3-æм декабры æппæт дунейы бæрæг кæнынц сахъатджын адæмы бон. Тæригъæдмæ сæ ничи ‘нхъæлмæ кæсы. Иннæ адæмы ‘мрæнхъ лæууынц. Сæхи алыхуызон дæсныйæдты фæлварынц, кæцыдæртæ та сæ спорты бæрзонддæр къæпхæнтæм тырнынц.

Ацы бон нысан цæуы, Генералон Ассамблея уый фæдыл 1992 азы резолюци куы сфидар кодта, уыцы бонæй фæстæмæ. Уыимæ иумæ æрсидт æппæт адæммæ, цæмæй, се ‘хсæн цы сахъатджынтæ ис, уыдонмæ дарой лæмбынæг ахаст.

2006 азы декабры ИНО-йы Генералон Ассамблея райста инвалидты барты тыххæй Кон-венци. Уый уыд социалон рæзтмæ здæхт барадхъахъхъæнæг документ æмæ уыцы-иу рæстæджы та – адæймаджы барты фæдыл бадзырд æмæ рæзты инструмент. Конвенци йæ тыхы бацыд 2008 азы 3-æм майæ фæстæмæ æмæ йæ принциптæ та сты: адæймагæн æмæ йæ хæдбардзинадæн кад кæнын; дæлдзиныгæй сæ хъахъхъæнын; инвалиды хæдхуыздзинадæн аргъ кæнын; æмхуызон фадæттæ сын аразын; адæмæй сæ иппæрдæй ма уадзын; нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæн æмхуызон бартæ дæттын; инвалид сывæллæтты æвзыгъддзинад иртасын; уыцы сывæллæттæн сæ хæдбындурдзинадæн аргъ кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Æгас дунейы инвалидты фылдæр хай æмбæлынц физикон æмæ социалон-экономикон ныхдуртыл. Иуæй-иу æнæзæрдæ адæймæгты аххосæй сын æм-хуызон не сты царды иуæй-иу хæрзиуджытæ райсыны  бартæ.

Куыд зæххы къорийыл алы ран дæр, афтæ махмæ дæр ис сахъатджын адæм. Уыдонæй алкæмæн дæр йæхи хъысмæт ис. Инвалидты нымæц нæ республикæйы бæрæг фæфылдæр 1989 азæй фæстæмæ ирон-гуырдзиаг хæсты рæстæджы. Хъыгагæн, Иугонд Нациты Организацийы минæвæрттæй бирæтæ ацы хæст хонынц конфликт. Фæлæ массон æгъдауæй адæмы марын, удæгасæй сæ ныгæнын, судзын, хъæуты цъыбыртты сыгъд бакæнын, федзæрæг сæ кæнын, уымæн хæстæй дарддæр ницы ис схонæн.

Хæсты фæстиуæг æрвылхатт дæр мæгуырау вæййы. Уæлдай зындзинæдтæ та февзарынц ин-валидтæ. Нæ республикæйы нæй сахъатджын адæймæгтæн сæрмагонд программæ, кæцымæ гæсгæ хъуамæ архаиккой канд хæсты фæцæфуæвæг инвалидтæ  нæ, фæлæ ма гуырцæй, кæнæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ инвалид чи у, уыдон. 2008 азы фæстæ арæзт æрцыд «Хæсты фæцæфуæвæг лæппуты æххуысы фонд». Фонды аразæг Плиты Мадинæ йæхæдæг дæр у хæсты инвалид.  Уый нæ республикæйы Президент æмæ Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрадимæ æмгуыст кæнгæйæ, архайы инвалид лæппуты цард фæрогдæр кæныныл. Ныртæккæ фонды цы 200 хæстон инвалиды ис, уыдонæн гæнæн уæвгæйæ, баххуыс кæнынц – æрвыст æрцæуынц хос кæнынмæ, улæфынмæ, протезтæ аразынмæ æмæ а.д.

Æнæмæнг, ахæм адæм вæййынц æххуысхъуаг куыд паддзахады ‘рдыгæй, афтæ сæ алфæмбылайы уæвæг хиуæттæ æмæ зонгæты ‘рдыгæй дæр. Уый, афтæ у, фæлæ вæййы æндæр хуызы цæстдард дæр.

А-фæстаг рæстæг инвалидтæ кæй хонæм, уыдон сæхæдæг бирæ æнæниз адæймæгтæн вæййынц фæзминаг сæ цардмæ тырнындзинад æмæ лæгдзинадæй.

Æмæ куыннæ… Цал æмæ цал ахæм инвалиды мах дисы бафтауынц сæ æнтыстдзинæдтæй, уæлдайдæр та спорты. Ныр цалдæр азы Ирыстоны инвалид-спортсментæ цы æнтыстдзинæдтæ æвдисынц Уæрæсейы, Европæйы, дунеон чемпионатты æмæ суанг Олимпаг хъæзтыты, уыдон æмбисондæн хæссыны аккаг сты.

Арфæйаг сты, нæ республикæйы уыцы спортсменты се ‘ххуысы хайæ разæнгард чи кæны, уыцы адæймæгтæ.

Йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсменты спартакиадæ арæзт æрцæуы РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрад, Физикон культурæ æмæ спорты министрад æмæ сæ бархион æххуысгæнджыты фæрцы. Ацы ерыстæм нæ республикæйы разамонджыты ‘рдыгæй дæр хорз цæстæнгас ис. Ирыстойнаг спортсментæ нæ бæстæйы иугонд командæйы уæвгæйæ стыр æнтыстдзинæдтæ равдисынц дунеон чемпионатты, Сурдалимпаг æмæ Паралимпаг хъæзтыты.

Ерысты архайджытæ хорзæхджын æрцæуынц майдантæй, кубоктæй, дипломтæй, алыхуызон лæвæрттæй. Кæд дзы алчи нæ вæййы фыццаг бынæттæ бацахсджытæ, уæддæр ам йæхи фæхæрдуæвæгыл ничи банымайы. Æмæ уый раст у. Ахæм ерысты алчи дæр вæййы рамбулæг.

Ацы бон, ома, Инвалидты дунеон бон, уадз, Ирыстоны цæрæг инвалидтæ æнкъарой, немæ иумæ кæй у сæ бон нæ республикæйы рæзт æмæ дидинæфтыдæн ахъаз кæнын. Мах сæрыстыр стæм уыдонæй, кæцытæ сæ цард нæ бавгъау кæнгæйæ, хъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæйы, йæ сæрибардзинад. Мах ма хъуамæ рох кæнæм, нæ сæрвæлтау уонгцухтæ, инвалидтæ чи систы, уыдоны.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.