Фæуæлахиз президентон æвзæрстыты

Чехийы ныртæккæйы президент Милош Земан фæуæлахиз президентон æвзæрстыты дыккаг туры. Земан у Уæрæсеимæ ахастытæ фæхуыздæр кæ-ныны фарсхæцæг. Уый бирæ хæттыты дзырдта Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ аивыны,  Европæ æмæ УФ-йы ‘хсæн ахастытæ фæхуыздæр кæныны тыххæй. Афтæ ма Милош Земан Хъырым Уæрæсеимæ кæй æрбаиу, уыцы цау хорзыл банымадта æмæ йæ схуыдта æрцæугæ факт.

 

Национ фыдох

Афганистаны цы теракт æрцыд, уый фæдыл бæстæйы расидт æрцыд национ фыдох. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ Кабулы дипломатон кварталы теракты фæстиуæгæн фæмард 103 адæймаджы, 250 адæймагæй фылдæр та цæф-тæ фесты, уыдонæй 200 адæймаджы нырма сты рынчындæтты. Амæттæгты æмæ хъыгдардбаййафджыты фылдæр хай сты сабыр цæрджытæ. Фæстаг рæстæджы бæстæйы ацы атакæ у иууыл егъаудæр. Теракт бацæттæ кæныны тых-хæй ныридæгæн урæд æрцыдысты цыппар адæймаджы. Бæрндзинад æвæрд цæуы «Талибаны» бынæттон къордыл.

 

Ног теракт

29-æм январы та Афганистаны столицæ Кабулы арæзт æрцыд ног теракт. Гæрзифтонг адæймæгтæ бафæлвæрдтой маршал Фахимы номыл æфсæддон академимæ бабырсыныл. Фехстой æртæ террористы. Иу террорист дзы йæхи спырх кодта, кæцыйы фæстиуæгæн фæ-мард фондз адæймаджы, уыдон ‘хсæн дыууæ афгайнаг æфсæддоны. 10 æф-сæддон службæгæнæджы та цæфтæ фесты.

Ног санкцитæ

АИШ-ы хицауад рауæрæхдæр кодта санкцион номхыгъдтæ æмæ сæм бахастой Уæрæсе æмæ Украинæйы 21 æмбæстаджы (сæйраджыдæр Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæтæй), афтæ ма фараст компанийы дæр. Ноджы ма 12 фирмæйæн та министрад бамбарын кодта экономикон арæнæвæрдты тыххæй. Америкæйаг финансты министрады банысан кодтой, зæгъгæ, санкциты рауæрæхгонд номхыгъд фидар кæны «Хъырымы уæрæсейаг оккупацийы фæдыл АИШ-ы оппозици». Санкциты рауæрæх кæнын расайдта, Хъырыммæ га-зы турбинæтæ кæй фæхæццæ кодтой, уый. «АИШ-ы санкцитæ нæ бандавдзысты Хъырымы фæдыл Уæрæсейы позицийыл»,  –  фехъусын  кодта   Дунеон  хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Владимир Джабаров. Уыимæ ма уый банысан кодта, зæгъгæ, бæстæ ацы къахдзæф нæ ныууадздзæн æнæхъусдардæй. «Уый санкциты политикæ нæу, фæлæ размæцæуæг Уæрæсейы максималонæй бауромыны политикæ. Америкæйæгтæ нын расидтысты базарадон хæст», – загъта политик.

 

Сильвио Берлускони здæхы стыр политикæмæ

Италийы раздæры премьер – 81-аз-дзыд Сильвио Берлускони æрбаздæхт стыр политикæмæ, йæ парти «Вперед, Италия»-йы кæны æвзæрстытæм æмæ йын ис стыр шанстæ рамбулынæн. Æцæг Берлусконийæн йæхицæн нырма бар нæй паддзахадон бынæтты кусынæн, фæлæ йын бæстæйы премьер-министр снысан кæныны ис скъуыддзаггæнæн нысаниуæг.

 

Сæвзæрстой ног президенты

Финляндийы уагъд æрцыдысты президентон æвзæрстытæ, цыран иууыл фылдæр хъæлæстæ – 62,7% райста Саули Ниинисте.

Иу хъуыдымæ не ‘рцыдысты

УФ-йы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурков æмæ Украинæйы фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты сæрмагонд минæвар Курт Волкер Дубайы сæ фембæлды рæстæджы не ‘рцыдысты иу хъуыдымæ Донбассы реинтеграцийы тыххæй закъоны фæдыл. Фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ конк-ретон уынаффæтæ ист не ‘рцыдысты. Фæлæ уыимæ фæрстæ бадзырдтой диалог адарддæр кæныны тыххæй. Донбассы реинтеграцийы тыххæй документ райста Украинæйы Уæлдæр Рада 18-æм январы.

Агурынц «Восток»-ы

Японы денджызы цы кæсагахсæн нау «Восток» фесæфт, уый нырма не ссардтой. Науы уыд 20 денджызоны, уыдон цыдысты Республикæ Кореяйы Донгхэйы портæй Сахалины порт Холмскмæ. Агурæн куыстыты хайад исынц 108 адæймаджы æмæ техникæйы 8 иуæджы. Уыдон басгæрстой денджызон акваторийы 40 мин квадратон километры.

 

Де Мистура хайад исы конгрессы

Сирийы фæдыл ИНО-ы сæрмагонд æрвыст лæг Стаффан де Мистура хайад исы Сочийы сирийаг национ диалогы конгрессы, кæцы йæ куыст райдыдта 29-æм январы æмæ фæуыдзæн абон 30-æм январы.

 

   Спортивон арбитражон тæрхондон æркаст апелляцитæм

Дунеон спортивон арбитражон тæрхондон æркаст 39 уæрæсейаг спортсмены апелляцитæм, кæцыты цæрæнбонтæм аиуварс кодтой Олимпиадæты хайад исынæй, афтæ ма сын рацух кодтой Сочийы Олимпион хъæзтыты фæстиуджытæ. Байхъуыстытæ цыдысты æнæхъæн къуырийы дæргъы Женевæйы. Спортивон арбитражон тæрхондоны уынаффæты тыххæй фехъусын кæндзысты цыппар боны æмгъуыдмæ, Пхенчханы Олимпион хъæзтытæм ма иу къуыри æмæ æрдæг куы баззайа, афтæ. Байхъуыстыты хайадисджытæн сæ бон нæ уыд Родченковы цæсгом уынын, кæцы хайад иста рабадтыты видеобастдзинадæй.

 

Эвакуаци кæнынц цæрджыты

Парижы донивылдтыты аххосæй баконд æрцыдысты æдасдзинады сæрмагонд мадзæлттæ. Горæты хицауад Сенайыл æрурæдта науты змæлд, доны æмвæзад Сенайы, гæнæн ис, схиза 6 метры онг. Уæлдай тæссагдæр бынæттæй  цæрджыты æмæ музейон экспонатты эвакуаци кæнынц. Центры уæвæг зындгонд галуан Пти-Папейæ дæр райдыдтой аивадон уацмысты эвакуаци. Йæ директор куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ æдас рæттæм аластой 5 мин экспонатæй фылдæр.

АИШ-ы сытынг грипп

АИШ-ы 37 сывæллоны амард гриппæй. Эпидеми апарахат æнæхъæн бæстæйы, уымæй дарддæр ма дохтыртæ нымайынц, зæгъгæ, зымæгон сезоны кæронмæ грипп, гæнæн ис, æмæ ахæсса 50 мин адæймаджы цард. Ныридæгæн АИШ-ы масштабон эпидемийы аххосæй экстренонæй райдыдтой скъолаты æхгæнын 11 штаты æмæ ахуыртæ фæстæмæ кæд райдайдзысты, уый бæрæг нæу. Бирæ амæттæгтæ ис хистæр кары цæрджыты ‘хсæн дæр. Бæстæйы апарахат Н3-N2-ы гриппы хуыз. Дохтыртæ рекомендаци кæнынц судзинтæ аразыны тыххæй, сывæллæттæн 6 мæйæ уæлæмæ æмæ хистæр кары адæмæн.

Низтыл контролы æмæ сæ ма æруадзыны фæдыл центры фехъусын кодтой, зæгъгæ, уавæр у æртæ азы размæйы хуызæн. Уæд фæрынчын сты 34 милуан адæймаджы, амардысты 56 мин адæймаджы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.