Зындгонд куыд у, афтæмæй РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид Мæскуыйы фембæлд акционерон æхсæнад «Газпром»-ы управленийы сæрдар Алексей Миллеримæ, цæмæй æруынаффæ кодтаиккой Республикæ Хуссар Ирыстоны дарддæр газификаци кæныны фарстатыл.

Фембæлды фæстиуджытæн комментаритæ сарæзта РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Тъехты Алан.

«Президент Тыбылты Леонид æмæ Уæрæсейы «Газпром»-ы сæргълæууæг Алексей Миллеры фембæлд ацыд хæларадон уавæры æмæ фæцис уæзгæ фæстиуджытимæ, — банысан кодта уый. — Фæлæ, цæмæй уыдон тыххæй зæгъон, уый тыххæй чысыл экскурс сараздзынæн темæйы историмæ.

Хъæууон хæдзарады, экономикæйы рæзтыл иумиагæй сисгæйæ, дзурæн кæй нæй æнæ Хуссар Ирыстоны газотранспортон инфраструктурæйы рæзтыл, уый хынцгæйæ, Президент Тыбылты Леонид ацы фарстатæ скъуыддзаг кæнын банымадта сæйрагыл, президенты бынатмæ йæ бацæуыны фыццаг бонтæй фæстæмæ.
Ивгъуыд азты къухты бафтыд ацы здæхты конкретон къахдзæфтæ саразын. Зæрдыл æрлæууын кæндзынæн 2013-2014 азтæн Инвестпрограммæйы газификацийæн кæй рахицæнчындæуыд 90 милуан сомы. Фæлæ Æхсæнхицауадон къамисы рабадты ацы æхцайы фæрæзты аздæхтой фыццаградон социалон проекттæ, сæрмагондæй æндидзынгæнæн куыстытæ æххæст кæнынмæ.

Уæддæр республикæйы разамынад дарддæр агуырдта альтернативон фæндæгтæ газификацийы фарстатæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Акцент арæзт æрцыд Уæрæсейы «Газпром»-имæ арæзтæрцæуæг «Газпром — Хуссар Ирыстон»-ы куыстуат среанимаци кæнынмæ, кæцы райдианы арæзт æрцыд газуадзæн хахх «Дзуарыхъæу-Цхинвал»-ы хуссар фадыгмæ хъусдарын, афтæ ма хъæууон бынæтты газы хызæгты арæзтады тыххæй.

Дыууæ азы размæ ацы куыстуатæн уыд бæрæг бакуыстытæ проектон-сметæйон документацитæн (80 % бæрц) «Цхинвал-Тбъет», «Цхинвал-Къостайыхъæу», «Цхинвал-Дзау»-ы хæххытæ саразыны тыххæй. Фæлæ хъуыд куыстуаты æххæстбартæ рауæрæх кæнын. Дзырд цæуы, цæмæй уый йæхимæ райса республикæйы газификаци кæныны фæдыл сæйраг заказгæнæджы, аразæджы æмæ эксплуатацигæнæджы функцитæ, æмæ уый у раст.

Уымæй дарддæр ма банысан кæндзынæн, УФ-йы «Газпром»-имæ æмразыйæ бакуыст æрцыд Хуссар Ирыстоны газификацийы Генералон схемæ. Уымæн æхцайы фæрæзтæ рахицæн æрцыд хи фæрæзтæй 39 милуан сомы бæрц.

Схемæйы сæйраг хай у 2015-2019 азтæн газификацийы программæйы проект, цыран нысан сты 12 цæрæн пункты, 1 — сæудæджерадон куыстуат, 26 киллометры æхсæнпо-селокон газы хæххытæ, 36 киллометры хъæууон бынæтты уынгты газы хæххытæ æмæ æндæртæ.

Ацы здæхты Ленингоры районмæ стырдæр цымыдис кæй ис, уымæ гæсгæ зæгъдзынæн, газотранспортон инфраструктурæ рæзын кæныны хъуыддаджы уый кæй спецификон, вазыгджын, уымæ гæсгæ нырма уырдæм хъæуы ауадзын магистралон газы хахх. Фæлæ ацы район ис республикæйы разамынады сæрмагонд хъусдарды бын æмæ æндæртимæ иумæ, кæй зæгъын æй хъæуы, скъуыддзаг цæудзысты газификацийы фарстатæ дæр.
Ныхасы райдианмæ раздæхгæйæ, банысан кæндзынæн, Мæскуыйы уæлдæр æмвæ-задыл фембæдтытæ республикæйæн кæй уыдысты тынг ахсджиаг. Тыбылты Леонид æндæр фарстытимæ иумæ Владимир Путин æмæ Алексей Миллеримæ æруынаффæ кодта Хуссар Ирыстоны районты газификацийы фарстатæ скъуыддзаг кæныны механизмтыл.

Сæрмагондæй дзырд цыдис акционерон æхсæнад «Газпром»-ы ’рдыгæй газификацийы программæ реализаци кæныны финансон æххуысы фарстаты фæдыл. Къухты бафтыдысты развæлгъау сразыдзинæдтæ. Иууыл æвахсдæр рæстæджы махмæ æрцæудзысты Уæрæсейы «Газпром»-ы минæвæрттæ, кæцытимæ мах æруынаффæ кæндзыстæм республикæйы газотранспортон инфраструктурæйы рæзты фæдыл дарддæры къахдзæфтыл, афтæ ма «Газпром-Телеком»-ы оптикон-фæскъауон хызæджы эксплуатацийы фарстытыл дæр, кæцы баххуыс кæндзæн интернетбастдзинады фæдыл лæггæдтæ фæхуыздæр кæнынæн æмæ ратдзæн уæлæмхас коммуникацион фадæттæ, сæрмагондæй IR-телефонимæ бахизынæн æмæ афтæ дарддæр.
Хуссар Ирыстоны сæргълæууæджы фæндæттæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ акционерон æхсæнад «Газпром»-ы разамынад акастысты æмбаргæ цæстæнгасæй æмæ мæн стыр ныфс ис нæ æмгуысткæнынад дарддæр кæй кæндзæн ахæм конструктивон уагыл”.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.