ОФИЦИАЛОН ВИЗИТ

Таджикистаны президент Эмомали Рахмон дыууæбонон кусæгон визитимæ æрцыд Мæскуымæ. Уый 16-æм апрелы фембæлд УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевимæ æмæ 17 апрелы та – Владимир Путинимæ. Дыууæ лидеры æруынаффæ кодтой боны фæткы дыууæварсон фарстытыл æмæ регионалон проблемæтыл. Визиты фæстиуджытæм гæсгæ къухтæ фыст æрцыдысты къорд иумиаг документтыл.

КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ ФÆНДАГОН КАРТÆЙЫЛ

Уæрæсе æмæ Эфиопи къухтæ æрфыстой æртæазон фæндагон картæйыл эфиопиаг территорийыл атомон электростанц æмæ ядерон зонæдты æмæ технологиты центр саразыны тыххæй æмгуыстад æрбæстон кæныны тыххæй. Документыл къухтæ æрфыстой «Росатом»-ы генералон директор Алексей Лихачев æмæ Эфиопийы инновациты æмæ технологиты министр Гетахун Мекурия Кума 11-æм дунеон форум «Атомэкспо-2019»-ы фæлгæтты. Фæндагон картæ бæрæг кæны сабырадон нысæнтты атомон энергийæ спайда кæныны фадыджы дыууæварсон æмгуыстады фæдыл конкретон къахдзæфтæ.

ÆМДЗУ КОДТА ЭСМИНЕЦИМÆ

Уæрæсейаг наутæ Сау денджызы æмдзу кодтой америкæйаг эсминец «Росс»-имæ, – хъусын кæнынц УФ-йы хъахъхъæнынады министрады пресс-центры. «Росс» ифтонг у «Томагавк»-ы базырджын ракетæтæй. Сау денджызы АИШ-ы æфсæддон-денджызон тыхты активондзинад фæтыхджындæр Украинæйы скæсæн хайы кризис куы райдыдта, уый фæстæ.

ДУНЕОН ФОРУМ «АТОМЭКСПО»

Сочийы уагъд æрцыд радон дунеон форум «Атомэкспо». Ацы форум ссис рекордон йæ хайадисджыты нымæцмæ гæсгæ. Форумы хайад райстой 70 паддзахады 3500 минæвары. Дыууæ бонмæ форумы хайадисджытæ æруынаффæ кодтой 50 инициативæйæ фылдæрыл, экологон æдасдзинад фæбæрзонддæр кæныныл, æхсæндунеон куыстуæттæ саразыныл æмæ æндæр фарстыты тыххæй.

НЕ ‘РЦЫДЫСТЫ ИУ ХЪУЫДЫМÆ

Вашингтон æмæ Анкарайы ‘хсæн уагъд æрцыдысты консультацитæ, кæцыты фæстиуæгæн уыдон иу хъуыдымæ не ‘рцыдысты Турк уæрæсейаг зенитон ракетон системæтæ С-400 кæй амал кæны, уый фæдыл. Пентагоны хъусынгæнинагмæ гæсгæ, уыдон тæсссагдзинад хæссынц регионы АИШ-ы куынæггæнæг хæдтæхджытæн. Туркы президенты официалон минæвар Ибрагим Калын куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæ ныфс ис, америкæйаг фарс санкцитæ кæй нæ бакæндзæн Анкарайы ныхмæ С-400 кæй æлхæны, уый тыххæй. «Санкцитæ уыдзысты контрпродуктивон, кæцытæ æркæндзысты æп-пæрццаг фæстиуджытæм», – загъта Калын. АИШ-ы ультиматумтæм нæ кæсгæйæ, Турк дыууæ-æртæ мæймæ бæстæйы территорийыл равæрдзысты С-400.

ЕВРОПАРЛАМЕНТЫ ПРЕМИ – ДЖУЛИАН АССАНЖÆН

«Викиликс»-ы бындурæвæрæг Джулиан Ассанжæн лæвæрд æрцыд дзыллон информацийы фæрæзты сæрибардзинады тыххæй Европарламенты преми. Ассанжы ацы премимæ раразмæ кодта Европарламенты галиууон партиты баиугонд фракци. Преми лæвæрд цыд Страсбургы. Журналистæн йæхицæн йæ бон не ссис преми райсын, Лондоны карздæр уавæрты дарæн ахæстоны кæй ис, уымæ гæсгæ. Хорзæх райста йæ минæвар, 1976 азы дунейы Нобелы премийы лауреат Мейрид Корриган.

ФÆМАРД СТЫ САБЫР ЦÆРДЖЫТÆ

Алеппойы Аль-Хамданияйы районы боевиктæ кæй æхстой, уый фæстиуæгæн фæмард сты 11 адæймаджы, уыцы нымæцы æхсæз сабыр цæрæджы æмæ Сирийы æфсады фондз æфсæддон службæгæнæджы. 10 адæймагæй фылдæр та цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ. Афтæ ма ивгъуыд суткæйы боевиктæ æхстой Латакияйы провинцийы Санджекы цæрæн пункты.

БАХАСТОЙ БАРАСТКÆНИНÆГТÆ

Евроцæдисы совет барасткæнинæгтæ бахастой Евроцæдисы газы директивæмæ, кæцы хауы баиугæнды бæстæты-уæнгты территорийыл денджызон газуадзæны куыстытæм. Документ хорзыл банымадтой йæ мидисыл ын æнæ æруынаффæ кæнгæйæ æмæ ссис фæстаг этап. Документ райсыныл афтæ тынг батагъд кодтой,  цæмæй директивæ ноггонд æрцыдаид, цалынмæ уæрæсейаг-немыцаг газуадзæн «Северный поток-2» арæзтад кæронмæ ма фæуа, уæдмæ. Уый Брюсселæн фадат ратдзæн денджызон газуадзæнтыл, уыцы нымæцы «Северный поток-2»-йыл контроль кæнынæн. Науæд документ ацы проектыл парахат нæ цыдаид. Æмбæлон нормативон акттæ æввахс рæстæджы мыхуыр æрцæудзысты Евроцæдисы официалон журналы æмæ уымæй 20 боны фæстæ ног закъон йæ тыхы бацæудзæн.

ÆРБАРВЫСТА ХÆСТОН ВЕРТОЛЕТТÆ

Стырбритани фондз хæстон вертолетты æрбарвыста Эстонимæ Уæрæсейы арæнтæм æввахс НАТО-йы уæвынад фæуæрæхдæр кæныны фæдыл операцийы фæлгæтты. Британийы хъахъхъæнынады министр Гэвин Уильямсоны ныхæстæм гæсгæ, Лондон уыны Уæрæсейæ цæуæг «стыр тæссагдзинад». Бритайнаг вертолеттæ Эстонийы фæуыдзысты æртæ мæйы дæргъы æмæ хайад райсдзысты æппæт Балтийы æфсæддон ахуырты, уыцы нымæцы 14 бæстæйы хайадистæй «Железный волк»-ы ахуырты дæр, кæцытæ уагъд æрцæудзысты Литвайы.

ЗЫНГСИРВÆЗТ

15-æм апрелы Парижы уыд зынгсирвæзт, кæцыйы фæстиуæгæн сыгъд рагондæр Парижы Мадымайрæмы аргъуан («Собор Парижской богоматери»). Уый ма хонынц Нотр-Дам дæр. Аргъуаны аразын райдыдтой 1163 азы æмæ йæ арæзтой 200 азæй чысыл къаддæр. Нотр-Дам кæройнаг хуыз райста æрмæстдæр 1345 азы. Зындгонд куыд у, афтæмæй аргъуаны уагъд цыдысты цалцæггæнæн куыстытæ, реставраци йæ кодтой арæзтадон хъæдæрмæгæй спайда кæнгæйæ. Растдæр арæзтадон хъæдæрмæгæй райдыдта зынгсирвæзт дæр, кæцы уый фæстæ апарахат æнæхъæн бæстыхайыл. Зынджы фæстиуæгæн басыгъд аргъуаны æмбæрзт æмæ 93-метрон шпиль. Зынг скуынæг кодта аргъуаны хъæдæрмæгæй интерьер дæр. Бæстыхайы каркас æмæ сæйраг конструкцитæ хъыгдард нæ баййæфтой. Аргъуан ногæй сæндидзын кæндзысты.

  Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.