Æрсидт фидыдадмæ

ИНО-й Генералон секретарь Антониу Гутерриш æрсидт хуссаркорейаг Пхенчханы Олимипион хъæзтыты рæстæджы Олимипион фидыдад бахъахъхъæнынмæ. Дунеон организацийы сæргълæууæг  зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, нæ эрæйы агъоммæ 8-æм æнусы Рагон Грецийы сæвзæргæ ацы рагон традици бахъахъхъæнын ныры хуызæн ахсджиаг никуы у, уымæн æмæ ерыстæ цæудзысты Корейаг æрдæгсакъадахы. «Æз сидын æппæт конфликтгæнæг фæрстæм Пхенчханы Олимпион æмæ Паралимпион хъæзтыты рæстæджы фидыдад бахъахъхъæнынмæ. Уадз, Олимпион зынг æрттивæд адæймагады æмзæрæ-дæдзинады нысанæн», – фехъусын кодта Гуттериш.

Фæмард 100 адæймаджы

АИШ-ы сæргълæудæй коалицийы æфсæдтæ амардтой Сирийы Президент Башар Асады дæлбар къордтæй 100  хæстонæй фылдæр, – фехъусын кодта америкæйаг официалон адæймаг, кæцыйы нæ бафæндыд йæ ном схъæр кæнын.

Ракетæтæ сусæггаг каналтæй

УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар Игорь Конашенков сарæзта хъусынгæнинаг, Сирийы уавæры æмæ уæрæ-сейаг æфсæддонтæ ацы бæстæйы сабырдзинад сфидар кæныны тыххæй цы аразынц, уый фæдыл. Сирийы уавæр дестабилизацийы сæйраг аххосджынтæ сты «Ал-Каида», «Джабхат ан-Нусра». Уыдонæн иуæй-иу бæстæтæ хæцæнгарз æмæ материалон фæрæзтæй æххуыс кæнгæйæ, тырнынц сабырадон процесс фехалынмæ æмæ рæстæмбис оппозицийы къордты деэскалицийы зонæйæ аппарынмæ. «УФ-йы Хъахъхъæнынады министрад кусы хæсгæ зенитон ракетон комплекстæй террористты чи ифтонг кæны, уыцы бæстæ сбæрæг кæныныл», – фехъусын кодта уый.

ЦÆК срегистраци кодта кандидатты

УФ-йы Централон æвзарæн къамис фæцис Президенты бынатмæ кандиадатты регистраци кæныны процесс. Бæстæйы сæргълæууæджы бынатыл тох кæндзысты аст адæймаджы: иу йæхи чи раразмæ кодта уый, æмæ партитæй раразмæгонд 7 минæвары. ЦÆК-ы фехъусын кодтой, зæгъгæ, 13-æм февралы уыдзæн хæлттææппæрст президенты бынатмæ кандидатты ‘хсæн æнæаргъæй эфирон рæстæг адих кæныны фæдыл.

Схорзæхджын кодта æвзонг

ахуыргæндты

Уæрæсейы Зонады боны Владимир Путин æрцыд Новосибирскмæ, цыран уый уынаффæ кодта глобалон иртасæн проекттæ, ног технологитæ ныббиноныг кæныны фарстытыл. Президент банысан кодта, зæгъгæ, бæстæ ахуыр-гæндтæм æнхъæлмæ кæсы ног уынаф-фæтæм, кæцытæн сæ бон суа адæмы цард фæивын. Æвзыгъд сывæллæттæ, фидæны физиктæ æмæ математиктимæ Президент уынаффæ кодта зонадон интерестыл. Уый фæстæ паддзахады сæргълæууæг фембæлд Уæрæсейы зонæдты академийы Сыбыры хайады ахуыргæндтимæ. Президент зонад æмæ инновациты фадыджы æвзонг ахуыргæндты схорзæджын кодта премитæй.

Рахæцыд синхротрон саразыны æвварс

Уæрæсейы зонæдты академийы Сыбыры хайады ахуыргæндтимæ фембæлды фæлæ-гæтты ныхас кæнгæйæ, УФ-йы Президент Владимир Путин фехъусын кодта, зæгъгæ, уый хæцы уæрæсейаг синхротрон саразыны идеяйы æвварс. Ацы ифтонгад нысангонд у нанометрон æмвæзадыл буарадты структурæтæ ахуыр кæныны тыххæй. Ахæм проекты аргъ у 40 миллиард сомы.

Йæ къух æрфыста меморандумыл

Коллективон æдасдзинады бадзырды организаци (ОДКБ) йæ къух æрфыста меморандумыл ИНО-йы контртеррористон комитетимæ. «2018 азы ОДКБ-йы куысты приоритеттæй иу у терроризмы ныхмæ тох кæнын. Мах ныридæ-гæн æрæвнæлдтам ацы приоритеты реализацимæ, мах æнгомæй кусæм ИНО-йы контртеррористон комитетимæ, сарæзтам æмбæлон меморандум, кæцымæ гæсгæ кусдзыстæм дарддæр», – фехъусын кодта ОДКБ-йы генералон секретары хæдивæг Валерий Семериков.

Ныхас кодтой телефоны

Уæрæсе æмæ Туркы Президенттæ Владмир Путин æмæ Реджеп Тайип Эрдоган телефоны ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой Ираны Президент Хасан Роуханийы хайадстæй æр-тæфарсон форматы саммит сорганизаци кæныныл. Паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Дмитрий Песков куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ нырма бæрæг нæу ахæм саммиты ауадзыны бон.

Парады – баллистикон ракетæ

 «Хвасон-15»

Кореяйы Адæмон Демократон республикæ æфсæддон парады равдыста æхсæн-континенталон баллистикон ракетæ «Хвасон-15». Парады трансляци кодта бæстæйы теле-уынынад. Хайад дзы райста Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ын. «Цалынмæ Иугонд Штаттæ сæ фыдзæрдæйон политикæ нæ аивой, уæдмæ Кореяйы адæмон армийы мисси дарддæр кæндзæн бæстæ бахъахъхъæныны тыххæй», – банысан кодта Ким Чен Ын.

Тæрхондон не сразы апелляцитыл

Спортивон арбитражон тæрхондон не сразы уæрæсейаг спортсменты апелляцитыл, кæцыты дунеон Олимпион комитет нæ фæхуыдта Хуссар Кореямæ зымæгон хъæзтытæм. Æдæппæтæй тæрхондонмæ лæвæрд æрцыд 47 куырдиаты, уыдонæй 32 сты æнæлаз антидопингон репутациимæ. Тæрхондоны ацы уынаффæйы фæдыл УФ-йы Паддзахадон Думæ сараздзæн хъусынгæнинаг.

Фехæлдтой сабырдзинады режим

Украинæйаг тыхон структурæты æфсæддонтæ  Донецкы Адæмон Республикæйы суткæйы дæргъы 11 хатты фехæлдтой сабырдзинады режим. Уыдон фехстой республикæйы аст цæрæн пункты. Уыимæ  спайда кодтой минометтæ, гранатаметтæ æмæ æндæр хæцæнгæрзтæй.

Рахастой йын тæрхон

Хуссар-Сахалинаг горæтон тæрхондон аххосджыныл банымадта Сахалины областы экс-губернатор Александр Хорошавины гæртæмттæ æмæ паддзахадон æхцатæ хибакæныны фактты тыххæй æмæ йын рахастой 13 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон, афтæ ма йæ фæивар кодтой 500 милуан сомы.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.