Ирыстоны адæмон фыссæг Хуыгаты Сергей ирон литературæмæ бирæ сфæлдыстадон хуынтæ бахаста. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хуыгаты хъæуæй рацæуæг сфæлдыстадон кусæг йæ радзырдты, уацауты æмæ романты æвдисы уырнинаг, æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытæй хайджын хъайтарты. Бирæ сты, фæлæ кæрæдзийы нæ фæлхатт кæнынц. Хуымæтæг фæллойгæнæг уа æви стыр разамонæг, уарзты арты судзæг æви сыгъдæг æнкъарæнтыл гадзрахатæй цæуæг уд, сæрибарыл тохгæнæджы æви сфæлдыстадон кусæджы уавæр æвдисæг – алчидæр сæ свæййы, авторæн йæхи цæрын цы дуджы бахъуыд, уый цæхгæр фæзилæнтæ æвдисынæн ахъаззаг фæрæз. Се снывæндæг аив дзырды зиууон та сæм йæ цæст дары æмæ сæ хъысмæтыл сагъæстæ кæны. Цæмæн? Уымæн æмæ сæ йæ зæрдæйæн адджын æмзæххонты мондæгтæ исы. Æмæ афтæ кæм у, уым та куыдфæндыйы цæстæй ницы хуызы кæсдзæн, сæ фæрнджын фыдæлты æгъдæуттыл сæ къух кæй исынц, мулкæн табу кæй райдыдтой, иу фæлтæр иннæимæ удварны рухсы тынтæй баст кæй нал цæуы, уыдæттæм.

Цы сагъæстæ йæм æвзæры, уыдон, йæ 90 азы рындзы сæрты акæсыны хæдразмæ, Хуыгаты Сергей бавæрдта йæ радзырдтæ «Зæронд чингуытæ» æмæ «Сæнæфсиры цупæлттæ»-йы мидисы (чиныг «Сæнæфсиры цупæлттæ». – Дзæуджыхъæу: Ир. – 2014). Æнæмæнг, йе сфæлдыстады фæстаг азты хуыздæр уацмыстæй сты. Сæ дыууæйы сæйраг темæ дæр у æмдугонты фæлгонцтæ, куыд сты, афтæмæй равдисын, æмæ уый руаджы чиныгкæсæджы, цы дуджы цæры, уым хæрзæгъдаудзинад цæуылнæуал хъæуы, ууыл сагъæсы бафтауын. Æфсарм, намыс, нацийы традицитæ хъахъхъæнын, кæрæдзийæн аргъ кæнын æмæ æндæр адæймагон миниуджытæ æцæгæлон цы æхсæнадæн систы, уымæн бæллиццаг фидæн нæй – ахæм зондыл хæст у автор.

Иугæр йæ рæстæджы æнæхъæн паддзахады цард фæцудыдта уæды æмдугонты æнæраст политикæйы фыдæй, уæд мах рæстæг та удварны хæзнатæ «зæронд дуджы ныууадзинаг хъуыддæгтæ» цæмæн свæййынц? Сæйрагдæр уый тыххæй, æмæ фæлтæрты ‘хсæн бастдзинад кæй сæфы. Фæстиуджытæ æвиппайды нæ разынынц, радзырд «Зæронд чингуытæ»-йы Уыттырман æмæ Милуаны бинонты царды куыд нæ зынынц, афтæ. Сæ бындар – нæртон ном Уырызмæг хæссæг лæппу – царды у раст фæндагыл æвæрд, уæдæ гуырвидауц Рагзанæ дæр, ирон хæдзары ног чындзæн цы æмбæлы, уыдæттæм арæхсы. Фæлæ… æрыгон бинонтæ сæ хистæрты нæ фæзмынц æмæ нæ тырнынц адæмы ‘хсæн ирон æгъдауимæ балæууынмæ. Уæдæ йæ ахуыргонд фыд цæстыгагуыйау цы библиотекæ хъахъхъæны, æдзух цы чингуытæ кæсы, уыдоны нысаниуæг дæр лæппу не ‘мбары. Къостайы «Ирон фæндыр»-ы фыццаг рауагъд æрмæст зæронд, скъаппы тæрхæгыл чи нæ фидауы, ахæм чиныг кæмæн у, уыимæ ма цæуыл дзурæн ис?! Фыссæг сюжет фæаив кæны æндæр нывæй дæр: ахуырмæ тырнын æмæ зæрдæргъæвд уæвын Уырызмæджы ‘мгæртты тынг не ‘ндавы – абон йе ‘мкъласон Хулайы хуызæттæн фылдæр кад ис. Æрыгон фæлтæр æй хонынц хъæбатыр, афтæмæй та йе «сгуыхтытæ» сты æнæсæрфат, йæ цардæн тæссаг митæ.

Уыттырбег, хæдзары хицау, у «уæгъдибар сæрибары» ныхмæ. Уавæртæ тыхджындæр разындысты, нæ йын бантыст йæ кæстæры чиныгмæ, ома, зонды æвæджиауы къæбицмæ, бамхиц кæнын. Иугæр нæ кæсыс, уæд та дæ адæмы истори бæстон нæ зоныс, æмæ дын фыдæлтæй баззайгæ æгъдæуттæ кæддæриддæр уыдзысты æмбæхст хæзна. Æфсин Милуан дæр дзæгъæлы нæ зæгъы, фæсивæдæн «сæ зæрдæ амард», зæгъгæ. Цæмæн, уый дæр æмбарын кæны – кæсæндонмæ рады нал лæууынц, æмæ сæ æбæрæг сау тыхтæ æрмæст мулк æмæ хъæздыгдзинадмæ сарæзтой…

Цы зæгъинаг у автор ацы нывтæй? Иударон хъуыдытæ æмæ фæлгонцтæм æмхиц никæд уыд, уæдæ йе ‘мдугонты æппæрццаг миниуджытæ æвдисын дæр литературæмæ ницы бар дары, уый йын æмбарын кæнын нæ хъæуы. Ам йæхимæ здахы Уырызмæджы фæлгонц. Куыд дзы рауад зондджын, ахуырыл æнувыд лæппу, чиныг ын кæд уæззау уаргъ йеддæмæ ницы у, уæд?

Автор хæдхуыз уацмыс снывæндыны охыл æндæр фæндагыл ацыд – йæ чиныгкæсæгæн сарæзта фидæныл ахъуыды кæнынæн фадæттæ. Уымæ йæ разæнгард кæны, йæхи концепцийы чиныгæн уаз нысаниуæг кæй ис, уый йæ хъайтарты хистæр фæлтæры зондахасты нывæргæйæ. Абон уа, райсом, уæддæр æнæ чиныг æхсæнадыл рохуаты рыг ныббаддзæн, æмæ йæ фидæн ивгъуыдæй аразынхъом нал уыдзæн. Ахæм уавæры та йæ бындуртæн æнæ фæцудгæ нæй. Уымæн, æмæ цыфæнды æхсæнад дæр хæрзæгъдаудзинадыл лæууы (духовные скрепы), сæудæджергæнджытæ æмæ иу бонæй цæрæг адæмыл нæ, фæлæ. Ацы хуымæтæг уагæвæрд æххæстгонд кæй нæ цыд, уый фыдæй цас нæргæ паддзахадтæ фехæлд (сæ тыхджын æфсæдтæ дæр сæ уымæй нæ бахызтой), ууыл та дзурынц, адæймаджы рæдыдæй бахизыныл архайынц… кæй зæгъын æй хъæуы, чингуытæ! Гъе, ацы хъуыдыйы ‘взартæ хъуамæ парахатæй байтауа автор йе ‘мхъуыдыгæнæг-чиныгкæсæджы зæрдæйы йæ уацмыс «Зæронд чингуытæ»-йæ.

Æмбæрстгонд у – æрыгæттыл хорзæрдæм ахадын, уæлдæр амынд зондыл сæ æфтауын сæ бон у сæ хистæртæн. Æрмæст, радзырд «Сæнæфсиры цупæлттæ»-йы æвдыст чи цæуы, уыцы Бадинæйы хуызæттæ – нæ. Ам дæр та фыссæг æппæрццаг фæлгонц не ‘вдисы – Бадинæ культурæйы къабазы кусæг уыди, йæхи никуы ницæмæй фæчъизи кодта, уæдæ йæ кæстæртæ дæр зæрдæйы фæндиаг сты. Фæлæ йæ сыхбæстимæ иумæйаг æвзаг йæ бон ссарын нæу, æмæ уый йæ бинонты цардыл рæстмæ нæ ахады. Дзæгъæлы йын нæ зæгъы йæ хо Радинæ: «Сыхбæстæ – уый иу тымбыл къухы хуызæн у. Иу тымбыл къухы куыд баиу вæййынц хистæр æнгуылдз, кæстæр æнгуылдз, æнæном æнгуылдз – сыхбæсты дæр афтæ сæмбырд вæййы алы адæм – чи сæ бæхгæс вæййы, чи – артист, чи – пецамайæг. Баиу вæййынц иу сыхбæсты, æмæ сæ, чи цы куыстыл хæст у, уый уым баззайы, куысты. Ам свæййынц сыхбæстæ – се ‘ппæт дæр райсынц иу дæсныйад». Сыхбæсты иугæнæг нысаниуæг фæзынд бæгъæртыл (балкъонтыл) хилæг сæнæфсирæн, йæ цупæлттæ та систы уыцы сыхбæсты бæркады символ.

«Дæуыл у мæ сагъæс, æмдугон…»

Дыууæ радзырды дæр ист цæуы сфæлдыстадон кусæджы хъысмæты темæ. Зын у фыссæджы тухитæ бамбарын, ноджы ма сæ хæдзармæ æфтиаг кæй нæ цæуы, уымæ гæсгæ. «Гуыбыны, хуылфы, уæцъæфы рæстæджытæ! Зæрдæйы рæстæджытæ аивгъуыдтой. Сау тæлмæй ма баззайа ацы рæстæг адæмы царды. Хæрыны рæстæг æмæ хæрджыты рæстæг! Уæдæ дзы цæуыл хъуамæ фæлæууа адæймаджы зæрдæ? Нал нæ хъæуы пенси, æнæуи исты – йе исты стыр арæзтад, йе æндæр исты, йе ‘ргом хуылфмæ нæ, фæлæ фидæнмæ здæхт кæмæн уа, ахæм исты, адæймагмæ зарын чи ‘рцæуын кæна! Зарæг кæмæй райгуыра! Зарæг цы дуджы нæ зыны, уый дуг нæу!» – зæгъы Бадинæ, æмæ нын уымæй автор æмбарын кæны, зарæг фыссæджы удвæллойæ кæй райгуыры, радзырды хъайтар та йæ хъæндзинад сраст кæныныл архайын кæй райдыдта. Райдайæд, уæдæ, æхсæнад дæр. Алчи йæхимæ хъæнтæ ссарæд, аиуварс сæ кæнæд, æмæ уæд цард дæр йæ гаччы сбаддзæн – ахæм хъуыды æвæрд ис радзырдты мидисы, æмæ, æвæццæгæн, дуне рæсугъддзинады руаджы фервæздзæн, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, уыдон фыссæгимæ сразы уыдзысты. Ныхас цы радзырдтыл цæуы, уыдоны æмдугонмæ йæ цæстæнгас ирдæй зыны, йæ хъайтартимæ йын цы ахастытæ ис, уыдон зын раиртасæн не сты. Æмæ фидарæй зæгъæн ис, йæ зæрдæйы цинтæ, йæ уды риссæгтæ фыссæг Хуыгаты Сергей чиныгкæсæгмæ парахат æмæ цæстуарзонæй кæй хæссы бæлвырд нысанимæ – удварнмæ бацæуæнтæ цæстсайæн, мæнгæфсон сызгъæринæй фæлындын ма бауадзын. Æнæмæнг хъæуы хъысмæты фæлварæнты бахсидын, æмæ уый та сындзытыл ауайæгау у. Сæйрагдæр уымæн, æмæ ахæм фæлварæнтæ удварны хæзнатыл суæлæхох уæвынæй тæссаг кæй сты. Уый ныхмæ у фыссæджы тох аив дзырдæй хотыхимæ, уый сæраппонд йæ удæй арт цæгъды, цыфæндыйæ дæр хуыздæр фидæныл ныфс даргæйæ. Æмæ иугæр афтæ у, уæд «зæрдæйы рæстæджытæ» аивгъуыдтой, фæлæ нæм сындæггай фæстæмæ здæхынц, æмæ сын æмдугоны хъысмæтыл сагъæстæ дæр «æгасцуайы» ныхасæн бабæздзысты…

ТЪЕХТЫ Тамерлан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.