Æрæджы, нæ республикæйы скъоладзау фæсивæд, хайад райстой Æрыгон æмфыдыбæстæйонты V-æм дунеон хъæзтыты, кæцытæ уагъд цыдысты 31-æм майæ 6-æм июнмæ Уæрæсейы Федерацийы горæт Ханты-Мансийскы. Ацы хъæзтыты хайад райстой дунейы 60 бæстæйы фæсивæды минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг командæйы сконды уыдис дæс адæймаджы. Уыдон хайад истой ленк кæныны, шахмæттæ æмæ стъолы теннисы хъæзтыты, афтæ ма интеллектуалон хъазт «Диалоги на русском»-ы дæр, æмæ дзы бацахстой фыццаг бынат.

Сывæллæтты ацы балцмæ срæвдз кодта Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварад, Президент Бибылты Анатолийы финансон æххуысы руаджы. Æрыгон æмфыдыбæстæйонты V-æм дунеон хъæзтыты организатортæ уыдысты Уæрæсейы Федерацийы Ахуырад æмæ Культурæйы министрадтæ æмæ парти «Единая Россия».

Хуссарирыстойнаг скъоладзау фæсивæдæн Æрыгон æмфыдыбæстæйонты V-æм дунеон хъæзтыты хорз æнтыстытæ кæй уыдис, уый тыххæй сыл цытджын æгъдауæй «Россотрудничество»-йы минæварады, арфæйы ныхæстимæ æмбæлдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ «Россотрудничество»-йы къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов.

Бæрæг куыд у, афтæмæй хуссарирыстойнаг фæсивæд ацы хъæзтыты командон хыгъды бацахстой 5-æм бынат, афтæ ма систы уæлахиздзаутæ æндæр хицæн номинациты дæр. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр æхсызгондзинад æрхаста куыд сæхицæн сывæллæттæн æмæ сæ ныййарджытæн, афтæ сæ ахуыргæнджытæн æмæ æхсæнадæн дæр.

Президент Бибылты Анатолийæн Цытджын фембæлды фæсивæды ног формæйы тыххæй арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта РХИ-йы Шахмæтты федерацийы президент Саулохты Георги. Уый радзырдта, сæ балцы рæстæджы йæм цы тæлмæнтæ сæвзæрд æмæ куыд райгондæй баззадысты, уыдæтты тыххæй. «Ацы формæйы руаджы, ома, ирон триколоры хуызтимæ, махæн нæ командæ кæддæриддæр хауд цæсты, уыдысты тынг рæсугъд æмæ-иу сæ уайтагъд базыдтой. Адæм-иу нæм бацыдысты æмæ-иу нæ æрфарстой, кæцæй стæм, уымæй. Тынг хорз нæ суазæг кодтой Ханты-Мансийскы уæвæг ирæттæ дæр, барæвдыдтой сывæллæтты», – загъта Саулохты фырт. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй сæм сæрмагонд хъусдард здæхт уыдис ацы горæты ирон диаспорæйы хистæр Абайты Валерийы ‘рдыгæй. «Мах æй зыдтам, Анатоли Ильяйы фырт, кæй фæдзырдтай Ханты-Мансийскы горæты ирон диаспорæйы хистæрмæ, цæмæй нæ фарсмæ æрбалæууыдаид æмæ нæм хъусдард уыдаид. Махæн ма тынг æхсызгон уыдис, шахмæтты турнирæй комкоммæ сымахмæ кæй æрвыстой нæ командæйы хайадисджыты къамтæ, уый дæр», – загъта Саулохты Георги. Уый ма йæ раныхасы банысан кодта æндæр командæты æмрæнхъ ахæм уæрæхмасштабон мадзалы хуссарирыстойнаг командæйы æнтыстыт. «Уырыссаг æвзаджы конкурсы фарстытæ лæвæрд цыдысты Уæрæсейы истори, культурæ æмæ спортæй, кæцытæн нæ командæйы хайадисджытæ тынг хорз сдзуапп кодтой æмæ жюрийы тæрхонмæ гæсгæ систы конкурсы уæлахиздзаутæ. Уый фехъусгæйæ, командæйы цинæн кæрон дæр нал уыд æмæ баззадысты райгондæй. Уымæй дарддæр ма номинаци «иууыл рæсугъддæр шахматон парти»-йы фыццаг бынат радтой нæ командæйы хайадисæг Цоциты Батрадзæн», – цины æнкъарæнтимæ дзырдта Саулохты Георги.

Нæ республикæйы «Россотрудничество»-йы къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов дæр йæ раныхасы банысан кодта, хуссарирыстойнаг командæ кæй уыдис хорз цæттæ, стæй уæлахизтæм кæй тырныдтой æмæ сын сæ  уагахастæй дæр кæй раппæлыдысты, уый. «Нæ командæйы хайадисджытæ уырыссаг æвзаджы конкурсы алы номинацийы дæр систы абсолютон уæлахиздзаутæ æмæ сын мах дæр цин кæнæм се стыр циныл», – банысан кодта Скворцов.

Президент Бибылты Анатоли арфæйы ныхæстæ загъта сывæллæттæн сæ хорз æнтыстыты тыххæй, æмæ сын йæ цæст бауарзта ноджы фылдæр æнтыстытæ сæ ахуыры размæцыды хъуыддаджы. «Ахæм стыр ерысты æнтыстджынæй басгуыхын у æцæг стыр уæлахиз. Мах сæрыстыр стæм сымахæй уæ хорз фæстиуджыты руаджы. Сымах канд культурæ æмæ спортмæ ‘взыгъддзинад, стæй зонындзинæдтæ нæ равдыстат, фæлæ ма фенын кодтат уе ‘гъдау, хисæрмагонд дисциплинæ æмæ хорз цæттæдзинад дæр», – банысан кодта Президент.

Нæ республикæйы сæргълæууæг ма банысан кодта уый дæр, 2019 аз хъæздыг кæй у конкурсты æмæ чемпионаты æнтыстытæй. «Махæн æхсызгон сты нæ гимнастты æмæ Степанакерты CONIFA-йы эгидæйы бын Европæйы чемпионаты финалон хъазты нæ футболон командæйы уæлахизтæ. Нæ командæ турниры йæхи равдыста тынг хорз æмæ уымæй махæн дæр æрхастой циндзинад. Уæлахиз ма нын æрхаста не скъоладзау чызг, æхсæнадæмон конкурс «Ай да Пушкин!»-æй дæр æмæ се ‘ппæтæн дæр зæгъын арфæйы ныхæстæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.