НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров телефоны ныхас кодта АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеоимæ. Лавров йæ америкæйаг коллегæйы бафæдзæхста, зæгъгæ, Мæскуыйы ныхмæ Вашингтоны радон санкциты баконд æркæндзæн негативон фæстиуджытæм. Афтæ ма уыдон æруынаффæ кодтой Сири æмæ Венесуэлæйы уавæрыл. Лавров банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе цæттæ у венесуэлæйаг темæйы фæдыл ИНО-йы уагæвæрдты принциптæм гæсгæ консультацитæ ауадзынмæ.

УФ-ЙЫ НАЦИОН ПРОЕКТТЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы Хицауад ныммыхуыр кодта национ проектты параметртæ, кæцыты хæрдзтæ уыдзысты 25,7 трилуан сомы æхсæз азы дæргъы, Владимир Путины майы барамынды нысæнттæ сæххæст кæныны фæлгæтты. Нацпроекттæ бакуыст æрцыдысты 12 здæхты. Сæ сæххæст кæныны æмгъуыдтæ фæуд кæнынц 2024 азы 31 декабры. Нацпроекттыл хицауад уынаффæ кæндзæн Уæрæсейы инвестицион форумы, кæцы уагъд æрцæудзæн Сочийы 14-15 февралы. Уый фæстæ 20 февралы УФ-йы президент Владимир Путин Ныстуан сараздзæн Федералон æмбырдмæ.

БАДЗЫРДТОЙ ÆМГУЫСТАД АДАРДДÆР КÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ

Уæрæсе æмæ Турчы хъахъхъæнынады министрадтæ фехъусын кодтой Сириаг Арабаг Республикæйы Идлибы зонæйы демилитаризацигонд зонæйы æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл фæндвидар мадзæлтты ахсджиагдзинад æмæ æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй. «Провокацитæм нæ кæсгæйæ, банысан æрцыд дыууæ паддзахады развæдсгæрсты æмæ гарзджын тыхты ‘хсæн æмгуыстад адарддæр кæныны ахсджиагдзинад æмæ æнæмæнгхъæуындзинад Идлибы сабырдзинад сфидар кæныны æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны тыххæй», – дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

АРÆЗТ ÆРЦÆУДЗÆН НÆМЫГОНТЫ ЭКСПОРТЕРТЫ ЦÆДИС

УФ-йы хъæууон хæдзарады министр Дмитрий Патрушев куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсейы арæзт æрцæудзæн нæмыгонты экспортерты цæдис, цæмæй хуыздæр æмбæрстгонд уой базары тенденцитæ æмæ домæнтæ. Уымæ гæсгæ, зæгъ, хъæуы тыхджын баиугæнд саразын, кæцы æвдисдзæн сæйраг экспортерты интерестæ. Цæдис арæзт æрцæудзæн ацы азы апрелы мæйы.

ÆФСÆДДОН АХУЫРТÆ

Венесуэлæйы уагъд цæуынц бæстæйы историйы иууыл егъаудæр æфсæддон ахуыртæ, цыран æфсадæй дарддæр  хайад исынц Боливариаг милицийы тыхтæ. Ахуыртæ аххæсдзысты 15 феварлы онг æмæ хъуамæ фенын кæной венсуэлæйаг æфсады хæстон цæттæдзинад æмæ лоялондзинад, афтæ ма æфсады æмархайд Боливариаг милициимæ, кæцы планмæ гæсгæ хъуамæ æнгомæй æмгуыст кæна æфсæддонтимæ. Ахуырты ахсджиаг момент у милици æмæ æфсæддонты иумиаг архайдтытыл  бакусын,  америкæйæгтæ  тыхон вариантæй куы спайда кæной, уымæн дзуапп радтыны сæраппонд.

ПОМПЕОЙЫ БАЛЦ ВЕНГРИМÆ

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео официалон визитимæ бабæрæг кодта Венгрийы, цыран бæстæмæ æрсидт, цæмæй хæлар ма уой Уæрæсеимæ. Уый хыгъд æрсидт  Централон Европæйы америкæйаг æндæвдад фæтыхджындæр кæнынмæ. Йæ рады Венгрийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петер Сийярто бамбарын кодта, Уæрæсеимæ йæ бæстæйы партнерон ахастыты тыххæй, уыцы нымæцы газы транспортон фадыджы дæр, ома, гæнæн ис баиу уа «Турецкий поток»-мæ æмæ фæстейæ ма баззайа ныгуылæневропæйаг бæстæтæй. Уæрæсеимæ æмгуыстад Будапешты нæ бахъыгдардзæн Иугонд Штаттæ æмæ НАТО-йы æууæнкджын æмцæдисон уæвынæн.

УÆРÆСЕЙЫ НЫМАЙЫНЦ ПАРТНЕРЫЛ

Помпео Венгримæ æрцыд, Венгрийы премьер-министр Виктор Орбан «Уæрæсе æмæ Туркы хуызæн бæстæ саразынмæ куы хъавы, уыцы рæстæджы.  Уымæй дарддæр ма Венгрийы хицауады сæрдар Мæскуыйы нымайы сæ бæстæйы партнерыл, Уæрæсеимæ аразы ба-дзырдтæ атомон электростанц саразыны фæдыл, критикæ кæны ныгуылæйнаг санкцитæ æмæ у НАТО-мæ Украинæйы бацыды фæдыл баныхæсты ныхмæ. Венгрийы ахæм уагахаст æнæразыдзинад расайдта Иугонд Штаттæм.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ баурæдтой Ростовы областы сæйраг архитектор Алексей Полянский æмæ Ростовы сæйраг архитектор Роман Илюгины. Уыдонмæ зæрдæ фехсайдта арæзтæдты тыххæй бар радтыны рæстæджы сæ куыстмæ æнæмæт ахаст кæй равдыстой, уымæй.

СХЫЗТ АИШ-Ы ПАДДЗАХАДОН ХÆС

Фыццаг хатт историйы Иугонд Штатты паддзахадон хæс ахызт 22 трилаун долларæй, кæцы у историон рекорд. Æрмæст ивгъуыд мæйы сæ паддзахадон хæсмæ бафтыд  90 миллиард долларæй фылдæр, æмæ фæстаг иуæндæс мæйы та – иу трилуан долларæй фылдæр.

МИТИНГТÆ

Каракасы уагъд цæуынц президент Николас Мадуройы фарсхæцджыты æмæ ныхмæлæуджыты митингтæ. Мадуройы фарсхæцджыты демонстрацийы хайад райстой цалдæр мин адæймаджы. Уыдонæй æртæ километр æддæдæр та уагъд цыд оппозицийы минæвæртты митинг.

ОФИЦИАЛОНÆЙ АИВТА ЙÆ НОМ

Республикæ Македони официалон æгъдауæй аивта йæ ном Республикæ Цæгат Македонимæ. Ацы хъуыддаг саразын сæ къухты бафтыд 2018 азы 17 июны Грециимæ сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фæстæ. Македонийы хицауад паддзахадон бæстыхæйтты æддаг къултæй райстой бæстæйы номимæ табличкæтæ æмæ сæ ивынц ног номимæ табличкæтæй. Афтæ ма ивд æрцыд хицауады официалон сайт дæр.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.