Кæрдæгхæссæнæй къуыри фæстæдæр ирæттæ нысан кодтой Дауджытæ. Уæд-иу ссардтой Дауджытæн сæ нæмттæ. Бæрæгбонæн йæ ном дæр йæ уæлæ ис — равзæрди дзырд дауæгæй. Рагон ирайнæгтæм уый нысан кодта «æрвон тых». Дауджыты бæрæгбон тынг кадджын уыд Ирыстоны. Дауджытæй райдайынц сæрды æмæ фæззæджы бæрæгбонтæ. Се ’ппæтæн дæр ис иу нысан — фæззæджы тыллæг æрдзы фыдбылызхæссæг тыхтæй бахизын. Бæрæгбонтæ арæзт цыдысты уæларвон тыхтæн кад кæныны охыл, цæмæй уыдон хъахъхъæдтаиккой зæхкусæджы къухвæллой. Бæрæгбон-иу ахаста къуыри, цалдæр боны-иу чысылæй, стырæй сæ кафын æмæ сæ зарынæй нæ банцадысты.

Йæ кувæндон ис «Дзиридзуары» хохы къабæзтæй иуыл, Куырттаты комы. Куырттаты комы кувæндæттæй уый уыди æппæты бæрзонддæр ран æмæ афтæ фæзыны, цыма комбæсты сæрты тæхы. Ирон адæммæ æппæты цытджындæр дзуæртты бынæттæ æппæты бæрзонддæр рæтты уыдысты.

Дауджытæм-иу ирон адæм къуыри раздæр райдыдтой цæттæ кæнын. Бахсыстой-иу бæгæны, рауагътой-иу арахъхъ. Кæмæн куыд йæ къух амыдта, афтæ-иу акодта кусарт, фæлæ арæхдæр æргæвстой уæрыкк.

Бæрæгбонон фынгыл-иу æрæвæрдтой æртæ уæливыхы æмæ кусарты хуылфыдзаумайæ — физонæг, афтæмæй-иу скуывтой.

Кувæндонмæ-иу ахастой æртæ æртæкъуымон уæливых, физонæг æмæ нозт. Дзуары лæг-иу скуывта Дауджытæм. Сæ хорзæх сæ куыд уа, азæй азмæ сын æртыгайдзонтæй куыд кувой. Стæй-иу сбадтысты æмæ иу райдыдта куывд. Кувæг адæм уыдысты алы хъæутæй æмæ кæрæдзийæн арфæйы нуазæнтæ æрвыстой. Бадт æмбисмæ фæхæццæ кæны, зæгъгæ, уæд-иу лæппу фæсивæд сыстадысты æмæ чызджытимæ нæртон хъазт сарæзтой. Сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ иу фынгыл никуы бадтысты.

Куывддзаутæ-иу хъæутæм куы здæхтысты, уæд-иу хъазтытæ сарæзтой. Хистæртæй алчидæр йæхицæн хæсыл нымадта, цæмæй бæрæгбоны йæ сыхæгты йæ хæдзармæ æрбахона æмæ сæ хорз фæхынца.

Дауджыты фыццаг бон-иу куы ахицæн, уæд-иу сæхи цæттæ кæнын райдыдтой, зæхкусджытæ парахатæй кæй арæзтой, уыцы Уациллайы бæрæгбонмæ. Уацилла ирон зæдты, ирон бардуæгты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы.

Уациллайæн сæхи фæдзæхстой ирон адæмы фыдæлтæ — алантæ. Цæгат Кавказы хæхты дæлвæзты куы цардысты, уæд райдыдтой зæххы куыст æмæ табу кодтой Уациллайæн.

Уацилла у стыр бархъомысджын хорарæх æмæ фосарæхы бардуаг. Цæмæй уыгæрдæнты æмæ сæрвæтты хорз сойджын кæрдæг æрзайа, уый тыххæй дæр адæм Уацилламæ кувынц. Хус рæстæг куы скæны, кæнæ бирæ куы фæуары къæвда, уæд дæр Уациллайæн лæгъзтæ кæнынц. Хистæр цины куывды бады, æмæ Уациллайы ном ма ссара, уый тыххæй гаджитау ма рауадза, уый арæх нæ вæййы.

Уациллайы бæрæгбон кæнынц алы комы дæр, быдыры, хъæуты, горæты. Ис ын бирæ кувæндæттæ, фæлæ йæ сæйраг кувæндон ис Дæргъæвсы, Тбауы хохы. Уыцы бон Тбауы хохы сæр кувæндоны раз сагътой цъарстъгъд хъил æмæ-иу ыл æрцауыгътой царм, уый хуынди æвгъил. Ома, уырдыглæууæг бæрзонд хъил.

Нысангонд къуырисæры-иу сылгоймæгтæ Уациллайæн къусбарæй кæй æрæмбырд кодтой, уыцы хор-иу цæугæдоны былмæ рахастой æмæ-иу æй дзæбæх ныхсадтой. Уымæ гæсгæ уыцы бон хуынди Уациллайы чъирийаг æхсæн. Уыцы кадджын бон кодтой кусарт — чъирийаг æхсын куыд ахсджиаг у, уый бæрæггæнæн. Цылынмæ хор хус кодта, уæдмæ доны был арæзтой хъазт — сылгоймæгтимæ ам уыдысты фæсивæд чызгæй — лæппуйæ. Фæссихор сылгоймæгтæ сæ хæдзæрттæм здæхтысты сыгъдæг æмæ хус хоримæ.

Ацы бон. Уациллайæн æргæвстой уæрыкк, йæ мæгуырдзинад ничи æвдыста. Барджын бардуаг у, æмæ йын куывтой лæгъстæгæнгæ. Сылгоймæгтæ чъиритæ кодтой æнæдзургæйæ, сæ комытæф хыссæмæ куыд нæ фæхæццæ уыдаид, афтæ-иу сæ дзыхтæ истæмæй бабастой.

Кусарт-иу куы акодтой, уæд-иу бæгæны æмæ æртæ чъирийæ Уацилламæ скуывтой, цæмæй йын сæ нывонд барст фæуа, се ’ртæ чъирийы сын барстæн айса. Йæ сæр-иу ын куы ралыг кодтой, уæд-иу æй артмæ бадардтой, йæ тæф куыд рацæуа, афтæ.

Алы бинонтæ дæр-иу сæ кувинæгтæ Уациллайы кувæндонмæ ахастой. Сылгоймæгтæ-иу кувæндонмæ нæ бацыдысты, дзуары бынмæ бацæуыны бар уыдис æрмæстдæр дзуары лæгæн, уымæн æмæ Уацилла у карз, æгъатыр дзуар. Йæ кувæндонмæ æнæхъуыддагæй чи ссæуа, уымæн æй нæ ныббардзæн, адæймаджы бакуырм кæндзæн.

Уыдис афтæ дæр, æмæ-иу дзуары лæг æхсæв кувæндоны баззад. Уыцы æхсæв, дам, Уацилла йæ кувæн бынатмæ æрцæуы, къусы цы бæгæны вæййы, уый акалы. Бæгæны кæд Ирыстоны ‘рдæм акæлы, уæд уый амоны, ома, ирон адæм хорыфсæст уыдзысты, сæ зæххытæй сисдзысты хорз тыллæг, сæ аз ацæудзæн æнæфыдбылызæй, æнæмастæй.

Уациллайы тыххæй баззад ахæм легендæ.

Хуссар Ламардонæй Гуццаты чысыл лæппуйы акодтой цагъарæй æмæ йæ скодтой уæлыгæс. Тынг хъыг кодта йæ райгуырæн бæстæйыл, йæ мад, йæ фыдыл. Иу афон та йæ уæрыччытæ куы хызта, уæд æм æртахт цæргæс æмæ йæм сдзырдта адæймаджы æвзагæй: «Цæмæн кæуыс, мæ чысыл хур?»

— Иу уæрыкк мын фесæфт æмæ мæ мæ хицау бафхæрдзæн, — сдзырдта лæппу.

— Æмæ дæ хæдзармæ нæ фæнды, — сдзырдта та йæм цæргæс.

— Бæргæ мæ фæнды, — сдзырдта та лæппу.

Æрхаста йæ фæстæмæ цæргæс йæ райгуырæн хъæумæ. Радта йын фыс æмæ йæ бафæдзæхста, цæмæй йын-иу цы уæрыкк райгуыра, уый та æрвылаз дæр скæна уыцы кувæндонмæ æмæ-иу скува. Скодтой ацы бынаты кувæндон. Уæдæй фæстæмæ цыппарсæдæ азы Гуццаты мыггаг кувы Тбау-Уациллайæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.