Фæстаг рæстæджы нæ горæты хæрзарæзт цы централон уынгтæ æрцыд, уыдонæй бирæтæ сфæлындзыдтой æмæ схæрзаив сты дидинджытæй.

Горæты администрацийы цы хæрзарæзтады хайад ис, уыдон фæндаджы газонты цы дидинджытæ ныссадзынц, уыдонмæ цы аудгæ ахаст дарынц, уымæ кæсгæйæ зæрдæ барухс вæййы.

Боны фæстагмæ, нæ кæддæры рæсугъд горæт та йæ гаччы сбаддзæн. Цадæггай ферох уыдзысты 2008 азы хæст нын нæ горæт æдзæллаг уавæрмæ куыд æркодта. «Сыгъдæг быдыр саразын кæд нæ бафтыд сæ къухы не знæгтæн, уæддæр фениксау æртхутæгæй кæй сæндидзыдта Цхинвал, уый зоны æгас дуне.

Уынгтæ рæсугъд кæнынмæ æрæвналынц уалдзæджы. Мингай алыгъуызон дидинтæ ныссадзынц централон уынгты, газонты æмæ скверты. Цалынмæ ноябры мæйы зымæджы уазал бонтæ не ‘рбалæууынц нæ къæсæрыл, уæдмæ дидинтæ рæсугъд фæдарынц уынгтæ. Мах цымыдис кодтам, уыцы æппæт дидинтæ Цхинвалы администраци кæм самал кæны æмæ республикæйы бюджетыл уыцы хæрдзтæ цæй бæрц бандавынц. Фæлæ, стыр æхсызгонæн, куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы дидинджыты райгуырæн бæстæ ис нæхимæ – Уæллаг Гудзабары.

Горæты срæсугъд кæныны хъуыддаджы стыр хайбавæрд ис не ‘мбæстаг амалиуæггæнæг Хуыбецты Виолеттæйæн. Уый 2015 азы горæты администрацийы къухдариуæгадимæ сарæзта бадзырд æрвылаз дæр сын 12 мины бæрц дидинджытæ кæй хъомыл кæндзæн йæ хъæрмады, ууыл. 125 квадратон метры бæрц цы хъæрмад ис, уым ныссагъта дидинджыты фондз хуызы æмæ бындур æрæвæрдта йæ чысыл бизнесæн.

Хуыбецты Виолеттæ куыд зæгъы, афтæмæй: «Мæ хæларæн Цæгат Ирыстоны ис дидинджыты бизнес. Уый мын куыд загъта, афтæмæй хорз уаид, æз дæр уыцы куыстыл куы ныххæцин. Мæ хæлары æххуысæй, Интернет ресурстæй куыд пайда хъæуы, уый базыдтон æмæ Голландийæ рафыстон дидинджыты тауинаг. Мæ фыццаг къахдзæфтæ бафæзминаг нæ уыдысты. Куы-иу мын æмбигæ бакодтой, куы-иу сыл цы æрцыд, куы та цы. Фæлæ цадæггай куыст æрнывыл ис. Фыццаг дыууæ азы мæ хъæрмуаты базылдтæн 6 мин бæрц дидинæгмæ. Ацы аз мын иу ахæм фæфылдæр сты, бакодтон сæ 12 мины бæрц», – радзырдта нын Виолеттæ.

Чызг куыд зæгъы, афтæмæй горæты уынгты цы дидинджытæ сагъд ис, уыдон хуызæй йæ зæрдæ ныррухс вæййы. «Уымæй æхцондæр цы хъуамæ уа зæрдæйæн, куы зонай, сты рæсугъддзинадмæ ды дæр дæ хайбавæрд бахастай. Мæ бизнесы иууыл сæйрагдæр куыст кæнын зымæджы. Суанг рагуалдзæгмæ, мæ хъæрмуатмæ бацæуын æмæ изæрмæ нæ рахизын. Мæ бинонтæ æмæ ме ‘мбæлттæй æххуысцух нæ дæн», – зæгъы Хуыбецон.

Уый ма нын йæ фæндты тыххæй куыд загъта, афтæмæй бæллы йæ амалиуæгад рауæрæх кæнынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ уый фæдыл фехъусын кодта æмæ йæ гæххæттытæ бавдыста, чысыл амалиуæгады тыххæй хицауад цы программæйыл кусы, уыцы хайадмæ. Уыдон, дам, æххуысы тыххæй ныфс бæргæ бавæрдтой, фæлæ нырма бæрæг нæма у йæ хъысмæт. «Куыддæр хицауады æххуысæй мæ къухы æхцайы фæрæзтæ бафта, афтæ мæ дидиндард рауæрæх кæндзынæн æмæ хъуыддаг фæхуыздæр уыдзæн. Искæцæй ласæггаг дидинтæй цæмæн хъуамæ пайда кæнæм, кæд æмæ нæхи климаты хуыздæр зайы цыфæнды хуызы дидинджытæ дæр».

Горæты администрацийы хæрзарæзты хайады куыд зæгъынц, афтæмæй «Кæд раздæр фылдæрбæрцæй, горæт сфæлындзынæн дидинджыты алы хуызтæ Цæгат Ирыстон, Кæсæг-Балхъар æмæ æндæр сыхаг республикæтæй ластам, уæд ныр та дидинджыты егъаудæр хай балхæнæм Хуыбецты Виолеттæйы хъæрмуаты, кæцытæ сæндидзыдтой нæхи Цхинвалы».

Кæй зæгъын æй хъæуы, амалиуæггæнджытæн æххуыс куы цæуа, уæд иууыл раздæр Хицауад æххуысы къух Хуыбецты Виолеттæйы хуызæн бизнесментæм хъуамæ фæдара. Уымæн æмæ уый йæхи равдыста æмæ йæ амалиуæгад та у хъæуæг фæдыздæхт.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.