Сырх Дзуары Дунеон Комитет дарддæр кæны йæ архайд Хуссар Ирыстоны горæттæ æмæ хъæууон бынæтты æмæ комплексон æххуыс кæны иууыл тыхст-дæр категорийы цæрджытæн.1989-92-æм æмæ 2008-æм азты æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæнын æмæ сын сæ бынат базонын у Комитеты сæйраг здæхтытæй иу. Организаци се ‘нцой балæууы æмæ фæныхас кæны хицауады æмбæлон структурæтæ æмæ æбæрæгæй фесæфæг адæймæгты бинонты уæнгтимæ, цæмæй сбæлвырд æмæ сбæрæг кæной, чи фесæфт, уыцы адæймæгты хъысмæт. Комитет дарддæр æмбырд кодта информаци, фесæфæг адæймæгты цы ран бавæрдтой, уый фæдыл. Йæ кусджытæ æртæ хатты фембæлдысты Хуссар Ирыстоны æндæр æмæ æндæр районты цæрджытимæ, ныгæд цы бынæтты сты, уый рабæрæг кæныны тыххæй. Æбæрæгæй чи фесæфт, уыдонæй 15 бинонтæ 26 августы Комитеты æххуысы фæрцы уыдысты Тирскы моладзандоны. 30 августы та, æбæрæгæй фесæфæг адæймæгты боны фæдыл Комитет ахæм бинонтæн баххуыс кодта мадзал бацæттæ кæныны, уыдонæй иууыл сæйрагдæр уыд аргъуаны скверы фонтан-мемориал байгом кæнын. Ацы мадзалмæ æрæмбырд сты бинонты уæнгтæ, хицауады структурæтæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Бинонты бастдзинад сæндидзын кæныны программæйы фæлгæтты Комитет æххуыс кæны, конфликты фæстиуæгæн йæ хæстæджытимæ бастдзи-над кæмæн нал ис, уыдонæн, фадат радты хæстæджытæн Сырх Дзуары Ныстуан арвитынæн, кæнæ та бацархайы телефонон бастдзинадæй сæ сифтонг кæныныл. Ахæм бинонтæн 2020 азы дыккаг æмбисы баххуыс кодта 25 телефонон бастдзинады руаджы. Афтæ ма æххуыс кæны, конфликты фæстиуæгæн бинонты уæнгтæй кæрæдзийæ чи фæиппæрд, уыдон æрбаввахс кæныныл æмæ йæ архайды фæстиуæгæн се ‘ввахс адæймæгтимæ рбаиу сты 46 адæймаджы.

Сырх Дзуары Дунеон Комитет социалон æххуысы программæйы фæлгæтты æдзухдæр йе ‘ххуысы хай кæны  иууыл тыхстдæр категорийы цæрджытæн хæлцадон продукттæ æмæ гигиенæйы фæрæзтæй. Комитеты руаджы ахæм æххуыс алы кварталы дæр бакæнынц, иунæгæй чи цæры, ахæм зæрæдтæ æмæ æввахс адæмæй æххуысгæнæг кæмæн нæй, ахæм рынчын адæймæгтæн. Хæлцадон продукттæ æмæ гигиенæйы фæрæзтæ æртæ мæймæ радтой 260 адæймагæн. Æрвыл кварталæн дæр гуманитарон æххуыс бакодтой Хуссар Ирыстоны цыппар район æмæ горæт Цхинвалы æмбæстæгтæн. Уымæй дарддæр ма 125 бинонтæн радих кодтой 500 кубикон метры суг. Комитеты кусджытæ дарддæр дæр цыдысты хæдзæрттæм санитарон хъусдарды тыххæй æмæ бæрæг кодтой ацæргæ æмæ иунæгæй цæрæг 13 æмбæстаджы. Хъыгагæн, ахæм ацæргæ æмæ хъæрзгæ адæймæгтæй иу фæхъуыд декабры мæйы. Хæдзæрттæм цыдысты æрвылбон дæр Цхинвалы цæрджытæм, къуыри иу хатт та Цхинвал, Ленингор æмæ Знауыры районты хъæутæм. Уыдонæй алкæмæн дæр æххуыс кодтой продукттæ æлхæнын æмæ сын сæ сæ хæдзæрттæм фæхæццæ кæныны, афтæ ма сын æфснайдтой сæ цæрæн хатæнтæ, ифтонг сæ кодтой нуазыны донæй, æххуыс сын кодтой æнæниздзинад хъахъхъæныны уагдæттæм сæ бакæнынæн. Бынæттон хицауадимæ æнгом æмкуысткæнынады руаджы се ‘нцой балæууыдысты 27 бинонтæн сæ документтæ сфидар кæныны, кæцытæн алыгъуызон аххосæгтæм гæсгæ сæ бон нæ баци социалон æххуыс райсын. Сырх Дзуары Дунеон Комитет йæ хъусдард здæхта рынчын адæймæгты æнæниздзинад фæхуыздæр æмæ фæрогдæр кæныны фарстатæм дæр. Цæвиттон, 2002 азы дыккаг æмбисы бакодта ахæм ортопедион æххуыс: æртæ фæлысты лæдзгуытæ, æртæ адæймаджы райстой коляскæтæ, дыууæ инвалидон кресло лæвары хуызы лæвæрд æрцыдысты Цхинвалы рынчындонмæ, иу адæймаг та сæм бахатыд æмæ йын баххуыс кодтой протезтæй. Банысангонд рæстæджы Комитеты æмархайды фæстиуæгæн пациентты цард бахъахъхъæныны тыххæй уæззау рынчынты хæццæ кодтой Тбилис-Гуры рынчындæттæм.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.