РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ауагъта кусæгон æмбырд республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ.
Уынаффæ цыд æххæсткæнынадон дисциплинæйыл, цæрджытимæ куыст куыд цæуы, стæй Парламент æмæ адæммæ Президенты Ныстуаны фæдыл лæвæрд хæслæвæрдтæ куыд æххæст цæуынц, уыимæ баст фарстытыл.
Хицауады Сæрдар уæлдай хъусдард аздæхта цæрджытимæ æнгом æмархайд æмæ цæрджыты куырдиæттимæ куысты æнæмæнгхъæуындзинадмæ.
«Алы разамонæг дæр хъуамæ бынаты лæмбынæг хъусдард здаха цæрджытимæ йæ куыстмæ. Адæммæ хъуамæ ма æвзæра ахæм хъуыды, цыма сæ фарстæн цы дзуапп райстой, уымæн ис формалон нысаниуæг. Боныфæстагмæ, цæрджытимæ куыд ныхас кæнæм, ууыл баст у Хицауады куысты ахадындзинад», — банысан кодта уый.
Хицауады Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, æмткæй респубикæйы хицауады æххæсткæныны дисциплинæ фæхуыздæр, фæлæ нырма æвæрццаг размæцыд къухы нæма бафтыд.
Уый æрдомдта министрты кабинетæй, цæмæй фылдæр кусой æххæстгæнæг хицауады структурон дæлхæйттимæ æмæ сын бахæс кодта, цæмæй æрбавдисой ведомствæйон хыгъдтæ.
«Цы зонæнтæ æрбавдисат, уыдон бацæудзысты Хицауады афæдзон хыгъдмæ, кæцы хъуамæ равдиса республикæйы социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнтæ, закъонарæзтады архайды фæстиуджытæ, афтæ ма сæ мидæг хъуамæ уа статистикон зонæнты абарстон анализ», — бамбарын кодта йæ хъуыды Хъуылымбегты Доменти, æмæ бæстон хæслæвæрдтæ радта министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæн.
Сæрмагондæй, Экономикон рæзты министр Зæгъойты Вильямæн хæсгонд æрцыд, цæмæй сæ архайды хатдзæгты фæдыл йæ ведомствæйон хыгъд æрбадæтта 20 апрелмæ, афтæ ма бакуыст æрцæуа, уæрæсейаг бангты хатырон кредиттæ райсынмæ чи хъавы, уыцы амалиуæггæнджыты инвестицион проекттимæ æмдзу кæныны фарстытыл.
Аграрон фадыджы уагъдцæуæг уалдзыгон-быдырон куыстыты бæрц æмæ хуызты, æфтиагджындæр фермерон хæдзарадты, сæ хæстæ æххæст кæнын чи нæ фæразы, уыцы нардуатгæнджыты тыххæй лæмбынæг бæлвырдгæнæн хъуамæ ныффысса Хъæууон хæдзарады министрад, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрадыл та æмбæлы, чи райдыдта, цæрджыты уыцы диспансеризаци æрбиноныг кæнын æмæ йæ районты цæрæн пунктты цæрджыты хъуагдзинæдтæм гæсгæ рацаразын.
Ахуырад æмæ зонады фадыджы Хъуылымбегты Доменти бацамыдта, цæмæй сæрмагонд хъусдард здæхт æрцæуа сывæллæтты хæлцмæ, афтæ ма системæйы сног кæ-нынмæ, æрмæст хъуамæ уый ахуырадон-хъомыладон процессы мацы бахъыгдара.
«Штаттæ фæкъаддæр кæныны хъуыддагмæ бавналын хъæуы тынг хъуыдыджын æмæ арæхстгай, уымæн æмæ нæм цы штатон иуæгтæ ис, уыдон, гæнæн ис, æмæ нæ тагъд рæстæджы бахъæуой, — загъта уый. Афтæ ма æвзæр нæ уаид адарддæргонд къордты куыстмæ æркæ-сын æмæ цас ахадгæ æмæ ахсджиаг сты, уый раиртасын».
Паддзахадон исад æмæ зæххы фæдыл ахастыты комитеты сæрдар Пæрæстаты Сергейæн хæсгонд æрцыд, цæмæй Инвестпрограммæйы объекттæн арæзт æрцæуа, сноггонд бæлвырдгæнæн хыгъды æвæрд сты æви нæ, уый сæраппонд.
Æмбырды ма уымæй дарддæр банысан æрцыд, ахсджиаг кæй у амалиуæггæнджытимæ æмбарынгæнæн куыст ауадзын таможнæйон æмæ хъалонты бæрцимæ баст ногдзинæдты фæдыл, стæй сæ социалон бæрндзинад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй.
«Хицауад кæны хъуыдыджын къахдзæфтæ ацы фадыджы, йæ алы къахдзæфы фæдыл дæр æрхæссæн ис, фидар аргументтæ кæмæн ис, ахæм аххосæгтæ хъалонтæ фидыны ногдзинæдты пайдайæн. Уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у бизнес æхсæнады минæвæртти-мæ, Амалиуæггæнджыты советимæ ныхас кæнын, Хицауады раз сæ хæстæ цæмæй бæрнджынæй æххæст кæной, уыцы ‘рдæм сын фæндаг амонын», — банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.