Æвæццæгæн дунейы нæй иунæг ахæм адæймаг дæр, кæцы нæ тырны йæ цард аразынмæ. Уыдонæй иу у Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы Къорды кусæг Томайты Григори. Григори ацы къорды кусы 2008 азæй фæстæмæ, Гуырдзиаг-Ирон хæст куы фæцис, уæдæй нырмæ. Скъола каст куы фæцис, уæд базыдта, къорды кæй хъæуы кусджытæ  æмæ балæууыд йæ уæды командир Пухаты Мерабы раз. Уый йын бахæс кодта, цæмæй сæххæст кæна,  куыстмæ бацæуыны тыххæй цы нормæтæ æмæ домæнтæ хъуыд, уыдон. Григори сæ сæххæст кодта, ныффста куырдиат æмæ райдыдта кусын.  Уыд æнæзивæг, цыфæнды хæс дæр æххæст кодта афоныл, æмбæлон æмгъуыдмæ. Уымæй йæхи тынгдæр бауарзын кодта куыд йæ командиртæн, агæнджытæн, афтæ кæимæ куыста, уыдонæн дæр.

Григорийæн куыстмæ стыр уарзондзинад кæй ис, уый йæ ноджы сразæнгард кодта дарддæры ахуырмæ дæр. Бацыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университетмæ æмæ фæсаууонмæ каст фæцис ирон æвзаг æмæ литературæйы факультет. Иу рæстæджы кусын æмæ ахуыр кæнын хуымæтæджы хъуыддаг нæу, уæлдæйдæр та сæ иу æмæ се ‘ннæйыл дæр æнувыд куы уай, уæд. Григори уыцы зындзинæдтæй тæрсгæ, фæлмæцгæ не скодта, фæлæ куыддæр ирон филологийы факультет каст фæцис, афтæ ногæй бацæуæн фæлварæнтæ радта, ссис юридикон факультеты студент дæр  æмæ цалдæр азы фæстæ бацис дыууæ уæлдæр ахуырдзинады дипломы хицау.

Ног зонындзинæдтимæ ноджы бæстондæрæй æрæвнæлдта йæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Григори фыццаг нысан æрцыдис хайады командирæй. Уым дæр йæхи равдыста цæвиттойнагæй æмæ ныр цалдæр азы та æххæст кæны взводы командиры хæстæ. Йæ дæлбар взводы уæнгтæ, къорды тыххæй ныхас кæнгæйæ, Григори банысан кодта, зæгъгæ, фæтк æмæ æгъдау кæм уа, уым алы хатт дæр вæййы æнтыст, кæрæдзиæмбарынад. Æмæ уымæй раст зæгъы. Æнтыст та милицийы кусæгмæ æнцонæй не рцæудзæн. Арæх сæ бахъæуы сæхи удтæн тас уæвгæйæ сæ хæстæ æххæст кæныны сæр. Ахæм цаутæй Григори тынгдæр бахъуыды кодта 2011 азы æвзæрстыты фæстæйы рæстæг. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уæд Мидхъыддæгты министрад æмæ Сæрмагонд Нысаниуæджы Къорды уæнгтæ фидар удыхъæд куы нæ равдыстаиккой, уæд гæнæн уыдис æмæ æрцыдаид стыр æнамонддзинæдтæ.

Йемæ ныхаскæнгæйæ рахатыдтæн йæ дæлбар уæвæг дыууадæс службæгæнæгæй райгонд кæй у, фæлæ æнæ раппæлгæ нæ фæцис Дзеранты Гиуæрги, Гыбаты Марат, Къацты Михаил æмæ æндæртæй.

Нæ вæййы афтæ æмæ Григори куысты ма афæллайа, фæлæ куыддæр хæдзармæ бацæуы, йæ цардæмбал Тедеты Аленæ æмæ йæ хъæбултæ Ацæмæз æмæ Елинæйы мидбылхудгæ фены, афтæ йæ фæллад цыдæр фæвæййы.

Райсом Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы Къорд нысан кæны йæ сырæзты 29 азы бон æмæ сын газет «Хурзæрин»-ы редакцийы кусджытæ дæр арфæ кæнынц, хуыцау уын радтæт ахæм амонд æмæ уæ уæ бæстæ æмæ адæмы макуал бахъæуæд знагæй, æндæр зындинæдтæй бахъахъхъæныны сæр.

                                                                       ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.