Знауыры районы Тигъуайы хъæуы ис архитектурæйы рæсугъддæр цыртдзæвæнтæй сæ иу — Тигъуайы аргъуан.

Историон зонæнтæм гæсгæ аргъуан сарæзта 1152 азы паддзах Давид-аразæджы чызг, кæцы моймæцыд уыд ширваншах Стыр Минучихр III-мæ, фæлæ йæ цардæмбалы амæлæты фæстæ уый раздæхт чырыстонадмæ, сарæзта ацы аргъуан æмæ дзы уыдис моладзан.

Растдæр ацы диссаджы рæсугъд бынаты РХИ-йы культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайад аскъуыддзаг кодта радон цæугæ конференци ауадзын, ацы хатт Знауыры районы архитектурæйы цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны проблемæйы фæдыл.

Цыртдзæвæнтæ æмæ историон бынæттæ хъахъхъæныны дунеон боны цытæн мадзалы хайад райстой РХИ-йы культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады хистæр Табуты Нелли, Алайнаг епархийы иерей фыд Симон, зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, ацы институты кусджытæ уыдон нымæцы Мæргъиты Ирбег, культурæйы министрады кусджытæ, студенттæ, районы разамынад æмæ йæ цæрджытæ.

Фембæлды хайадисджытæ федтой аргъуаны бæрзонд бæстыхай, ныхас кодтой, йæ хъус æм чи дары, уыцы кусæг Доменти Лацибидзеимæ, кæцы бирæ азты дæргъы хъахъхъæны ацы историон цыртдзæвæн.

Конференцийы фылдæр хай ацыд гом арвы бын, аргъуаны æхгæд кæрты. Кæд чысыл уазал боныгъæд уыдис, уæддæр студенттæ æхсыз-гонæй хъуыстой хъæздыг архитектурон бынты тыххæй хистæрты раныхæстæ æмæ докладтæм.

Мадзал байгом кодта Дзеранты Джульеттæ. Уый банысан кодта ахæм мадзæлттæ уадзыны ахсджиагдзинад.

«Фæсивæд зонгæ кæны нæ фыдæлты хъæздыг удварнон бынтимæ, уыцы ны-мæцы архитектурæйы цртдзæвæнты руаджы дæр æмæ иттæг ахсджиаг у, цæмæй æппæт дæр арæзт цæуа сæ бахъхахъхъæныны фæдыл», — банысан кодта уый.

Табуты Нелли хыгъд радта цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады куысты тыххæй æмæ радзырдта Знауыры районы цыртдзæвæнты тыххæй. Уый фæстæ райдыдта мадзалы иууыл цымыдисондæр хай.

Цытрдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады сæйраг специалист Гобозты Давид иттæг цымыдисонæй радзырдта аргъуаны тыххæй, Знауыры районы бынтондæр чи нал сты, афтæ ма чи хæлынц, уыцы архитектурон цытдзæвæнты тыххæй.

Тигъуайы раздæры стыр аргъуанон комплексæй ма, йæ ныхæстæм гæсгæ абоны бонмæ баззадис æрмæстдæр ацы аргъуан æмæ йæ æмбонды, æндæр арæзтæдты баззайæццæгтæ. Афтæ ма уый радзырдта аргъуаны техникон характеристикæйы тыххæй, раздæр азты йæ уæлæмхас арæзтæдтæ æмæ æмбæндтæ куыд реставраци цыдысты, кæнæ та куыд пырх цыдысты æмæ сæ куыд пайда кодтой æндæр нысæнттæн.

«90-æм азты кæрон райстæуыд фæрæзтæ аргъ-уаны рестоврацийæн. Уый фæдыл куыстытæ райдыдтой 1999 азы, аргъуанмæ кæсæг Доменти æмбæлон фыстæгыл йæ къух куы æрфыста, уый фæстæ. Куыстыты кæцыдæр гуырахст æххæст æрцыд, фæлæ хъуыддаг кæронмæ нæ ахæццæ», — загъта уый.

Конференцийы рæстæджы Гаглойты Роберт радзырдта, Знауыры районы æндæр æмæ æндæр рæстæджыты цы археологион иртасæнтæ уагътой, уыдоны тыххæй. Фыд Симон йæ хъуыдытæ радзырдта Знауыры районы цæрджыты удварнон рæзты перспективæты тыххæй. Докладтæ ма бакастысты мадзалы æндæр хайадисджытæ дæр.

Студенттæ æмæ конференцийы хайадисджытæ бирæ ног æмæ цымыдисон хабæрттæ базыдтой Хуссар Ирыстоны территорийыл уæвæг архитектурæйы цыртдзæвæнты тыххæй. Ахæм конференцитæ, æнæмæнгдæр ахъаз кæндзысты историон бынтæм бæрнондæр ахаст дарынæн.

Зæгъын ма хъæуы уый æмæ ахæм цæугæ конференцитæ культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайхайад æрвылаз дæр кæй ауадзы республикæйы æндæр æмæ æндæр бынæтты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.