КОЛЛЕГÆТЫ ФЕМБÆЛД СОЧИЙЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин Сочийы æнæформалон уавæры фембæлд Хъыргъыстаны президент Сооронбай Жээнбековимæ. Лидертæ уынаффæ кодтой дыууæварсон ахастыты рæзтыл æмæ æндæр актуалон фарстытыл. Уæрæсейы Президент йæ коллегæимæ фембæлд схуыдта цыбыр, фæлæ мидисджын. Уынаффæ кодтам, дарддæр æфсæддон арæзтады, æфсæддон æмгуыстады фадыджы куыстыл, афтæ миграцион политикæйыл дæр, – загъта Путин.

 

САРÆЗТА ФЫЦЦАГ АТАХТ

Дард радиолокацион иртасæнты ног хæдтæхæг А-100 сарæзта йæ фыццаг атахт. УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады банысан кодтой, зæгъгæ, хæдтæхæджы гæнæнтæ сты бирæ фылдæр куыд фыдыбæстæйон, афтæ фæсарæйнаг аналогтæй дæр. «Радиолокацион иртасæнты ногдæр бирæ-функционалон авиацион комплекс райдыдта развæлгъау сæрдыгон фæлварæнты программæ æххæст кæнын æмæ сарæзта йæ фыццаг атахт», – загътой ведомствойы.

 

СÆРИБАР ÆРЦЫДЫСТЫ ФАРАСТ ИНÆЛАРЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин йæ барамындæй сæ куысты бынæттæй ссæрибар кодта тыхон структурæйы фараст инæлары æмæ дыууæ булкъоны. Ацы барамындæй тыхон структурæты æндæр æмæ  æндæр бынæтты нысан æрцыдысты 30 адæймаджы.

ФÆБÆРЗОНДДÆР УÆРÆСЕЙЫ РЕЙТИНГ

Дунеон рейтингон агентад Moody’s фæбæрзонддæр кодта Уæрæсейы кредитон рейтинг «ВааЗ»-йы инвестицион æмвæзады онг стабилон прогнозимæ. «Уæрæсейы рейтинг кæй фæбæрзонддæр, уый æвдисы политикæйы позитивон æндæвдад, кæцы ист æрцыд фæстаг азты бæстæйы æууæнкджын финансон æмæ æндæр æддагон бæрæг-гæнæнты сфидар кæнынæн», – дзырдæуы рейтингон агентады релизы.

ÆРЦЫДЫСТЫ КОМПРОМИССМÆ

Герман æмæ Франц æрцыдысты компромиссмæ газуадзæн «Северный поток-2»-йæн арæнты фарсты фæдыл Евроцæдисы газы директивæ фæкарздæр кæныны фæлгæтты. «Франц æмæ Герман Евроцæдисы сæ партнертæм æрбавдыстой компромиссон уынаффæтæ, цæмæй райст æрцæуой ног уагæвæрдтæ газы транспортировкæйы фадыджы». Ацы фæндоны æвварс ныр хъуамæ рахæцой Евроцæдисы иннæ бæстæтæ дæр. Еврокъамис цы барасткæнинæгтæ бахаста, уыдон сæ тыхы куы бацæуой, уæд Евроцæдис апарахат кæндзæн ног уагæвæрдтæ «Северный поток» æмæ «Северный поток -2»-йы газуадзæнтыл.

 

ЕÆÆО-ЙЫ СИДТ

ЕÆÆО-йы сæрдар, Словакийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мирослав Лайчак æрсидт Киевмæ Украинæйы президетон æвзæрстыты æппæт цымыдисгæнæг бæстæты, уыцы нымæцы Уæрæсейы цæстдарджыты аккредитаци сфитонг кæнынмæ. «Æвзæрстытæм цæстдарды хæдбардзинад, нейтралитет æмæ профессионализмæн ис ахсджиаг нысаниуæг», – загъта уый.

НÆ АРВИТДЗÆН ЙÆ ЦÆСТДАРДЖЫТЫ

Уæрæсе йе ‘мбæстæгты æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй райста уынаффæ, Украинæмæ президентон æвзæрстытæм йæ цæстдарджыты кæй нæ арвитдзæн, уый тыххæй. УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады банысан кодтой, зæгъгæ, дунеон мониторингон мисситы сконды уæрæсейаг цæстдарджытæ куынæ уой, афтæ ма Украинæйы президенты æвзæрстыты Уæрæсейы территорийыл милуангай украинæйаг æмбæстæгтæн хъæлæс радтыны фадат кæй нæ уыдзæн, уый дызæрдыджы æппары адæмы фæндондзинады хатдзæгты объективондзинадæн.

ФЫЦЦАГ ДУНЕОН СПОРТИВОН ХЪÆЗТЫТÆ

9 февралы Южно-Сахалинскы стадион «Спартак»-ы уыд Фыццаг зымæгон дунеон спортивон хъæзтытæ «Дети Азии»-йы байгом кæныны цытджын церемони, кæцыты хайад исынц дунейы 20 бæстæйӕ 1200 спортсмены. Хъæзтытæ уагъд цæудзысты 9 февралæй 16 февралмæ. Сæ хайадисджытæ ерыс кæндзысты спорты аст хуызæй.

 

ПРОТЕСТОН МИТИНГ

Мадриды центры  уагъд æрцыд бирæминон митинг Испаны иудзинады сæраппонд æмæ æмгъуыдæй раздæр парламентон æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй. Протестон акцийы организатортæй ралæууыдысты оппозицион партитæ. Акцийы хайад райстой бæстæйы æндæр регионты цæрджытæ дæр. Митинггæнджытæ Педро Санчесы социалистон хицауадæй  æрдомдтой, цæмæй уыдон æруромой Каталонийы хицауадимæ диалогы политикæ.

ФЕХСТОЙ МИНИСТРЫ ХÆДЗАР

Киевы радикалтæ фейерверктæй фехстой Украинæйы мидхъуыддæгты министр Арсен Аваковы хæдзар. Активисттæ министрæй домдтой, цæмæй сбæрæг кодтаиккой Катя Гандзюкы амарыны закъазгæнджыты. Аваковы æмбондыл ныффыстой: «Чи ныззакъаз кодта Катя Гандзюкы». 2018 азы ноябры Украинæйы амард Херсоны горæтон советы æххæсткомы хъуыддæгтыл къухдариуæггæнæг 33 – аздзыд Екатеринӕ Гандзюк, кæцыйыл уыцы аз июлы мæйы бакалдтой сондоны туагад. Сылгоймаг амард рынчындоны, цыран уый арвыста фæстаг цалдæр мæйы.

 

СРАТИФИАЦИ КОДТА СУАГЪÆЙЫ

Грецийы парламент сратификаци кодта НАТО-мæ Македонийы бацыды тыххæй суагъæ. Хъæлæсæппæрст уыд номгай, 294 депутатæй йе ‘вварс рахæцыдысты 153 депутаты, йæ ныхмæ схъæлæс кодтой 140 депутаты. Уый размæ НАТО-мæ Македонийы бацæуыны тыххæй суагъæйыл сæ къухтæ æрфыстой бæстæтæ – Цæгататлантикон альянсы уæнгтæ.

РАХАСТА  СЫН  ТÆРХОН

Тунисы тæрхондон террористæн рахаста цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхон. 2015 азы 18 марты террористтæ бабырстой горæт Сусы Бардойы музеймæ æмæ фехстой улæфджыты. Теракты фæстиуæгæн уæд фæмард сты 60 адæймаджы, уыдонæй 20 уыдысты туристтæ. Æфсæддон формæ чи скодта, уыцы террористтæ æнæауæрдонæй æхстой адæмы Тунисы парламенты бæстыхайы цур. Уый фæстæ бабырстой музеймæ, цыран адæмы райстой амынæты. Уымæй æртæ мæйы фæстæ курортон горæт Сусы отелы пляжы террорист фехста туристты къорды. Атакæйы фæмард сты 38 бæлццоны, кæцытæн сæ фылдæр уыдысты англисæгтæ.

ФÆМАРД  21  АДÆЙМАДЖЫ

Стамбулы астуæладзыгон хæдзар кæй æркалд, уый фæстиуæгæн фæмард сты 21 адæймаджы. Пырхæнты бынæй систой 14 цæф адæймаджы.  Хæдзар кæй æркалд, уый аххосагыл нымайынц, æнæзакъонæй хæдзары уæллаг уæладзгуытæм кæй бафтыдтой, уый. Афтæ ма хæдзары арæзтады рæстæджы цы бетонæй пайда кодтой, уым разынд бирæ денджызон змис.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.