Раздæхтой йын æвзæрстыты хайад райсыны бар

Миланы цæстдарæн тæрхондон сребилитаци кодта Италийы раздæры премьер-министр Сильвио Берлусконийы, æвзæрстыты хайад райсыны бар ын раздахгæйæ. Тæрхондоны уынаффæ ивы италиаг тæрхондонон органты уый размæйы уынаффæты, кæцытæм гæсгæ 81-аздзыд политикæн йæ бон нæ уыд паддзахадон бынæтты кусын æмæ æвзæрстыты хайад исын суанг дæр 2019 азы онг. Берлускони у парти «Вперед, Италия»-йы лидер. 2013 азы Берлусконийæн рахастой цыппар азы йæ сæрибардзинад байсыны тæрхон финансон махинациты тыххæй. Политик кардзыд кæй у, уымæ гæсгæ йæ ахæстоны не сбадын кодтой, фæлæ йын  æххæст кæнын кодтой æхсæнадон пайдайы куыстытæ.

Украинæйы хæстонтыл æрцыд уды зиæнттæ

Украинæйы æфсады фараст хæстоны фæмард сты горæт Горловкамæ æввахс Донецкы Адæмон Республикæйы Гарзджын тыхты позицитæ атонынмæ куы бафæлвæрдтой, уæд. Уый размæ Украинæйы хæстонтæ дыууæ взводы тыхтæй бафæлвæрдтой Горловкайы здæхты сæ позицитæ фæтыхджындæр кæнынмæ, фæлæ сæ Донецкы Адæмон Республикæйы тыхтæ æрурæдтой æмæ сыл æрцыд уды зиæнттæ. Донецкы Адæмон Республикæйы фарсырдыгæй фæмард сты дыууæ бархионы.

Ацыдысты Дамаскы цур анклавæй

«Ислаймаг паддзахады» къорды 3000 боевикæй фылдæр ацыдысты Дамаскы хуссар хайы Ярмукы анклавæй. Террористтæй сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрыныл чи не сразы, уыдоны ракæныны операци ахæссыд аст боны дæргъы. Гуманитарон къæлидор хъахъхъæдтой уæрæсейаг æфсæддон полициæгтæ. Боевиктæ ацыдысты 4 цæрæн пунктæй. Иумиагæй Скæсæйнаг Гутайы уавæр у сабырдæр. Æндидзыд цæуы сабыр царды процесс».

Сæхгæндзысты ядерон полигон

Кореяйы Адæмон Демократон Республикæйы фехъусын кодтой Пхунгерийы ядерон полигон сæхгæныны æмгъуыдтæ. Ядерон полигон сæхгæныны церемони план кæнынц 23-25 майы ауадзынмæ. Бæстæйы къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ, полигоны ликвидациимæ баст мадзæлттæ равдисынмæ уагъд æрцæудзысты æрмæстдæр Уæрæсейы, АИШ-ы, Хуссар Кореяйы, Китайы Адæмон Республикæйы æмæ Стырбританийы журналисттæ. Уый размæ дыууæ Кореяйы къухтæ æрфыстой сабырадон бадзырдыл æмæ аскъуыддзаг кодтой Кореяйы æрдæгсакъадахы æххæст денуклеаризаци ауадзын.

Парламентон æвзæрстытæ

Иракы парламентон æвзæрстыты рæстæджы æвзарæн фадгуытæм æрбацыдысты цæрджыты 44,54%.  Æвзарджыты нымæц уыд 24, 5 милуан адæймаджы. Æдæппæтæй æвзæрстыты хайад райстой 87 партийы 7 мин кандидаты, уыдонæй 2 минæй фылдæр уыдысты сылгоймæгтæ. Æвзæрстыты рæстæджы горæт Абу-Сайды  центры æрхаудысты цыппар снаряды, алыгъуызон травмæтæ райстой цыппар адæймаджы. Дыууæ террористы бафæлвæрдтой горæт Баакубайы æвзарæн фадыг сатакæ кæнынмæ, фæлæ сæ скуынæг кодтой æдасдзинады кусджытæ.

Азарыдысты хæстон зарджытæ

Уæрæсейаг вокалон коллективтæ «Хор Турецкого» æмæ “SOPRANO Турецкого» ралæууыдысты ИНО-йы Генералон Ассамблеяйы залы. Музыканттæ равдыстой Дыккаг Дунеон хæсты ветеранты цытæн программæ. Æххæст æрцыдысты ахæм зарджытæ, куыд, зæгъæм, «Смуглянка», «Три танкиста», «Катюша», «День Победы», дунейы адæмты зарджытæ, оперон уацмыстæ. Михаил Турецкийы ныхæстæм гæсгæ, концерты нысан уыд уæрæсейаг-америкæйаг ахастытыл æвæрццагæй бандавын.

Сæххæст кодтой планон атахтытæ

Уæрæсейы дард авиацийы хæдтæхджытæ сæххæст кодтой планон атахтытæ Арктикæйы сæрмæ. Ту-95МС æмæ Ту-142 атахтысты Цæгат Ихджын океан, Берингы æмæ Охотскы денджызты акваториты нейтралон дæтты сæрмæ. Уæрæсейы хъахъхъæнынады ведомствойы куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ хæдтæхджытæ æртаг ныккодтой уæлдæфы.

Теракт

Трагеди æрцыд Францы столицæ Парижы центры. Изæры Парижы уынгтæй сæ иуы æбæрæг адæймаг сатакæ кодта уынджы цæуджытыл. Нæлгоймаг кардæй цавта адæмы, пысылмон лозунгтæ хъæр кæнгæйæ. Иу адæймаг фæмард, цыппар адæймаджы фæцæфтæ сты. Муниципалон полицийы кусджытæ фыдгæнæджы дæс минуты фæстæ скуынæг кодтой. Инциденты фæдыл бæрндзинад йæхимæ райста «Пысылмон паддзахад»-ы террористон къорд. Куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ фыдгæнæг уыд Цæцæны Республикæйæ рацæугæ. Террористы ныййарджыты æрцахстой, сæ хæдзары сын баджигул кодтой.

Срæмыгъдтытæ

Индонезийы æртæ чырыстон аргъуаны айхъуыстысты срæмыгъдтытæ, кæцыты фæстиуæгæн фæмард сты 13 адæймаджы, 40 та райстой алыгъуызон травмæтæ. Уымæй иу боны фæстæ Индонезийы дыууæ горæты æрцыд ног срæмыгъдтытæ. Уый размæ теракттæ кæм æрцыд, уыцы горæт Сурабайы полициаг управленийы цур срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард авд адæймаджы. Терактты тыххæй бæрндзинад йæхимæ райста индонезиаг пысылмон къорд «Нахдатул Улама».

Хисæрмагонд науы фæлварæнтæ

Китай райдыдта хисæрмагонд хæдтæхджытæ хæссæг науы фæлварæнтæ. Нау ацыд Ляонины провинци Даляны портæй. Ног науы арæзтад райдыдта 2013 азы ноябры. Эксперттæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ, ног нау йе ‘ддаг бакастæй у «Ляонон»-ы хуызæн.  Сæ ныхæстæм гæсгæ, хæдтæхджытæ хæссæг дыууæ науимæ Китайы рейтинг схиздзæн дунейы.  Фæлæ уæддæр нырма дард у дунеон лидер – АИШ-æй, кæцымæ службæйы ис æххæстмасштабон хæдтæхджытæ хæссæг дæс науы. Китайы бакуыстгонд хæдтæхджытæ хæссæг науы ис 700 милуан деталы æмæ хайы. Æфсæддон эксперттæ æнхъæлынц, зæгъгæ, Китай ууыл не ‘рлæудзæн æмæ сæ ныфс ис, бæстæйы кæй фæзындзысты ног баххæстгонд наутæ.

Официалон визит

Ираны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джавад Зариф кусæгон балцы уыд Китайы. Йæ китайаг коллегæ Ван Иимæ баныхæсты рæстæджы уыдон ралæууыдысты Тегераны ядерон программæйы фæдыл архайдтыты иумиаг план бахъахъхъæныны æвварс. Джавад Зариф раарфæ кодта йæ китайаг коллегæйæн сæ позицийы тыххæй æмæ фехъусын кодта Тегеран цæттæ кæй у бадзырды æппæт фæрстимæ баныхæстæм.

 Хъахъхъæнынц ссæрибаргонд районты

Уæрæсейы æфсæддон полициийы дæлхæйттæ райдыдтой боевиктæй ссæрибаргонд Дамаскы хуссар районты хъахъхъæнын. Ныртæккæ ацы районты сæйраг уынгты архайныц цæугæ æмæ моторизацигонд патрултæ, афтæ уым æвæрд æрцыдысты хъусдарæн посттæ. Уымæй дарддæр ма сын хорз ахастытæ ис бынæттон цæрджытимæ æмæ сын хъусын кæнынц информаци.

«Евровидение – 2018»

Португалийы столицæ Лиссабоны уагъд æрцыд «Евровидление – 2018». Зарджыты 63-æм конкурсы финалы хайад райстой 26 бæстæйы. Конкурсы фæуæлахиз Израилы минæвар Нетта Барзилай. Зарæггæнæг райста 529 баллы. Дыккаг бынат бацахста Кипры минæвар Елена Фурейра. Æртыккаг позицийыл та ацыд Австрийы минæвар Сезар Сэмпсон. Фидæнмæ конкурс уагъд æрцæудзæн Иерусалимы.

Минæварад байгом кæныны церемони

14-æм майы Иерусалимы уыд АИШ-ы ног минæварады байгом кæныны церемони, кæцы хаст æрцыд Тель-Авивæй. Ивгъуыд азы кæрон Вашингтон Иерусалимы банымадта Израилы столицæйыл. Уый фæстæ уайтагъд Дональд Трамп ныфс бавæрдта, зæгъгæ, АИШ-ы минæварад Тель-Авивæй хаст æрцæудзæн Иерусалиммæ. Церемонийы хайад райстой 800 адæймаджы, уыцы нымæцы АИШ-ы официалон минæвæрттæ. УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ ацы уынаффæйæн ис тæссаг потенциал.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.