Ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ цæргæ-цæрæнбонты адæмы ‘хсæн фæтауынц æрмæстдæр хорздзинад æмæ сæ хорз хъуыддæгтæй цæвиттойнаг свæййынц æндæртæн дæр. Адæмы ‘хсæн кадджын, хæларзæрдæ, уæздан æмæ æцæг ирон сылгоймагыл нымад у мæ  уацы хъайтар дæр. Ацы диссаджы сылгоймаг 2019 азы банысан кодта йæ юбилейон райгуырæн бон.

Цхуырбаты Мери Баграты чызг райгуырд 1934 азы  5-æм августы Советон Гуырдзыстоны Карелы районы Бредзайы хъæуы. 1952 азы каст фæцис Авлевы астæуккаг скъола æмæ уыцы аз йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы факультеты. Æнтыстджнæй йæ каст фæцис 1956 азы. Уыцы аз йæ тæлмацæй мыхуыры рацыдис чиныг «Ирон аргъæуттæ æмæ легендæтæ» гуырдзиаг æвзагыл. Чиныгæн разныхас ныффыста æмæ йын йæ редакторы хæс дæр йæхимæ райста зынгæ гуырдзиаг профессор А. Глонти.

Райдианы уал Цхуырбаты чызг кусын райдыдта гуырдзиаг газет «Сабчота Осети»-йы редакцийы. Фыста уацтæ, уацаутæ æмæ радзырдтæ. Гуырдзиаг æвзагмæ тæлмац кодта æмæ афтæмæй парахат кодта ирон адæмон сфæлдыстад, ирон профессионалон литературæйы уацмыстæ. Мыхуыр сæ кодта æрмæст ам нæ, фæлæ ма республикон рауагъдадты, газетты æмæ журналты дæр.

 1970 азы Цхуырбаты Мерийы ракодтой паддзахадон рауагъдад «Ирыстон»-ы гуырдзиаг чингуыты хайады редакторæй, цыран цæсгомджынæй фæкуыста суанг пенсийы ацæуыны бонмæ. Куыста уæхскуæзæй æмæ зæрдæргъæвдæй. Райдиа-нæй фæстæмæ йæ царды сæйраг нысанæн равзæрста йæ радтæг ирон адæмы сфæлдыстадон хæзнатæ сыхаг адæмы ‘хсæн пропагандæ кæнын, сæ арф эпикон историон æмæ аив литературон мидис æмæ формæтæм сыхаг адæмты хъусдард аздахын æмæ сын æмбæлон аргъ æмæ бынат ссарын. Æндæр æмæ æндæр азты Цхуырбианы тæлмацæй республикон æмæ бынæттон рауагъдадты, журналтæ æмæ газетты мыхуырæй рацыдысты «Ирон радзырдтæ» (ирон прозаикты уацмысты æмбырдгонд) – 1971 азы; Беджызаты Чермены «Мæсгуытæ дзурынц» – 1971 азы; «Ирон аргъæуттæ» – 1972 азы; Хъуылаты Сикъойы «Иудзонгон» – 1971 азы, Букуылты Алыксийы «Æнæкаст фыстæг» – 1971 азы; Гаглойты Владимиры пьесæ «Мады кадæг» – 1979 азы; Дзугаты Георгийы роман «Сыгъзæрин суадон» – 1978 азы æмæ «Къæдзæх лæгæты» (сабитæн) – 1978 азы; «Нарты кадджытæ» фыццаг хатт – 1977 азы, 2-аг хатт та – 1988 азы; Гæбулты Мелитоны роман æмæ радзырдтæ «Тугæй фыст» – 1988 азы æмæ но-джы бирæ æндæр авторты уацмыстæ. «Нарты кадджытæ»-иу рацыдысты стыр тиражæй – 3-5 мин экземплярæй æмæ-иу сын ссарæн нал уыд чингуытæуæйгæнæн магазинты.   Æрæджы æхсæнадон рауагъдад «Кавказаг хæдзар» мыхуыры рауагъта «Ирон фольклор» («Ирон аргъæуттæ æмæ æмби-сæндтæ»). Уыдон дæр та Цхуырбаты Мерийы тæлмацæй. Йæ курдиатджын сисы бынæй рацыдысты æмæ мыхуыры фæзындысты роман «Æнæамæлгæ уидаг», фыццаг ирон æвзагыл, стæй та йæхи тæл-мацæй гуырдзиаг æвзагыл – 1989 азы.

Мæнæ цы загъта Цхуырбаты Мерийы сфæлдыстады тыххæй Нафи: «…Лирикон уагыл, зæрдиаг æмæ удæргомæй фыст сты Мерийы радзырдтæ æмæ йæ уацтæ дæр… Адæймаджы зæрдæмæ хъары сæ лиризм (уый сæйраг миниуæг у Мерийы дзырдаивады), сæ зæрдиаг æмæ зæрдæргом ныхас. Кæсыс уацмыс æмæ хатыс, фыссæгæн йæ дзуринæгтыл йæ зæрдæ куыд рыст æмæ риссы, стæй куыд рисдзæн йæ цæргæ бонты алы уысм дæр… Мерийы радзырдтæ иууылдæр сты, ирон адæм фæстаг 20 азы дæргъы цы стыр тугуарæн хъизæмары ныссагъдысты, цы æвидигæ маст æмæ хъыг бавзæрстой, уый нывтæ æмæ сагъæстæй амад. Зын у лæгæн уыдоны нывтæм кæсын, уыдон фæдыл фыссæджы удхъæдгом ныхасмæ хъусын. Уымæн æмæ автор демæ дзуры иузæрдыг хæларау, раст дын цыма дæ саударæг хо йæ удхайраг цардæй хъаст хæссы, уыйау. Гъе, æмæ ды дæр зæр-дæйы хъустæй ахсыс, уыцы хъаст æмæ йыл мæт кæныс дæ зæрдæйы рæбын. Цхуырбианы сфæлдыстадыл афæлгæсын æмбæлы нæ литературон критикæйы».

2017 азы Цхуырбаты Мерийы чиныг «Цалынмæ удæгас дæ» бавдыст æрцыд Нафийы номыл премимæ, фæлæ йын æй не саккаг кодтой. Газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Биазырты Роланд 2017 азы ацы чиныджы тыххæй фыста: «1989-2008 азты нæ адæмы трагикон цауты иувæрсты нæ ахызт фыссæг Цхуырбаты Мери дæр. Уыцы уæззау фæндагыл рацыд йæхæдæг дæр Мери, уыдта, йæ алыварс цытæ цыдис, уыдæттæ, æвзæрста сæ йæхиуыл æмæ йæ фыссæн сис аздæхта уыцы цауты æвдисынмæ. Йæ чиныг «Цалынмæ удæгас дæ»-йы Мери сылгоймаджы æнкъарæг зæрдæйæ уæлдай тынгдæр хаты, ирон адæм цы уæззау уавæры ныххаудысты, уый, æмæ йæ зæрдæйы судзгæ рыст хизы йæ уацмыстæм, уацмысты архайджытæм… Чиныг ахсджиаг кæй у, ууыл дызæрдыггæнæн нæй, уымæн æмæ йæ радзырдтæ сты реалон цаутыл амад. Чиныг лæууы, нæ историйы карздæр дугыл фыст уацмысты æмрæнхъ æмæ мæ фæндон у, цæмæй йын лæвæрд æрцæуа Джусойты Нафийы номыл преми».

«…Чиныджы ном «Цалынмæ удæгас дæ», дзурæг у, адæймаг цалынмæ удæгас уа, уæдмæ хъуамæ хорздзинад тауæг уа, цæмæй искуы йе ‘цæг дунемæ куы ацæуа, уæд йæ фæстæ ныууадза хорз фæд. Ахæм фæд сæ фæстæ ныууагътой, Цхуырбиан йæ радзырдты, йæ уацты, йæ мысинæгты кæй кой кæны, уыдон – Дзугаты Георги, Гуыцмæзты Алеш, Букуылты Маир, Къæбысты Зауыр æмæ æндæртæ. Мерийы æвзаг у хъæздыг, мидисджын, æнцонæмбарæн, зæрдæмхъаргæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ Цхуырбаты Мерийы чиныг «Цалынмæ удæгас дæ» у, йæ редактор æмæ разныхасы автор чи у, Иры дзыхъхъы куырыхон Саг-Лæг, нæхи Нафийы номыл премийы аккаг», – фыста 2017 азы фыссæг, журнал «Фидиуæджы» бæрнон нымæрдар Остъаты Алан.

Цхуырбаты Мерийæн йæ юбилейы цытæн  Мыхуыры хæдзар рухс фенын кодта йæ уацмысты æмбырдгонд «Уацмыстæ»-йæн. Æмбырдгонды сты йæ дыууæ романы – «Æнæамæлгæ уидаг» æмæ «Царды хъулæттæ»,  радзырдтæ, публцистон уацтæ. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды дæргъвæтин азты æппæт хъизæмæрттæ Мери йæхиуыл кæй бавзæрста, уымæ гæсгæ йæ мидзæрдæйы хъуыдытæ равдыста йæ новеллæты æмбырдгонд «Мæлæт алыгъуызон у»-йы, зæгъгæ. Новеллæттæ кæсгæйæ, адæймаджы цæссыгтæ фемæхсынц, афтæ зæрдæмæхъаргæ сты. Новеллæ «Мады туг» фыст у 1992 азы 20-æм майы Зары трагедийы фæмардуæвæг Гаглойты Гæбилы чызг Иринæйыл. Уый йæ хъæбулы йæ быны фæкодта, дыкъахыг сырдтæ сæ комкоммæ машинæмæ куы æхстой, уæд æмæ йын афтæмæй бахъахъхъæдта йæ цард. Чысыл Астикæн дæр йæ къæхтæ фæцæф сты æмæ ма æххуысмæ бæргæ хъæр кодта йæ мадмæ, фæлæ йæ уый нал фе-хъуыста…

Чиныг «Уацмыстæ»-йы 7-æм сыфыл мыхуыр æрцыд фыссæджы ныстуан. «Дæ бон хорз, мæ зынаргъ чиныгкæсæг. Дзæвгар рæстæг рацыд, фæстаг хатт ма мыхуыры фæрцы кæрæдзийыл куы амбæлдыстæм, уæдæй нырмæ. Уымæн йæхи аххосæгтæ уыд, фæлæ дæ бауырнæд, æз алы бон дæр, дæуыл хъуыдыгæнгæйæ, æрвыстон мæ цард. Цы ирон йе ‘взаг, йæ адæм, йæ райгуырæн бæстæйыл нæ тыхсы, нæ ауды, йæ сомбоны хуыздæрыл нæ хъуыды кæны, уымæн йæ цард афтид у, ницæйаг. Мæн ницæйаг цард никуы хъуыд. Мах – æз æмæ ды, мæ зынаргъ чиныгкæсæг, иумæ арвыстам хъизæмайраг зын бонтæ, мæйтæ, азтæ. Ацы уæззау тохы бонты бирæ туг ныккалд нæ зæххыл, æгæ-рон бирæ цæссыгæй фехсадтам ирон сахъгуырдты цыртытæ… Дзуринæгтæ нын бирæ ис, мæ зынаргъ чиныгкæсæг. Цæй, уæдæ, радзурæм нæ дзуринæгтæ æцæг цардæй ист хабæрттæ æмæ нывты хуызы, радзурæм нæ зæрдæты судзæгтæ, кæд нын цъус уæддæр фенцондæр уаид цæ-рын…». Æмæ æцæгæйдæр, Цхуырбиан йæ чиныджы равдыста йæ зæрдæйы судзæгтæ, йæ радзырдтæ кæсгæйæ æвæлмасæй ничи баззайдзæн. Диссаджы аив нывафыстытæ ссарæн ис Мерийы алы новеллæйы дæр æмæ уый та дзурæг у авторы курдиатыл.

«Уамыстæ»-йы кæрон мыхуыр æрцыд чиныджы редактор, журнал «Фидиуæджы» прозæйы хайады редактор Наниты Асиаты фæсныхас. «…Цхуырбаты Мерийы уацмысты цал хатты бакæсай, уал хатты та йе сфæлдыстадон стыр курдиаты сусæгдзинæдтæм хъуамæ исты бафта. Йæ чиныгкæсæджы зæрдæмæ фæндаг цы автор ссары, уый та вæййы амондджын. Ахæм амондджын автортæм хауы Цхуырбаты Мери дæр, уымæн æмæ йæ курдиат у тæхудиаг. Иу зæрдæйæн цас йæ бон у уынын, быхсын, уарзын, æмбарын, маст кæнын, цин кæнын!..  Иууыл диссагæн дзуринаг та йæ уацмысты æвзаг у. Уый гуырдзыйы ‘хсæн схъомыл, уæлдæр ахуыр дæр гуырдзиаг æвзагыл райста ирон æвзаг та йæхæдæг кæй сахуыр кодта, уый никæй бауырндзæн. Йæ уацмыстæ ахæм лæгъз æмæ хъæздыг ирон литературон æвзагыл фыст сты æмæ йæ хъайтартæй цæргæ нæ, мæлгæ чи акодта, уыдонмæ дæр чиныгкæсæг батæхуды кæндзæн. Мæнмæ гæсгæ, Нафийы загъдау, Мерийы сфæлдыстадæн хъæуы профессионалон аргъ скæ-нын, ахæм курдиатджын фыссæгæн йе стыр литературон бынтæ рохуаты ма хъуамæ баззайой. Уымæн æмæ Цхуырбины хуызæн хуындзаутæ ирон литературæйы хæзнадоны бирæ нæй».

Дыууæ азы размæ фыссæгæн фембæлд сорганизаци кодтой нæ горæты 10-æм астæуккаг скъолайы коллектив. Мадзалы Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон загъта: «Цхуырбианимæ иу хатæны фæкуыстам цалдæр азы. Мери у курдиатджын адæймаг. Гуырдзиаг æвзагмæ иууыл хуыздæр чи тæлмац кодта, уыдонæй иу у Цхуырбаты Мери. Йæ роман «Æнæмæлгæ уидаг» мыхуырæй куы рацыд, уæд алкæйы зæрдæмæ дæр фæцыд. Равдыста дзы адæмы цард. Мерийы уацмыстæ зæрдæ агайынц. Æрцæу-дзæн рæстæг æмæ сæ ахуыр кæндзысты астæуккаг скъолаты. Цхуырбиан у æйтт-мардзæ тæлмацгæнæг æмæ фыссæг, æцæг ирон сылгоймаг». Газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор, фыссæг Гæбæраты Юри та дзы афтæ загъта: «Цхуырбиан куыд прозаик, афтæ ирон дзырды ад æнкъары, цы фыссы, уый исы цардæй. Йæ алыварс цардмæ кæсы æмæ йæ куыд уыны, афтæмæй йæ равдисы йæ уацмысты. Уый «Нарты кадджытæ» гуырдзиаг æвзагмæ кæй ратæлмац кодта, уымæй стыр куыст, стыр лæггад бакодта йæ радтæг адæмæн. Уый æцæг курдиатджын, хорз æмæ сыгъдæгзæрдæ сылгоймаг у».

Æмæ, æцæгæйдæр, ацы уæздан сылгоймагæй уыйбæрц хъармдзинад цæуы æмæ адæймаг йемæ ныхас кæнынæй не ‘фсæды. Зыны йыл, æнæхин адæймаг кæй у, алкæй дæр бирæ кæй уарзы, алкæмæндæр æй хорздзинад кæй фæнды, алкæмæндæр кæй  кад кæны, уый. Æвæццæгæн йæ царды иу адæймаджы хъыджы дæр никуы бацыд, дзыхы ныхасæй дæр никуы никæйы фæхъыг кодта. Æмæ цард та ахæм адæймæгтæй фидауы. Йæ парахат зæрдæйы бынат ис йæ бирæ хæлæрттæн, йæхиуæттæн иууылдæр. Цхуырбианæн ис æртæ хъæбулы æмæ дыууæ хъæбулы хъæбулы æмæ сæ хурæй æфсæст уæд.

Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр æмæ хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы къамисы уæнгтæ Цхуырбаты Мерийæн иннæ хатт куы саккаг кæниккой Нафийы номыл преми. Уымæн æмæ Нафи уыд фыссæджы чиныг «Цалынмæ удæгас дæ»-йы редактор, йæ разныхасы автор, афтæ ма 60 азы дæргъы лæггад кæны ирон мыхуырæн æмæ у ацы премийы аккаг.

Юбилярæн та нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ амондджын цард. Уадз, бирæ рæстæджы дæргъы дæ уындæй рухс кæн бирæ дæ чи уарзы, уыцы адæмы зæрдæтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.