Хуссар Ирыстоны алы æмбæстаджы зæрдæйы дæр æхсызгон мысинагæй баззад, 2008 азы 26 августы нын Уæрæсейы Федераци фæндвидарæй нæ бæстæ куы бахъахъхъæдта æмæ нын нæ бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уый. Хуссарирыстойнаг адæмæн уыцы хъысмæт скъуыддзаггæнæн юридикон бæстон æмæ политикон раст уынаффæ байгом кодта æмбар æмæ сæрибарæй райрæзты фадæттæ.

Фæлæ уæды онг Хуссар Ирыстоны адæм цыдысты гъуыргъахъхъ фæндæгтыл, кæцытæ уыдысты уæззау æмæ нæ бирæнымæц æдзард уды зиæнттæй йемыдзаг. Цасдæрбæрцæй хæрамзæрдæ уыдыстæм хъысмæтмæ дæр, ахæм тугмондаг адæмимæ сыхагиуæг æмæ тох кæныны сæр нæ кæй хъуыд бирæ азты, уый тыххæй. Фæлæ нæ адæмы фæндвидардзинад æмæ иузæрдиондзинады руаджы тырныдтам иу нысанмæ. Знаджы мæлæтхæссæг нæмыджы раз лæууыдыстæм, размӕ цыдыстӕм, уæззау æргъом хӕсгӕйӕ. Æмæ нæ нысан бафтыд нæ къухты!

Ирыстонæн ацы ахсджиаг бон цы нысан кӕны, уый тыххæй нын сæ хъуыдытæ дзурынц зындгонд гоймæгтæ: 

Фæсконфликтон фарстатæ ӕрбӕстон кӕныны фæдыл РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат:

– Хуссар Ирыстоны адæмы историйы 26 август стыр ахсджиаг бон у. Уыцы бон 2008 азы Уæрæсейы Федерацийы уæды президент Дмитри Медведев банымадта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинад. Уыцы бонæй фæстæмæ нæ бæстæ нымад у дунейы паддзахадты ‘хсæн, куыд сæрибар, хæдбар паддзахад, афтæ.

Ацы бонмæ нæ фæндаг уыд тынг даргъ æмæ уæззау. Хуссар Ирыстоны адæмы, хъыгагæн, бахъуыдис стыр уæззау фæндагыл рацæуын, цæмæй сæ хæдбардзинад, сæ бартæ нымад æрцыдаиккой.

Уымæй размæ æвдай азæй фылдæр Хуссар Ирыстон уыд Советон Цæдисы сконды æмæ уыцы рæс-тæджы махæн хорз фадæттæ уыдис размæ цæуынæн. Цæдисы иннæ республикæтимæ абаргæйæ, махæн нæ уавæртæ, нæ авналæнтæ къуындæгдæр уыдысты, уымæн æмæ уыдыстæм Гуырдзыстоны сконды. Æмæ куыд зонæм, афтæмæй Гуырдзыстоны цахæмфæнды хицауад ма уыдаид – меньшевиктæ, большевиктæ, уый фæстæ коммунисттæ сæхи чи хуыдта, уыдон  кæддæриддæр архайдтой, цæмæй Хуссар Ирыстоны авналæнтæ уыдаиккой къуындæг. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр советон рæстæджы Хуссар Ирыстон размæ ралæууыд. Зæгъæм,  нæ ахуырад уыд бæрзонд æмвæзадыл – тынг бирæ ахуыргæндтæ нæм уыд, нæ интеллигенцийы минæвæрттæ дæр, иннæ регионтимæ абаргæйæ, уыдысты фылдæр. Фæлæ 80-æм азты советон хицауад лæмæгъ кæнын куы райдыдта æмæ йæ пырх кæнынмæ куы ‘рхъавыдысты, уæды рæстæджы Гуырдзыстоны националисттæ сæ сæртыл куы схæцыдысты, уæд та Хуссар Ирыстонæн æрлæууыдысты иууыл уæззаудæр бонтæ. Нæ адæмы бахъуыдис хæцæнгарзимæ сæ бартыл сдзурыны сæр.

Хъыгагæн, 1989-1992 азмæ уæззау рæстæджытæ баййæфтой нæ адæм – хæст, агресси. Æмæ уæд нæ адæм 90-æм азы 20 сентябры равзæрстой хæдбардзинады фæндаг. Уæд расид-тыстæм Республикæ Хуссар Ирыстон дæр. Уыцы рæстæджы ма мах архайдтам, цæмæй баззадаиккам ног Советон Цæдисы сконды, фæлæ куыддæр уыцы хицауад йæ архайд æрурæдта, афтæ 1991 азы 20 декабры нæ уæды Уæлдæр Совет дыккаг бон райста Деклараци хæдбардзинады фæдыл. Уый фæстæ уагъд æрцыд референдум хæдбардзинад бафидар кæныны тыххæй æмæ йæ куыд зонæм, афтæмæй 1992 азы 28 майы та ист æрцыд хæдбардзинад расидыны фæдыл Акт. Уыцы бонæй фæстæмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æппæт юридикон нормæтæм гæсгæ уыд хæдбар паддзахад. Фæлæ нын, хъыгагæн, никæцы бæстæ банымадта нæ хæдбардзинад æмæ нæ бахъуыд бирæ азтæ тох кæнын, цæмæй ду-нейæн бауырнын кæнæм, нæ бæстæ кæй у уый аккаг, цæмæй йæ паддзахадон хæдбардзинад нымад æрцæуа.

Уыцы азты егъау куыст цыдис Уæрæсейы Федерациимæ. Бирæ хæттыты нæ бæстæйы разамынад бахатыд Уæрæсейы къухдариуӕгадмæ, Паддзахадон Думæмæ, цæмæй нын банымадтаиккой нæ хæдбардзинад, науæд нæ се скондмæ бакодтаиккой. Фæлæ политикæ у, уавæртæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ. Кæд нын Уæрæсейы Федераци æгæрон æххуыс кодта алы фадыджы дӕр, уæддæр 2008 азы онг нымад нæ уыдыстæм хæдбар паддзахадыл. Фæлæ та уыцы аз гуырдзыйы националисттæ ирон адæмы ныхмæ куы рацыдысты, «сыгъдæг быдыр» аразынмæ нæм куы ‘рхъавыдысты, уæд хъомысджын Уæрæсе нæ фарсмæ æрбалæууыд, фервæзын нæ кодта тугдзых сырды дзæмбытæй. Уыцы рæстæджы Уæрæсейы уæлдæр къухдариуæгад æнæмæнгхъæуæгыл банымадта, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæмы, кæцытæ дæргъвæтин азты сæ адæмы бартыл дзырдтой, кæцытæн уыд алы бындуртæ дæр, цæмæй нымад æрцыдаид сæ хæдбардзинад æмæ 2008 азы 26 августы Уæрæсейы  уæды президент Дмитри Медведев йæ къух бафыста Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæдыл Барамындыл.

Куыд зонæм, уымæ гæсгæ нын нæ пад-дзахадон хæдбардзинад банымадтой дунейы æндæр бæстæтæ дӕр.

Нæ адæмы историйы ацы бон нымад æрцыд стыр ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын боныл æмæ йæ райдзастæй, хуыздæр сомбонмæ æнхъæлмæгæсгæйæ, нысан кæнæм æрвыл аз дæр.

РХИ-йы Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Дриаты Заза:

– Мах стыр нысаниуæг дæттæм ацы историон, хъысмæтхæссæн бонæн. Нæ республикæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ цы Сразыдзинæдтыл фыст æрцыд, уыдон ахъаз кӕнынц нӕ адӕмы цардӕн. Ныфс мæ ис, æмæ дарддæр дæр æфсымæрон Уæрæсеимæ æмгуыстад кæй кæндзыстæм. Нæ профилон комитет кусы УФ-йы Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советимæ. Раздæр афæдз дыууæ хатты æмбæлдыстæм, фӕлӕ ныр уыцы фадат нал ис дунейы рапарахатгонд вирусы аххосæй. Кæд уавæр хуыздæрæрдæм фæива, уæд сæ ацы азы кæрон хъуамæ æрхонæм æмæ уыцы фембæлдтытæ адарддæр кæнæм. Нæ фем-бæлдтыты рæстæджы мах уынаффæ кæнæм æддагон политикæ, тыхон ведомствотæм хауæг æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Мах, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, стыр аргъ кæнæм, нæ Республикæйы хæдбардзинад нын ахæм хъомысджын паддзахад кæй банымадта, уымæн. Ацы аз нæ республикæйы нысан кӕнӕм ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты  фæдыл мадзæлттæ. Ирыстоны ахæм бинонтæ нæй, уыцы уæззау азты дæргъы, гуырдзыйы ‘рдыгæй геноциды азар кӕй нӕ басыгъта. Уыдоны ‘хсæн сты мæ бинонтæ дæр (Зазайæн йæ ныййарæг мады 1991 азы фыдмард акодтой Гуры).

Уыцы уæззау фæндæгтыл рацæугæйæ, махæй алкæмæн дæр æхсызгон у, абон хæдбар, нымад паддзахады кæй цæрæм, уый. Уымæ гæсгæ дарддæр дæр кусдзыстæм æмæ архайдзыстæм Уæрæсеимæ интеграцийыл. Уый у нæ сæйраг нысан, кæцы нæ иу кæны Уæрæсеимæ. Уымæн æмæ нæ сыхæгты кæцыфæнды раздзог дæр фæивдзæн йæ хъуыды æмæ фæстæмæ æрцæудзыс-тæм, цы уæззау фæндагыл цыдыстæм, уымæ. Уыцы хъуыддаг махæн зындгонд у æмæ хæст стæм Уæрæсейы Федерациимæ иу фæндагыл æмдзу кæныныл. Уæрæсейы дæр ныртæккæ ис ныгуылæны фарсхæцæг политиктæ, кæцытæ нын нæ сомбон уынынц Гуырдзыстоны сконды. Уыдон нæ фæрсдзысты нæ адæмы фæндон æмæ хъуыды. Уымæ гæсгæ мах хъуамæ, Уæрæсейы къухдариуæгад цы политикæйыл хæст у, уымæ æнгом лæууæм.

Хуссар Ирыстоны кæцыфæнды æмбæстаджы дӕр куы бафæрсай, нӕ хæдбардзинады банымад нын цы ‘рхаста, уæд дын дзуапп ратдзæн – ныфсджын кæй у йæ кæстæрты сомбонæй, 12 азы кæй цæры сабыр æмæ рæзты фæндагыл лæуд бæстæйы, æхсæв кӕй фынæй кæнæм, уымæй нæ тæрсгæйæ, æхстыты хъæр кæй нал райхъуысдзæн, изæрыгæтты нæ фæсивæд тезгъо кæнынц æдæрсгæ – уыдон сты рæсугъд, сабыр сомбоныл дзурæг хабæрттæ.

Бæстæйы къухдариуæгад æппæт дæр аразы, цæмæй нæ фæсивæдæн фадæттæ уа Уæрæсейы хуыздæр уæлдæр ахуыргæ-нæндæтты зонындзинæдтæ райсынæн. Нæ сомбоны фæлтæрæн абон фадат ис мадæлон æвзагыл æдæрсгæ дзурынæн – æмæ уыдон сты нæ нацийы дарддæргæнæг хъуыддæгтæ. Мах абон райгондæй нысан кæнæм, знагæн кæй нæ бантыст нæ бæстæйæ сыгъдæг быдыр саразын, йæ фыдвæнд йæ хъуыры кæй фæбадт æмæ нæ бæрæгбон кæй нысан кæнæм сæрибар паддзахады.

Ацы бæрæгбонæн мах стыр нысаниуæг дæттæм, кæд ныры фæкъуындæггонд уавæрты уæрæхæй нысан не ‘рцæуа, уæддæр рохуаты нæ уыдзæн.

Цы нын радта, цы нын æрхаста нæ хæдбардзинады банымад

РХИ-йы Президенты администрацийы Информацион-аналитикон управленийы сæргълæууæг Уазæгты Юри:

– Уæрæсейы Федераци нын нæ паддзахады хæдбардзинад кæй банымадта, уый фæдыл Хуссар Кавказы регионы фæзынд дыууæ ног паддзахады, кæцыты фарс балæууыд Уæрæсейы Федераци. Уый æмрæнхъ ма дæрæн æрцыд Америкæйы æмæ НАТО-йы бæстæты фарс хæцгæйæ, сырæзгæ «æфсæддон машинæ».

2008 азы августы цы процесстæ цыды, уыдоны фæстиуæгæн ныр 12 азы дæргъы æмткæй регионы æлдариуæг кæны сабырдзинад æмæ сæрибардзинад. Уый уыд уæды рæстæджы Уæрæсейы политикон фæндвидардзинад, кæцыйæн æвдисæн систæм мах. Хуссар Ирыстон цы уæззау политикон фæндæгтыл рацыд, уыдон Уæрæсейы Федераци бафидар кодта йæ уынаффæты растдзинадæй. Нæ паддзахадон хæдбардзинады банымадæй нæ адæмæн фадат фӕцис сабыр уавæрты сæ паддзахаддзинад аразынæн, хъæууон хæдзарад йæ къахыл слæууын кæнынӕн, инфраструктурæ æмæ ахсджиаг цардарæзтады фадгуытæ рæзын кæнынӕн.

12 азы размæйы цаутимæ абаргæйæ, абон мах æвдисæн стæм цæхгæр ивындзи-нæдтæн. Зæгъæн ис, æмæ нæ горæт йӕ хуыз скалдта, нæ республикæйы арæзт æмæ цалцæг æрцыдысты фæндæгтæ, уæвынад кæнынц, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дӕтты, ахæм рынчындон, нæ сывæллæттæ ахуыр кæнынц размæдзыд скъолаты æмæ скъолайы агъоммæйы уагдæтты. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы æмбæстæгтæ фидар ныфсимӕ размæ цæуынц хуыздӕр сомбонмӕ, раздæры уæззау азтæм нæ кæсгæйæ. Æппæт ацы хæрзиуæгон хъуыддæгтæ биноныг цæуынц, нæ бæстæ ӕмӕ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсӕн цы паддзахадон сразыдзинæдтӕ фыст ӕрцыд, уыдоны бындурыл.

Уæрæсейы Федерациимæ нæ æмахастыты æмвæзады бындурæвæрд ноджыдæр фидар кæны фæстаг дыууæ азы æрцæугæ цаутæй – Гуырдзыстон та йæ реваншистон риторикæ кæй ног кæны æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ йæ тыхон структурæтæ ног провокацитæ кӕй аразынц. Уымæн æвдисæн у, ивгъуыд аз августы мæйы нæ территорийыл Гуырдзыстон æнæзакъонон егъау блокпост кæй сæвæрдта, уый, æмæ нæ арæнтæм æввахс æндæр провокацион бафæлвæрдтытæ.

Гуырдзиаг фарс кæд архайы арæнтæм æввахс уавæр фæкарздӕр кæныныл, уæддæр махæн ис фидар бындур, 2008 азы августы цаутæ фæлхатт кæй нал æрцæудзысты, уымӕн.

Куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинад банымадта ноджы цалдæр паддзахады. Уыдонæй фæстаг уыд Сири. Махæн уый уыд тынг ахсджиаг къахдзæф, уымæн æмæ ацы хъуыддагæн Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ йе ‘мцæдисонтæ цæлхдуртæ æвæрынц, фæлæ уæддæр нæ хæдбардзинад банымайыны дунеон процесс рæзы æмæ размæ цæуы.  Нæ бæстæйы æддагполитикон контакттæ цалдæр азы дæргъы рахызтысты ног æмвæзадмæ, уыдоны географи æххæссы куыд Латинаг Америкæ, афтæ Æввахс Скæсæн, Европæйаг континент æмæ сабырокеайнаг регионмæ. Ацы здæхтыты куыст цæуы, фæлæ ныры вирусон низы рапарахаты уавæрты куыст чысыл фæкъуылымпы.

Æндæр паддзахадтимæ информацион тыгъдады нæ хайадистыл дæр егъау куыст цæуы. Ис нын план, цæмæй уыцы тыгъдады нæ куыст рауæрæхдӕр кæнæм Латинаг Америкæйы. Абон мах ныфсджынæй дзурæм – Гуырдзыстон йе ‘мхуызӕтты руаджы Хуссар Ирыстоны алфæмблай цы информацион блокадæ аразы, уый сын кӕронмӕ акӕнын нал бантысдзæн.

Информацион æмæ дипломатон хаххыл нæ бастдзинæдтæ рауæрæх кæнынæй дарддæр ма куыст цæуы дунеон æмæхсæнадӕн ирæтты геноцидыл сæдæ азы сæххæсты фӕдыл рæстдзинад фехъусын кӕныныл. Уый фæдыл республикæйы Парламент Сидт арвыста Паддзахадон Думæ æмæ æндæр бæстæты закъондæттынадон органтæм. Ацы куысты сæйраг нысан у, цæмæй Гуырдзыстонæн фадат ма уа йæ мæнг хъуыдытæ парахат кæнынæн æмæ йæхицæй амæттаг мауал араза. Уый цасфæнды ма архайа историон факттæ зыгъуыммæ кæныныл, уæддæр махмæ ис, цы факттыл бындуриуæг кæнæм, ахæмтæ.

Цард йæ мидбынаты нæ лæууы, размæ цæуы æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон позицитæ дарддæр кæндзысты. Уыдонæй сæйраг у – 12 азы дæргъы не ‘взонг паддзахады æдасдзинад хъахъхъæд кæй цæуы ӕмӕ Гуырдзыстоны провокацион бафæлвæрдтытæн, Хуссар Ирыстоны алфæмблай уавæр фендыгъддæр кæнынмӕ уадиссаг тых кӕй нал ис.  

КЪÆБУЛТЫ Маринæ,

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.