Кæд хуры рухс, тæмæнкалгæ æмæ царддæттæгтынтыл адæм æгæрон цин кæнынц цæрæнбонты, уæд стъалытæй дæр къаддæр æхцондзинад нæ исынц. Стъалытæм кæсгæйæ не ‘нкъарынады сæвзæры рæсугъд хъуыдытæ; сæ уазал æмæ ирд цæхæртæм фæнывæндæм нæ царды дарддæры рæсугъд фæндиæгтæ æмæ бæллицтæ.

«Стъалыты æрттывд, уæлдæфау, æнæмæнг у курдиатджын адæмæн, уымæн æмæ сæ ифтонг кæны цавæрдæр æнахуыр тыхæй,  дывæр сын кæны сæ курдиат» – зæгъынц психологтæ. Æвæццæгæн, зындгонд æмæ популярон адæмы дæр стъалытимæ уымæн фæбарынц, стъалытæ сæ уымæн фæхонынц, цæмæй æрттивой, адæмæн æхцондзинад хæссой уыцы æвидигæ курдиатæй бирæ азты.

Фæстаг цалдæр азы нæ бæстæйы цæрджытæ радыстыРеспубликæ Хуссар Ирыстоны курдиатджын фæсивæды конкурс «Стъалыты ферттывд»-ыл.  Популярондæр алæвæрдтæ æмæ нывæфтыд сериалтæ ницыуал уыдысты ацы проекты цур: изæрыгæтты адæм хæдзармæ тагъд кодтой, цæмæй бакæсой радон турмæ, æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты конкурсантты ралæудтытæм.

Стыр тырнынадимæ сæхи цæттæ кодтой проекты хайадисджытæ сæхæдæг дæр, цæмæй турæй турмæ сæ курдиатæй ноджыдæр дисы æппарой телекæсджыты: сæ номинацитæм гæсгæ агуырдтой нæ ирон фысджыты хуыздæр æмдзæвгæ, уацмысæй скъуыддзаг, цымыдисондæр монолог искæцы пьесæйæ, Уыцы хъуыддаджы активон хайад истой сывæллæттæн сæ ныййарджытæ, мадæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, разæнгард сæ кодтой аивады хъуыддагмæ.

Хицæнæй æрдзурын хъæуы, сабитæн уыцы æхцондзинад чи æрхаста,  проектыл стыр фыдæбон чи бакодта цалдæр сезоны æмæ рæзгæ фæлтæримæ ахæм гуырахстджын  хъомыладон куыст чи бакодта, уыдоныл дæр. Телекæсджытæ уыцы стыр фыдæбон, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уыдтой. Телеоператортимæ, амонæгимæ, жюрийы уæнгтимæ, ныййарджытимæ, эфир уадзджытимæ хъуыд сæрмагонд æмæ дырыс куыст. Цыфæнды цыбыр æмæ хуымæтæг алæвæрд дæр комкоммæ эфиры куы цæуа, уæддæр ыл хъæуы уæлдай куыст.

Стыр хъыгагæн-иу бирæтæй æз фехъуыстон: «Уæдæ, сывæллæтты мæтæй мæлынц! Деттæ сын дунейы ‘хца бафыстой æмæ хъуамæ истытæ аразой». Уыцы «истытæ аразой» æхцайæ баргæйæ нæу! Æхцайæ сбарæн ис исты арæзтады æмæ зынаргъ дзаумайæн, фæлæ сывæл-лæттимæ куыст, цахæмфæнды ма уа, уæддæр æхцайæ нæ барсты кæны. Рæзгæ фæлтæрæн исты хорзы бацæуын стыр хæрзиуæг у, уый нæ сæфы рæстæджы фæзилæнты. Уыцы стыр хъомыладон фыдæбон стæй адæймагмæ æртывæрæй æрбафты –  абоны сабитæ сты сомбоны царды барджын минæвæрттæ. Ацы хъуыддаг æнæмæнг дæр у хынцинаг.

Раст ахæм хæс æрæвæрдта йæ разы «Стъалыты ферттывд»-ы проекты автор, радио «IR-Fm»-ы директор Цхуырбаты Алан дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый размæ дæр уыд бынæттон телеуынынады сывæллæттæн алæвæрдтæ, фæлæ дзы ахæм уæрæх æмæ гуырахстджын телеалæвæрд никуыма уыд. Æхсызгонæй ма банысан кæндзынæн, Аланмæ-иу Цæгат Ирыстон-Аланийæ дæр арæх кæй радзырдтой стыр цымыдисимæ æмæ-иу æй лæмбынæг кæй фарстой проекты нывæзт æмæ цæттæ-гæнæн куысты сусæгдзинæдтæй.

Сæрмагондæй хъæуы проекты хайадисджыты кой ракæнын дæр. Мæнмæ дзы æппæты цымыдисондæр каст æвзарæн тур. Нæ Ирыстоны алы къуымæй тагъд кодтой сæ курдиат равдисынмæ, цæмæй сæ феной адæм, базоной сæ. Уымæн дæр стыр хъомыладон нысаниуæг ис. Хатт сывæллон, кæд стыр курдиаты хицау у, уæддæр æфсæрмы кæны, йæ ныфс нæ хæссы уыцы курдиат æргомæй рæгъмæ рахæссынмæ. Æмæ хистæр кары минæвæрттæй йæ фарсмæ куы ничи балæууа, уæд уыцы чысыл гоймагæн йæ ирд курдиат –  фидæны стъалы нæ ферттивы, афтæмæй ахуыссы, кæд сывæллонæн йæ дарддæры цард хорз рауайы, уæддæр.

Раст ахæм ахсджиаг æмæ дырыс принциптыл бындуриуæг кодтой проектаразджытæ. Конкурсы хайадисджытимæ иумæ уыдон дæр тыхстысты, цæмæй «Стъалыты ферттывд»-ы алы хайадисæг дæр æппæтварсонæй райхæла, равдиса йæ гæнæнтæ æмæ йæ арæхстдзинад; цæмæй йын жюрийы уæнгтæ дæр æмæ телекæсджытæ дæр аккаг аргъ скæной.Телеоператортæ архайдтой, цæмæй хайадисæджы хуыздæр ракурсæй сисой, жюрийы уæнгтæ хи хъæбултау узæлыдысты конкурсанттыл, кæд иннæ турмæ алкæйы нæ уагътой, уæддæр. Проектыл чидæриддæр æнувыд уыд, уыдон иууылдæр стыр цымыдисимæ æнхъæлмæ кастысты «Стъалыты ферттывд»-ы алæвæрдмæ, уымæн æмæ турæй турмæ, сезонæй сезонмæ ивддзинæдтæ цыд куыд проекты куысты, афтæ сывæллæтты ралæудтыты дæр. Аивдæр кодта конкурс техникон æгъдауæй: сæрмагонд ви-деороликты цыбыр афæлгæстыты фæрцы телекæсджытæ хуыздæр зонгæ кодтой конкурсы цыдимæ, номинацитæй нысаниуæгджындæр кæцы у, тынгдæр цæмæ тырнынц рæзгæ фæлтæр, ныййарджытæ, ахуыргæнджытæй, сабитимæ цæттæгæнæн куыст чи кодта, уыдоны ‘рдыгæй сæм  хъусдард куыд здæхт цæуы.

Ацы уац мыхуырмæ куы цæттæ кодтон, уæд бирæ кæйдæрты бафарстон «Съалыты ферттывды» сæраппонд. Цымыдисон уый у, æмæ се ‘ппæт дæр стыр цины æнкъарæнтимæ, фæлæ уыимæ иумæ цавæрдæр æнахуыр æнкъард цæстæнгасимæ мысыдысты ацы конкурсы: «Æнæрхъæцæй-иу æнхъæлмæ кастыстæм, конкурс эфиры цы бон цыд, уымæ. Тынг зæрдæмæдзæугæ æмæ актуалон алæвæрд у, уарзæм æй, ныр дыккаг аз эфиры нал ис æмæ нын тынг зын у. Ахæм алæвæрд хъуамæ уæвынад кæна, цæмæй рæзгæ фæлтæр цайдагъ кæной сценæйыл, адæмы раз сæрибарæй кусыныл. «Стъалыты ферттывд»-ы финалы фæстæ нын тынг зын уыд, уымæн æмæ сахуыр стæм комкоммæ эфиртыл, сывæллæттыл, ирон аив дзырдыл» – уыд дзуаппыты сæйраг мидис. Уыцы хъуыдыйыл хæст уыдысты æмæ абон дæр сты, проектыл чидæриддæр бакуыста, хайад дзы райста æмæ йæ зæрдæмæ фæцыд, уыдон дæр. Уыцы хъуыды нæ бар-æнæбары бакодта Паддзахадон телеуынынады бæстыхаймæ  æмæ фембæл-дыстæм проекты автор, Радио «IR-Fm»-ы директоримæ. Аланмæ нæ фарст «диссаг» нæ фæкаст, уымæн æмæ йæ бирæтæ уынгæджы кæнынц.

– Ныртæккæ ахæм дуг æркодта, æмæ æппæт дунейы дæр стыр ахадындзинад æмæ тых  ис шоу-бизнесæн. Шоу-бизнес та бындуриуæг кæны æхцайы фæрæзтыл, уымæн æмæ алцæмæн дæр хъæуы фидын. Раст уын æй куы зæгъон, уæд æнцон нæу ахæм цалх атулын. Райдианы нæ ныфс нæ хастам – бирæтæ нæ къуылымпы кодтой, фæлæ уæддæр бацархайдтам. Кæд нæ авналæнтæ сæрæй къуын-дæг уыдысты, уæддæр уал фыццаг сезон уыд радиопроект. Сæвæрдтам камерæтæ æмæ цыд æрмæстдæр радиоэфиры. Уый фæстæ дзы алы сезоны дæр уыд бæрæг техникон ивддзинæдтæ, рæзт æмæ фæстагмæ – комкоммæ эфир.

Фыццаг сезоны фыццаг тур куы фæци, уæд æй бамбæрстон, стыр хорз хъуыддаг кæй у. Ницыуал мæ æндæвта: куыст, бинонтæ, æрмæстдæр ма мæ зæрдæ дзырдта проектимæ. Ахæм уавæры уыдысты мæ коллегæтæ дæр, кæд вазыгджын хъуыддаг уыд, уæддæр алы эфир дæр нымадтам бæрæгбоныл. Сæйраджыдæр проекты нысан уыд ирон æвзаг. Фыццаг тур куы цыд, уæд-иу жюрийы уæнгтæ дæр æмæ хайадисджытæ дæр, кæд æй зыдтой, иронау хъæуы дзурын, уæддæр пайда кодтой уырыссаг дзырдтæй. Дарддæр æй алчидæр бамбæрста, проекты нысан сæйраджыдæр мадæлон æвзаг кæй у æмæ сæм хæрамау каст хæццæ-мæццæ æвзагыл дзурын. Æгæрыстæмæй, нæхæдæг дæр райдыдтам дзурын сыгъдæг иронау, уымæн æмæ нæм худинаг каст: сывæллæтты фæдзæхс, дзурут сыгъдæг иронау, афтæмæй дæхæдæг семæ уырыссагау дзур. Раст уын æй куы зæгъон, уæд мæхæдæг иууылдæр уырыссагау дзырдтон проекты агъоммæ, стæй –  æрмæстдæр иронау. Уыцы рæстæджы нæ хъус тынг дардтам, интернет-сайттыл, газетты фæрстыл цы фыстой «Стъалыты ферттывд»-ы сæраппонд, уымæ. Абон дæр дзы мæ зæрдыл лæууы Зæгъойты Радæйы хъуыды: «Ацы проект у нæ дзыллæйы национ хизонындзинады гæнахы дуртæй иу». Уыцы хъуыды мæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ мæ сразæнгард кодта проектыл дарддæр дæр хъазуатонæй кусынмæ.

Æмæ кæд проект иттæг хорз рауад (дæхæдæг æй уыдтай, сывæллæттæ-иу цыхуызæнæй æрбацыдысты æмæ-иу проекты дæргъы куыд фæивтой, уæхскуæзæй-иу куыд бакуыстой сæхиуыл), уæддæр мæхимид цæмæй тарстæн, уый нæ баййæфта: сабиты курдиат райхæлд, цæттæ артисттæ сты ныр æмæ дарддæр та цы? Ницы. Хъуамæ йын цыдæр фæстиуæг уыдаид, уымæн æмæ конкурсанттæн сæхи ныхæстæм гæсгæ, цавæрдæр афтиддзинад баззад зæрдæйы.

Æз хъуыды кодтон уæлахиздзауты сæрмагонд концерттимæ Хуссар Ирыстоны районтæм акæнын, равдисын сын сæ курдиат Цæгат Ирыстоны, æгас Кавказы дæр, фæлæ дæ къухы куы ницы уа, уæд уыдæттæ афтæ æнцонтæй нæ рæзынц.

Ацы проект мæхи сæрмагонд проект нæу, хуымæтæджы мæ фæнды, цæмæй уæвынад кæна, уымæн æмæ у мидисджын, æнæмæнгхъæуæг æмæ нысаниуæгджын. Мæ хъуыдыйы ма уыд, лæмбынæг нывæзт ын саразон сæрæй кæронмæ æмæ йæ искæцы министрадæн раттон, цæмæй йæ уыдон сæхи фæрæзтæй уадзой æрвылаз дæр, фæлæ йын уæд ахæм ахадындзинад нал уыдзæн. «Стъалыты ферттывд» бирæтæн сси сæ курдиаты сæйраг къæпхæн. Уый фæстæ дæр сæ арæх уынын концертты æмæ конкурсты. Тынг райхæлдысты, райрæзтысты аивады. Дарддæр-иу иннæ турмæ чи нæ ахызт, уыдонæн-иу афтæ дзырдтон: «Цæуыл мæт кæныс? Спортсментæ дæр фембылды вæййынц, фæлæ сæхиуыл кусынц.Чи рамбылдта, уый ма ныр цæмæ тырны – ницæмæ. Дæуæн та ацы ралæуд байгом кодта дæ фæндаг ног æнтыстмæ æмæ йæм ныфсджынæй хъуамæ тырнай».

Проект цæмæннæ цæуы ныртæккæ æмæ йæ аххоссаг цы у, ууыл нæ дзурдзыстæм, фæлæ сæйраг у, сфæлдыстадон кæй у, йæ ахсджиаг фарст мадæлон æвзаг кæй у æмæ рæзгæ фæлтæры хъомылады рæзтæн та – ахъазгæнæг. Уый у стыр хæрзиуæгон хъуыддаг. Чидæриддæр дзы хайад райста, уыдон абон цавæрдæр хъарм æнкъарæнтимæ æрымысынц «Стъалыты ферттывд»-ы, уымæн æмæ чысыл стъалыты сæрттивын кæны. Стъалытæ та алкæмæн дæр иугъуызон æрттивынц, æмæ сæ кæд исчи ссудзы, уæд, æвæццæгæн, кæйдæр хъæуынц сæ тæмæнтæ æмæ хъуамæ æрттивой æнæмæнг.

Цгъойты  Аринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.