Диссаг у ирон адæймаджы уды сконд, сæрибаруарзаг æмæ сабыруарзаг кæй у, ууыл дызæрдыггæнæн нæй, фæлæ сæрбахъуыды рæстæджы йæхи нæ бааууон кæндзæн, цыфæнды тохы, цыфæнды хæсты дæр, йæ удыл нæ ауæрдгæйæ, фæстаг туджы ‘ртахы онг хъæбатырæй тох кæндзæн знаджы ныхмæ.

Ирон лæджы ахæм миниуджытæй æххæст уыд Цхуырбаты Уасил Аржеваны фырт дæр. Уый райгуырд 1884 азы Дзауы районы Мсхлебы хъæуы куыстуарзаг зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Уасил йæ чысылæй фæстæмæ уыд хæрзæгъдауыл хæст, уарзта рæстдзинад æмæ нæ быхста æнæраст хъуыддæгтæ.

Ирон адæмæн се ‘ргом рагæй фæстæмæ Уæрæсемæ здæхт кæй уыд, уый бæрæг у Цхуырбаты Уасилы цæвиттонæй дæр.

Уасил йæ лæджы кары куы уыд, уæд бархионæй ацыд Уæрæсейы паддзахы æфсадмæ.

18-æм æнусы кæрон 19-æм азы райдиан уæрæсейаг политикæйы сæйраг бынат ахста Скæсæн Азийы йæхи æрфидар кæнын. Уæрæсейы хицауды фæндыд, цæмæй йын Бур денджызмæ уа ахизæн. Николай II Уæрæсейы император куы ссис, уæд  йæ разы æрæвæрдта Дард Скæсæны фарст. Уымæн йæ бæллиц уыд, цæмæй Скæсæн Азийы йе ‘ндæвдад фæтыхджындæр кодтаид Уæрæсе, йæ дæлбар уыдаид Дард Скæсæн, уыцы нымæцы Маньчжури, Кореяйæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Бур денджызмæ ахизæнтæ. Уæрæсейæн уыцы хъуыддаджы стыр цæлхдур уыд Япон, уымæн æмæ Японы дæр фæндыд уыцы территорийыл йе ‘ндæвдад фæтыхджындæр кæнын. Николай II-æй æмбæрста æнæ хæстæй уыцы территоритæ йæ къухы кæй нæ бафтдзысты æмæ йæхи цæттæ кодта хæстмæ. Уæрæсе æмæ Японы ‘хсæн хæст райдыдта 1904 азы 27 январы. Ацы хæсты хайад райста  Цхуырбаты Уасил дæр. Хæст фæцис Портсмунды сразыдзина-дæй, кæцыйыл къухтæ æрфыстæуыд 1905 азы 23 августы. Кæд Уæрæсе састы бынаты баззад, уæддæр Цхуырбайы фырт сæрæгасæй аирвæзт.

Ис ахæм информатортæ, кæцытæ дзурынц, зæгъгæ, дам, уæрæсейаг-япойнаг хæсты Хуссар Ирыстонæй дыууæ лæппуйы райстой хайад, чи та сæ цыппар хоны.

Уæрæсе кæй нæ фæуæлахиз уырыссаг-япойнаг хæсты, уый фæстиуæгæн дуне цадæггай цыд фыццаг дунеон хæстмæ. Фыццаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд уым дæр Цхуырбайы фырт райста активон хайад.

Уасилæн йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй, хъыгагæн, ницы информаци æр-хæццæ абоны бонмæ.

Уасил йæ райгуырæн Ирыстонмæ куы æрыздæхт, уæд йæ цард баиу кодта йæхи хуызæн куыстуарзаг Джиоты Кетеванимæ.

1917 азы Уæрæсейы Октябры революци куы фæуæлахиз, уæд Хуссар Ирыстоны адæм дæр райдыдтой архайын националон-территориалон иудзинад æмæ политикон хæдразамынды барты реализацийыл. Уыдон фæндыд æмæ тырныдтой сæ хъысмæт ног арæзт паддзахад – Советон Уæрæсеимæ сбæттын.  

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый нæ цыд Гуырдзыстоны зæрдæмæ æмæ æрхъавыд Хуссар Ирыстоны адæмы ныххуыдуг кæнын æмæ ирæтты сæ цæрæн бынæттæй фæсурынмæ.

Гуырдзыстоны агрессорон архайды ныхмæ ирон адæм бирæ хæттыты растадысты, фæлæ-иу сæ  басастой Гуырдзыстоны регулярон æфсæдтæ.

Хуссайраг ирæттæ гуырдзиаг шовинистты ныхмæ арæзтой партизанон къордтæ. Уасил дæр бацыд, Цхуырбаты Саша æмæ Тедеты Къизо цы партизанон къордæн разамынд кодтой, уымæ. 1918-1920 азты Уасил хайад райста Гуырдзыстоны шовинистон хицауады ныхмæ  Цхинвал æмæ Дзауы цæрджыты растадты. Уыцы рæстæгмæ уал Уасил æмæ йæ бинойнагæн уыд æртæ сывæллоны.

1920 азы Гуырдзыстоны регулярон æфсæдтæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырстой, уæд Уасил æмæ йе ‘мбæлттæ хъазуатонæй тох кодтой сæ ныхмæ.

Развæлгъау бацæттæгонд планмæ гæсгæ, 1920 азы 12 июны меньшевикты гвардионтæ Валико Джугъелийы сæргълæудæй æрбабырстой Цхинвалмæ æртæ ‘рдыгæй – Тъбет, Ергнет æмæ Никозы æрдыгæй.  Хуссарирыстойнаг бархионты къордтæ, уыцы нымæцы Уасил цы къорды уыд, уый дæр æрлæууыдысты сæ разы æмæ хъазуатон тох кодтой знаджы ныхмæ. Тъбет æмæ Никозы æрдыгæй æрбабырсджыты ныхмæ фидар фæлæууыдысты партизанон къордтæ æмæ сæ æрурæдтой. Цхинвалмæ скæсæнæрды-гæй æрбабырсджыты ныхмæ дæр бæргæ лæууыдысты, фæлæ Джугъели йæ артиллери уырдæм бакалдта, йе ‘фсæдтонтæн та бардзырд радта, цæмæй арт бандзарой Прис, Еред æмæ Дменисы хъæутыл.

Хъæутæ судзын куы райдыдтой, уæд, ныхмæлæуджытæй уыцы хъæуккæгтæ чи уыдысты, уыдон сæ бынæттæ ныууагътой æмæ сæ бинонты аирвæзын кæнынмæ афæдис сты. Ныхмæлæуджытæ куы сцъус сты, уæд знаг æрбатыдта Цхинвалмæ. Гуырдзиæгтæ сæ разы кæй æййæфтой, уыдоны мардтой. 

Карз тох сцырын Чъехы хъæуы цур дæр. Цхуырбаты Уасил цы къорды уыд, (Тедеты Къизойы къорд), уый æрбынат кодта Чъехы фидары, йæхимæ æввахс æрбауагъта знаджы æфсæдты æмæ сæ уый фæстæ æхсын райдыдта пулеметæй, ацы тохы знæгтæй фæхъуыд иу ротæйы бæрц мæрдтæ æмæ цæфтæй. Дыууæ суткæйы бæрц партизантæ æрурæдтой знаджы æфсæдты,  нæ сæ уагътой Чъехæй мидæмæ, фæлæ сæ нæмгуытæ куы фесты, уæд фæстæмæ алæууыдысты.

Гуырдзиæгтæ куынæг кæнын райдыдтой ирæтты, пырх кодтой, сыгътой сын сæ хæдзæртты. Сæ ныхмæ чи фæлæууыд, уыдонæй дарддæр ма не  ‘взæрстой нæдæр сылгоймаг, нæдæр – нæлгоймаг, нæдæр – саби, нæдæр – зæронды, сæ разы кæуыл хæст кодтой, уыдон мардтой.

Гуырдзиæгты къухæй чи аирвæзт, уыдон хæхты сæрты лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ, уыцы нымæцы Цхуырбаты Уасилы бинонтæ дæр. Фæндæгтыл дæр чи уазалæй мард, чи та – къæдзæхтæй хауд, бынатмæ чи ныххæццæ, уыдоныл та тиф æмæ холерæ сыстад æмæ афтæмæй цагъды кодтой.

Мæрдты баныгæнын дæр проблемон уыд, ничи сæм уæндыд, уымæн æмæ сæ чи ныгæдтаид, уыдоныл дæр, гæнæн уыд, бахæцыдаиккой низтæ.

Ирон адæм мард æмæ дзуарæн æмхуызон лæггад кæнынц. Мард уæлæуыл баззайа, уый тугтæригъæдыл нымайынц. Уый æмбæрста Уасил æмæ йæ удыл нæ ауæрдгæйæ, æрæвнæлдта мæрдты ныгæнынмæ, æгæрыстæмæй, марды чырынтæ дæр йæхæдæг арæзта. Фæзынд ма йын йæхи хуызæн ныфсхаст æмбæлттæ æмæ йæм уыдон дæр фæкастысты. Диссаг уый уыдис, æмæ Цхуырбайы фырты иммунитет фидар разынд æмæ йыл низтæ нæ бахæцыдысты. Фæстæдæр йæ цардæмбал куыд радзырдта, афтæмæй Уасилы ахсæны туагад бæрзонд кæй уыд, æвæццæгæн, уый руаджы аирвæзт уыцы хæцгæ низтæй.

Гуырдзыстоны советон хицауад куы æрфидар, уæд ма хуссайраг ирæттæй чи аирвæзт, уыдонæй иу хай фæстæмæ æрыздæхтысты  Хуссар Ирыстонмæ. Æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ Уасил дæр æд бинонтæ.  Сæ цæрæнуæттæ бадзæбæхтæ кодтой æмæ сæ цард дарддæр кодтой.

Йæ сабыр цард бирæ нæ ахаста Уасилæн. Уæрæсейы æмбæстагон хæсты фæстæ, 1920 азы августы уавæр скарз Кубаны. Урсгвардионтæй ма чи баззад, уыдон æрбынат кодтой Бургъустаны станицæйы æмæ райдыдтой змæнтæн архайд советон хицауады ныхмæ.

Уыцы змæстыты ныхмæ æрвыст æрцыд бархионтæй арæзт 2-аг хуссарирыстойнаг бригадæ, кæцыйы сконды уыд Цхуырбаты Уасил дæр. Æмæ та уыцы хæстæй дæр сæ-рæгасæй æрыздæхт Цхуырбайы фырт æмæ райдыдта советон цард аразын.

Хуссар Ирыстоны фыццаг колхозы организатор дæр Цхуырбаты Уасил уыд. Уый фæстæ та йæ равзæрстой Мсхлебы хъæуы колхозы сæрдарæй æмæ йæ амæлæты бонмæ куыста уым. Уасил уыд фыццаг адæймаг, кæцы Хуссар Ирыстоны райтынг кодта мыддарды куыст. 

Уасилы сæрдариуæгады рæстæджы Мсхлебы колхоз тынг размæцыдыл нымад уыд. Колхозон быдырты цынæ халсар тыдтой æмæ сæм хæрззылд кæй кодтой, уый фæстиуæгæн райстой хъæздыг тыллæг. Æмбисонд та сæ дыргъдæттæ уыдысты. Ныссагътой алыгъуызон дыргъбæлæстæ. Уыдон ахæм зад кодтой,  æмæ-иу сæ цæнгтæ дæр нæ урæдтой. Хъыгагæн, йæ уæззау цардвæндæгтæ сæ арф фæд ныууагътой Уасилы æнæниздзинадыл æмæ йын нæ бантыст цæрын зæры бонмæ, уый зæрдæнизæй фæзиан 1934 азы 50-аздзыдæй. 

Цхуырбайы фырт стыр нысаниуæг лæвæрдта ахуырæн æмæ йын цы æхсæз сывæллоны баззад – æртæ чызг æмæ æртæ лæппуйы, уыдонæй иу лæппу йæ лæджы кармæ куы бахæццæ, уæд фæзиан, иннæтæ иууылдæр сахуыр кодтой уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмæ куыстой Хуссар Ирыстоны бæрнон бынæтты, скъолаты.

Уасил уыд иузæрдион коммунист, уыимæ ма уыд принципиалон æмæ рæстуды хицау. Ацы миниуджытыл хæст уыдысты йæ зæнæг дæр æмæ йын йæ кад не ‘руагътой дæлæмæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.