Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы лидерты баныхæстæ æвдисæн сты дыу-уæварсон ахастыты гъæдæн æмæ ахъаз уыдзысты дыууæ бæстæйы стратегион партнердзинады æппæт комплексæн, дыууæ паддзахады интеграцийæн.

Уый тыххæй радзырдта ХИПУ-йы политологи æмæ социологийы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Хъуылымбегты Линæ, Гаглойты Алан æмæ Владимир Путины фембæлды тыххæй комментарийы рæстæджы.

Политолог банысан кодта Хуссар Ирыстоны экономикæйы æмбæлон æмвæзадмæ ракæнынмæ тырнындзинад.

«Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзт фæцырддæр кæнынæн ахсджиаг нысаниуæг ис. Инвестортæ æрбахоныны тыххæй саразын хъæуы уавæртæ, хъæууон хæдзарады йæ къахыл слæууын кæнын хъæуы, кусæн бынæттæ фæфылдæр хъæуы. Экономикæйы рæзтимæ баст у æхсæнады фæрныгады рæзт, цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын», — банысан кодта уый.

Хъуылымбегты Линæ зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, фембæлды рæстæджы сæйраг хъусдард аздæхтæуыд Хуссар Ирыстоны районты газификацийы проблемæмæ, афтæ ма, йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахъаз кæндзæн экономикон рæзтæн.

«Раразмæ æрцыд Хуссар Ирыстоны æдасдзинады ифтонг кæнын фарст, уый уæлдай актуалон у регионы ныры уавæры. Бирæ азты дæргъы Уæрæсейы Федераци гарант у Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн», — загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.