздæхта фæсивæды потенциалмæ. Уыдон, зæгъгæ, хуынд æрцæудзысты кусынмæ æххæсткæнынадон къухдариуæгадмæ æмæ æндæр бынæттæм. Республикæ ног фондз азы кусдзæн ног командæимæ, адæм куы равзарой архайæг президенты дыккаг хатт, уæд.

Кадрон ивддзинæдтæ уагъд æрцæудзæн æмткæй республикæйы территорийыл.

Дыууæ бæстæйы президентты фембæлды егъау нысаниуæг æвдыст цыд куыд бынæттон, афтæ Уæрæсейы информацион фæрæзты руаджы.

Владимир Путинимæ фембæлды фæстæ цахæм хъуыдытимæ рацыд Президент Тыбылты Леонид. Ацы фарстæн бæстæйы сæргълæууæг афтæ сдзуапп кодта: «Уæрæсейы æргом æмæ æнгом ахастытæн мах стыр аргъ кæнæм, æмæ сæ ма хъуамæ фегад кæнæм. Уымæй дæр Владимир Путины хъарм ахаст æмæ уый фæстæ информацион фæрæзты раз йæ аудгæ ныхас Ирыстоны тыххæй. Уыцы арфæтæ уыдысты фидæны куыст адарддæр кæныны нысанæн»,- дзырдта Президент.

Уæрæсейы Президентимæ Сæйраг бадзырдыл дзырд куы цæуа, уæд Тыбылты Леонид банысан кодта æртæ здæхты.  Уыдон сты: «Хъахъхъæнынады иунæг контурыл куыст, Мидхъуыддæгты министрады куыстмызд этапгай фæфылдæр кæнын æмæ материалон-техникон ифтонгад фæхуыздæр кæнын. Æмæ ма ноджы, нæ æмбæстæгтæй Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ чи сты, уыдон фæдзæхстад кæнын. Ома, Уæрæсейы территоримæ йæ æнæниздзинад фæхуыздæр кæнынмæ чи цæуы, уыцы категорийы æмбæстæгтæ», – банысан кодта Президент. Бадзырды иннæ дæлпункттæ архайынц ныридæгæн.

Пресс-конференцийы студентон фæсивæд дæр хайад кæй райстой, уымæ гæсгæ уыдонæн дæр фадат уыд сæ цымыдисгæнæг фарстатæ радтынæн. Уыдон бацымыдис кодтой, зæгъгæ, фондз азы университеты ахуыргæнгæйæ сын вæййы практикон курс дæр. Нæй гæнæн æмæ уыцы практикæ хицауады куыстимæ баст уа?

Президент банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ цы ахсджиаг политикон фæндагыл лæуд стæм, уый уал сæххæст кæнæм æмæ сæ уæд æхсызгонæй æрбахондзысты.

Фæстаг рæстæджы республикæйы къухдариуæгад стыр хъусдард здахы, фæсивæд сæ æнцойад кæм æрвитой, уыцы уавæртæ саразыныл, зæгъæм, «Спорт в шаговой доступности», план цæуы хæххон къахкъæлæтты курорт саразын æмæ æнд. Дарддæр цахæм уавæртæ арæзт цæудзæн нæ республикæйы фæсивæдæн, уый фæдыл Президент банысан кодта, ацы фарст серьезон, вазыгджын кæй у. Бирæ ахсджиаг объектты æмрæнхъ арæзт цæуы университетон комплекс. Уый бирæбæрцæй фæахъаз уыдзæн нæ æвзонг фæлтæрæн хорз æмæ нырыккон уавæрты ахуыры бæрзæндтæм хизынæн.

Тыбылты Леонид спорты фæдыл дзургæйæ банысан кодта, уый кæй у æнæниз фæлтæр хъомыл кæныны нысан. Хæххон къахкъæлæтты курорт саразын та уыд нæ бæллиц. Президент йæ ныхас дарддæргæнгæйæ, банысан кодта, кæй ма хъуыды кæнынц туризмы фадыджы фарст аскъуыддзаг кæныныл дæр.

Уымæй дарддæр ахсджиагыл банымадта, æвзонг фæлтæр афоныл бинонты кой  кæй хъуамæ бакæна, уый дæр. Уыдонæн та хъуамæ уа цæрæн хæдзæрттæ. Резервон фондæй уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, ифтонг хъуамæ цæуой цæрæн бынæттæй. Цы ног программæтыл цæуы куыст, уыдонмæ гæсгæ 16-20 хатæнон хæдзæрттæ арæзт цæудзæн горæты территорийыл. Уыдон арæзт цæудзысты фæсивæды тыххæй.

Дарддæр ма банысан кодта, студентон фæсивæды минæвæрттæ къорд проекттæ кæй бавдисынц хицауадмæ. Уыдонæн рахицæн æрцæудзæн фæрæзтæ президентон фондæй æмæ цадæггай, фæлæ реализаци цæудзысты. Афтæ сæ фарсмæ, зæгъгæ, лæу-дзыстæм, уымæн æмæ нæ фидæн нæ фæсивæд сты æмæ æппæт дæр сæ къухты ис.

Президентмæ ма лæвæрд æрцыд ахæм фарст – 2012 азы президентон æвзæрстыты уæлахизы фæстæ дæ командæмæ æрбахуыдтай дæ оппонент Санахъоты Дауыты. Ныр радон хатт адæм се ‘ууæнк архайæг Президентыл куы бафтауой, уæд та куыд уыдзæн хъуыдда? Тыбылты Леониды дзуапп уыд ахæм, зæгъгæ, æз цæттæ дæн алкæимæ дæр æмгуыстадмæ.

Нæ бæстæйы историон ном раздахынæй дарддæр ма хъуамæ сæндидзын кæнæм нæ фыдæлты культурон бынтæ. Ацы хъуыдыйы фарс рахæцыд Тыбылты Леонид дæр. Референдум ауадзын у райдиан, уый фæстæ хъуамæ æрæвналæм æрмæст уыцы бынтæ бахъахъхъæнынмæ нæ, фæлæ нæ традицитæ, æгъдæуттæ æмæ нæ хъæздыг æвзаг бахъахъхъæнынмæ дæр. Уыдон, зæгъгæ, се ‘ппæт дæр сты уыцы æууæлтæ, уыдон хъуагдзинадæй Алани хуыйнæм, уый фаг нæу. Ацы номы бын мах цæудзыстæм размæ æмæ размæ кæндзыстæм паддзахиуæгад.

Телеуынынады сигнал фæхъомысджындæр кæнын кæй хъæуы, уый æнæмæнг у. Уымæн æмæ нырма республикæйы алы къуыммæ нæ хæццæ кæны бынæттон телеуынынады сигнал. Уымæй дарддæр ма не ‘мбæстæгты тыхсын кæны интернет-бастдзинады фарст дæр. Уый фæдыл Президент афтæ радзырдта, зæгъгæ, йæ рæстæджы бастдзинады фадыджы раздæры къухдариуæггæнæг Хъоцыты Валери цы финансон фæрæзтæ давта нæ республикæйæ, уыдон хъуамæ фæстæмæ раздаха æмæ хардз æрцæудзысты бастдзинад фæхуыздæр кæныныл. Йæ хъуыддæгтæ хицауады раз æрбæстон кæныны йын фæзынд сæрылхæцджытæ дæр, фæлæ республикæйы Прокуратурæ закъонмæ гæсгæ архайдзæн. Цæмæй бастдзинад æххæстхъомысадæй куса, уый фæдыл бюджетмæ 2016 азы хаст æрцыд хицæн пункт  бастдзинадæн фæрæзтæ рахицæн кæныны фæдыл. Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уæд уый сæ уæлныхты систой Парламенты «Иугонд Ирыстон»-ы минæвæрттæ. Мах, зæгъгæ, уыцы хъуыддагыл нæ разы кæнæм, хъæуы цифрæйон телеуынынады системæмæ рахизын. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй арæзт ницы æрцыд , уый нæ, фæлæ фæстæмæ алæууыд.

Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны йæ тæмæны ис мыггаджы мæсгуытæ амайыны хъуыддаг. Уый Президент хорз хъуыддагыл банымадта, æмæ ма банысан кодта, тагъд рæстæджы кæй райдайдзысты амайын ирон мæсыг, уый уыдзæн ирон адæмы царды историйы æвдисæн æмæ культурон цыртдзæвæн. Амад æрцæудзæн нæ республикæмæ æрбацæуæнты. Уæд нæ традицитæ, нæ æгъдæуттæ бæрзондæй-бæрзонддæр кæндзысты. Инвестицион программæйы фæлгæтты ивгъуыд аз 10 милуан сомы бæрц фæрæзтæ хардз æрцыд Ирыстоны дзуæрттæ схæрзарæзт кæныныл. Уыцы куыст дарддæр цæудзæн.

Инвестицион хъуыддæгтыл дзургæйæ, Президент банысан кодта, кæй сын хъæуы уавæртæ аразын. Æрмæст физикон нæ, фæлæ юридикон æгъдауæй дæр куыст цæудзæн инвестортæ æрхоныныл æмæ сын уавæртæ аразыныл.

Кæй зæгъын æй хъæуы, информацион фæрæзты минæвæрттæ цымыдис кодтой куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны фарстмæ. Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарстыл куыст цæуы Финансты министрады. Бюджетон фадыджы кусджыты куыстмызд фæфылдæр план цæуы 2017 азы 1 январæй, куыд æмæ цас проценты, ууыл лæмбынæг куыстæуы æмæ 2018 азмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл куыстмыздтæ æрæмных уыдзысты Цæгат Кавказы Федералон зылды бюджетон куыстмыздты бæрцмæ.

Бæстæйы сæргълæууæг дарддæр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстонæн стыр аргъ ис. Республикæйы къухдариуæгады куыст здæхт уыд уымæ, цæмæй нæ адæмæн хорз уавæртæ цæуа арæзт. Хуссар Ирыстоныл стыр æууæнк ис, куыд  Владимир Путин, афтæ иннæ къухдариуæггæнджыты ‘рдыгæй дæр. Уыдоны фæндон у, цæмæй Хуссар Ирыстоны дзыллæ сæрибар, фæтк æмæ дисциплинæйы уавæрты цæра.

Тыбылты Леонид ноджыдæр банысан кодта президентон æвзæрстыты агъоммæ Владимир Путинимæ фембæлды бæрзонд нысаниуæг.

Цхуырбаты Л.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.