РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй 13 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр кусæгон балцы ацыд  Уæрæсейы Федерацийы Дард Скæсæны Федералон зылды центр Владивостокмæ.

Министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Медойты Димитр йæ балцы рæстæджы фембæлдзæн горæты къухдариуæгадимæ Дард Скæсæн æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн перспективон æмгуысткæнынад райрæзын кæныны нысанæн.

Дыууæ фарсы дæр фæнд кæнынц Цхинвал æмæ Владивостокы ‘хсæн æфсымæрон ахастытæ саразыны тыххæй Суагъæйыл къухтæ æрфыссыныл æруынаффæ кæнын.

РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, амæйразмæ, ахæм мидисимæ фыстæг райста Владивостокы къухдариуæгадæй. 

Дарддæр пресс-службæ куыд банысан кодта, афтæмæй Суагъæ-йыл къухтæ æрфыссыны руаджы Цхинвал æмæ Владивостокы ‘хсæн сфидар уыдзысты хæларадон бастдзинæдтæ, алыгъуызон фадгуы-ты рауæрæх уыдзæн кæрæдзийæн пайдайы æмкуысткæнынад.

Бæрæг куыд у, афтæмæй æфсымæрон ахастыты тыххæй Бадзырд арæзт æрцыд Дзæуджыхъæу æмæ Владивостокы горæтты ‘хсæн дæр.

Балц аххæсдзæн 17 январмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.