Дзæуджыхъæуы йæ официалон балцы  рæстæджы, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Аланæн бадзырдтæ уыд цæгатирыстойнаг столицæйы къухдариуæггæнæг Æлбегаты Барисимæ.

Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны сæйраг горæтты къухдариуæггæнджытæ аскъуыддзаг кодтой, 2017 азы сæ къухтæ кæй æрфысдзысты горæттæ Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы  ‘хсæн Горæтон управленийы раззагон фадгуыты æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинадыл. Фидæны Сразыдзинады пункттæй сæ иутæ уыдзысты муниципалон практикæйы фæлтæрддзинад кæрæдзийæн амонын æмæ архайды алыгъуызон сферæты экономикон æмæ техникон бастдзинæдтæ сфидар æмæ ауæрæх кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.