Цытджын Людвиг Алексийы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын дæ юбилейы цытæн!

Дæ цард, дæ фæллойадон фæндаг æнæфæхицæнгæнгæ баст сты райгуырæн Ирыстоны историимæ. Зынгæ ахуыргонд, принципиалон æмæ курдиатджын къухдариуæггæнæг, куырыхон зондамонæг æмæ ахуыргæнæг, кæцы схъомыл кодта студентты бирæ фæлтæр, авторитетон æмæ политикон архайæг, йæ Райгуырæн зæххæн æцæг патриот, ды æнæсаргъгæнгæ хайбавæрд бахастай не ’взонг республикæйы суверенитет æндидзын æмæ фидар кæныны хъуыддагмæ. Дæ хъæздыг цардуагон æмæ профессионалон фæлтæрддзинад, ахсджиаг хæстæ скъуыддзаг кæнынмæ дæ бæрнон ахаст фадат радтой иууыл уæззаудæр азты бæстæйы сæргъы слæууынæн æмæ барадон паддзахады дарддæры рæзт царды бабиноныг кæнын.

Ды алкæддæр хайад исыс бæстæйы политикон æмæ æхсæнадон царды, æвзонг фæлтæрæн лæвар кæныс дæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад, дæ ныхасмæ хъусынц ахсджиаг фарстаты фæдыл уынаффæ исыны рæстæджы.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, циндзинад, фæрныгад, æвидигæ тыхтæ, сабырад, хорздзинад.

РХИ-йы Парламенты сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

***

ХЪÆУУОН ХÆДЗАРАДЫ КУСДЖЫТÆН

Зынаргъ хъæууонхæдзарадон кусджытæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбон — Хъæууон хæдзарады кусæджы боны цытæн.

Хъæууон хæдзарад у экономикæйы иууыл æнцон фæцæфгæнæн сектор, уымæн æмæ баст у климатон уавæртыл. Фæлæ уæддæр республикæйы хъæуты фæллойгæнджытæ кусынц зæххыл, рæзын кæнынц фермерон хæдзарад, фосдард, дыргъдарынад. Республикæйы раз ис хъæууон хæдзарад дарддæр рæзын кæныны стыр хæс, цæмæй нæ цæрджыты сифтонг кæнæм нæхи продукцийæ, сфидар кæнæм бæстæйы хæлцадон æдасдзинад. Мах хъуамæ æппæтвæрсон æххуыс кæнæм хъæууон хæдзарадæн, цæмæй фæбæрзонддæр кæнæм уадзгæ продукцийы гъæд æмæ гуырахст. Хъæуы фæллойгæнæджы куысты фæстиуджытыл баст у æппæт цæрджыты цардуагон æмвæзад æмæ æнæниздзинад. Уæ зын куыстæн æцæг аргъ скæнын йæ бон суыдзæн æрмæст зæххыл чи кусы, уыцы адæймагæн.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ ног æнтыстытæ нæ республикæйы дидинæфтыдæн.

РХИ-йы Парламенты сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан