Æфсады рæнхъытæм æрсидгæйæ, ахсджиаг у цытджын ардбахæрд. Уый ноджыдæр бæрнджын кæны алы æвзонг æфсæддоны дæр, цæмæй Фыдыбæстæ æмæ радтæг адæмы хæрзиуæгæн æнувыдæй, цæсгомджынæй æмæ æнæзæрдæхудтæй службæ кæна. Æнæхъуаджы уагъд куынæ цæуы æрвылхатт дæр уыцы кадджын церемони Æнусон арты раз Кады аллейы.

Ныр дæр, Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæм фæззыгон æрсидтонтæ, цытджын ардбахæрыны нысанæн рæнхъæй лæууыдысты ацы бынаты.

Фыдыбæстæйы æвзонг хъахъхъæнджытæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн арфæ кæнынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты Уæлдæр сæйраг командæгæнæг, Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ æмæ æрсидтонты ныййарджытæ. Æвзонг æрсиддонтæн арфæгæнгæйæ, бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта Кады  аллейы уагъд чи цæуы, уыцы цауы нысаниуæг. Зæгъгæ, сымах Фыдыбæстæйы сæрвæлтау ард хæрут Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты цыртыты раз æмæ уæ уый кæны ноджы бæрнджындæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Фыдыбæстæйы сæрвæлтау ардбахæрд алы иронæн дæр кæддæрид уыд кадджын.

«Ныфс мæ ис, æмæ сымах кæй никуы фæхудинаг кæндзыстут нæ хъайтарты, ныфсджын ирон æфсæддонты нæмттæ, æмæ аккагæй службæ хæсдзыстут нæ национ æфсады рæнхъыты, ахсджиаг ардбахæрды алы ныхас æххæстгæнгæйæ», – дзырдта Президент.

Ацы нысаниуæгджын бон æрсиддонтæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фæззыгон æрсидты æфсæддонтæ ард хæрынц юбилейон аз, уымæн æмæ ацы аз Советон æфсадыл æххæст кæны 100 азы. Зæрдыл æрлæууын кодта æндæр юбилейон бонтæ – Цæгат Ирыстоны немыцаг оккупацийæ ссæрибар кæныны  75 азы, Сталинграды тохтæ кæронмæ куы бахæццæ сты, ууыл дæр 75 азы кæй сæххæст. Ацы дыууæ нысаниуæгджын цауы нысан цæудзысты ацы аз.

«Сымах бирæ хъарутæ хардз кæнын бахъæудзæн, цæмæй фæцайдагъ уат æфсæддон хъуыддæгтыл. Мæ цæст уын уарзы стыр æнтыстытæ», – банысан кодта Бесаты Вячеслав.

Æрсиддонты ныййарджыты номæй республикæйы къухдариуæгад æмæ æвзонг æрсиддонты ахуырадон центры чи ахуыр кодта, Хъахъхъæнынады министрады уыцы афицертæн бузныг загъта Джиоты Заирæ. Æвзонг службæгæнджытæн та йæ цæст бауарзта æнтыстджын службæ.

Курсант Къæбулты Арсен йæхи æмæ иннæ салдатты номæй зæрдиаг арфæ ракодта, æвзонг хæстоны курс рацæуыны рæстæджы сæ чи цæттæ кодта, уыцы афицертæн.

Цытджын митинджы фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты дæлхæйттæ Кады аллейы рацыдысты цытджын маршæй. Æвзонг æрсиддонтæ ма Президент Бибылты Анатоли, Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ æмæ афицертимæ систой зæрдылдарæн къам дæр.

  Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.