Æрхауд бæлццæттæласæн хæдтæхæг

Мæскуыйы цур æрхауд бæлццæттæласæн хæдтæхæг. Науы бортыл уыдысты 65 бæлццоны æмæ экипажы 6 уæнджы. Хæдтæхæг тахт Мæскуыйæ Орскмæ. Фæмардуæвджыты хиуæттæн мæсæллæйы ныхæстæ загъта УФ-йы Президент Владимир Путин. Трагедийы тыххæй Президент Сочимæ йæ кусæгон балц ахаста фæстæдæрмæ, цæмæй сæрмагондæй йæхæдæг координаци кæна трагедийы фæдыл сæрмагонд къамисы куыстыл. Фæмардуæвджыты ‘хсæн ис æртæ сывæллоны. 12-æм февраль Оренбургы областы расидт æрцыд фыдохы бонæй.

 

Хорзæхджын æрцыдысты уæлахиздзаутæ

Сочийы уагъд æрцыд æппæтуæрæсейон конкурс «Лидеры России»-йы уæлахиздзауты хорзæхджын кæныны церемони. 103 уæлахиздзауæн хорзæхтæ радта УФ-йы Президенты администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Сергей Кириенко. Конкурсы уæлахиздзаутæ систы Уæрæсейы 24 регионы 29 горæты минæвæрттæ. Уыдонæн се ‘ппæтæн дæр сæ бон уыдзæн азы дæргъы бæстæйы хуыздæр разамонджытæй консультацитæ исын. Æдæппæт конкурсы хайад истой 199 мин адæймаджы, уыдонæй æрдæгфиналмæ  ахызтысты 2700 адæймаджы. Се ‘хсæнæй рахицæн кодтой 300 финалисты, кæцытæ райсдзысты гранттæ иу милуан сомы бæрц.

 

Сатакæ кодтой æфсæддон объектты

Израилаг хæдтæхджытæ Сирийы централон хайы сатакæ кодтой бæстæйы æфсæддон объектты, уый фæстиуæгæн сирийаг уæлдæфон хъахъхъæнынад райдыдтой æхсын æмæ æрæппæрстой хæдтæхджытæй сæ иуы.

 

Ныхас кодтой телефоны

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Израилы премьер-министр Биньямин Нетьаняху телефоны уынаффæ кодтой Сирийы Израилы Уæлдæфон æфсæддон тыхтæ ракетон цæф кæй фæкодтой, уый тыххæй. Владимир Путин æрсидт Тель-Авивмæ, цæмæй æнæуыйдæр вазыгджын уавæр цы регионы ис, уым уавæр мауал æндыгъддæр кæной. Уый размæ Израилы æфсæддонтæ æрæппæрстой ирайнаг æнæпилотон тæхæн аппараты, кæцыйы рауагътой Сирийы ‘рдыгæй. Фæстæдæр Пентагоны фехъусын кодтой, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ «хайад нæ истой израилаг æфсæддон операцийы», фæлæ хæцынц дзуттаг пад-дзахады территоритæ бахъахъхъæныны æвварс.

 

Фембæлд цæгат Кореяйы минæвæрттимæ

Хуссар Кореяйы Президент Мун Чжэ Ин фембæлд Кореяйы Адæмон Демократон Республикæйы делегациимæ, кæцыйы сконды уыдысты Хуссар Кореяйы Уæлдæр адæмон æмбырды (парламент) президиумы сæрдар Ким Ен Нам æмæ бæстæйы Президент Ким Чен Ын-ы хо Ким Е Чжон. Баныхæстæ цыдысты æртæ сахаты бæрц. Сæ мидисы тыххæй ницы хъусын кæнынц. Уый уыд фыццаг ахæм фембæлд дыууæ бæстæйы къухдариуæгады минæвæртты ‘хсæн.

 

Фæхуыдта йæ

Пхеньянмæ

Цæгат Кореяйы Президент Ким Чен Ын фæхуыдта Хуссар Кореяйы президент Мун Чже Ины, цæмæй уый цыбырддæр æмгъуыдты визитимæ бабæ-рæг кæна Пхеньяны. Уый тыххæй Хуссар Кореяйы президентæн фехъусын кодта Цæгат Кореяйы президенты хо Ким Е Чжон. Банысан кæнын хъæуы, уый Хуссар Кореяйы кæй у Цæгат Кореяйы лидеры сæрмагонд æрвыст адæймаг. Хуссар Кореяйы президент ныфс бавæрдта, зæгъгæ, бабæрæг кæндзæн Пхеньяны «æнæмæнгхъæуæг баныхæсты фæстæ».

 

Райтынг кодта Уæрæсейы

тырыса

Америкæйаг Филип Вахуда Пхенчханы Олимпиадæ байгом кæныны церемонийы райтынг кодта Уæрæсейы тырыса, уæрæсейаг спортсменты фарс хæцыны нысанæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, афтæ сарæзта Виктор Ан æмæ Антон Ши-пулины кадæн, кæцыты нæ фæхуыдтой зымæгон хъæзтытæм. Америкæйаг куыд загъта, уымæ гæсгæ растыл нæ нымайы уæрæсейаг тыхджындæр спортсментæ Олимпиадæйы хайад кæй нæ исынц, уый.

Æнтыстджынæй бафæлвæрдтой ракетæ

Уæрæсейаг æфсæддонтæ æнтыстджынæй бафæлвæрдтой ПРО-йы системæты модернизацигонд ракетæ Казахстаны Сары-Шаганы полигоны. Ракетæ йæ хæс сæххæст кодта æнтыстджынæй æмæ сæмбæлд «снысангонд нысаныл», – уый тыххæй фехъусын кодтой УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады. Æввахс рæстæджы ракетæйæ сифтонг кæндзысты æфсæддон объектты, фæлæ уал уæдмæ уагъд æрцæудзысты, цы фæлварæнтæ ма баззадысты, уыдон. Ног ракетæйы фыццаг фæлварæн уыд ивгъуыд аз ноябры кæрон.

 

Турк æлхæндзæн уæрæсейаг катерты

Турк цымыдис кæнын райдыдта Уфайы инженерты бакусгæ катертæм, сæ уникалон техникон характеристикæтæм гæсгæ. Катер «Чайка»-йæн йæ бон у чысыл дæтты цæуын дæр æмæ æгæрыстæмæй, бирæ брон кæм ис, ахæм доны дæр. Инженертæ ацы проектыл кусынц 10 азы дæргъы. Проект бакусджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм техникæйæ пайда кæнынмæ бацымыдис кодтой Уæрæсейы тыхон æмæ ирвæзынгæнæн ведомствотæ.

 

Скъолатæ æхгæд æрцыдысты

Сургут æмæ Ханты-Мансийскы скъолаты ахуыргæнинæгтæ 8-æм февралæй раконд æрцыдысты дистанцион ахуырмæ гриппы сытынгы фæдыл сæм карантин баконд кæй æрцыд, уый тыххæй.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.