Нæ республикæйы Экологион, технологион æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты сæрдар, нæ горæты цæрæг хæдæфсарм æмæ уæздан адæймаг Къуылыхты Уанийы фырт Таймуразæн æрæджы Ростовы мыхуыры рацыд чиныг «Къуылыхты мыггаджы равзæрд æмæ йæ нырыккон уавæр», зæгъгæ, ахæм номимæ. Чиныджы цы æрмæг ис, уыдон сты ирон æмæ уырыссаг æвзагыл. Генеалогион бæлас тексты хуызы та тæлмац æрцыд англисаг æвзагмæ дæр. Автор йæхæдæг куыд зæгъы, уымæ гæсгæ уый ацы чиныг саразыныл бахъуыд дыууын азæй фылдæры бæрц. Чиныджы дзырдæуы Къуылыхты чысыл мыггаджы равзæрдыл фыдæлты заманæй нырыккон дуджы онг. Æрмæджытæ сты бæстон æмæ бирæвæрсыг: мыггаг цы ран æмæ цы уавæрты сæвзæрд, кæмыты цардысты, мыггаджы æрвадæлтæ, таурæгътæ, легендæтæ, историон æмæ архивон бæлвырдгæнæнтæ. Мыггаджы генеалоги ахсы зынгæ бынат æрмæджыты æхсæн. Уым дзырд цæуы канд Къуылыхтæн сæхиуыл нæ, фæлæ ма чындзытæ, сиæхстæ æмæ хæрæфырттыл дæр. Ам ма ис бакæсæн историон æрмæжытæ Хуссар Ирыстоны тыххæй къаннæг гуырахстæй. Уымæй дарддæр ма дзы чиныгкæсæг базонгæ уыдзæнис Къуылыхты мыггагæй фыццаг æмæ дыккаг Дунеон хæстыты хайад чи иста, уый тыххæй дæр бæлвырд зонæнтимæ. Афтæ ма гуырдзиаг-ирон конфликт куыд бандæвта мыггагыл суанг 1920 азæй ныры дуджы онг. Уæлæмхасæнæн ма чиныджы сты æндæр æмæ æндæр цымыдисон æрмæджытæ: фотонывтæ, иллюстрацитæ æмæ статистикæ. Чиныгæн зонады къабазы егъау нысаниуæг ис, уымæн æмæ автор арф æмæ бындуронæй сахуыр кодта мыггаджы истори, спайда кодта археологион цыртдзæвæнтæй, фольклор, этнографи, историон документтæ æмæ информаторты æрмæджытæй æмæ стыр æххуыс æмæ хъæуæг уыдзæнис студенттæн дæр. Чиныджы рацыдыл тынг фæцин кодтой, фыццаджыдæр, Къуылыхты мыггаг, Хуссар Ирыстоны зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ, афтæ ма йæ райгуырæн бæстæйы историмæ лæмбынæг хъусдард чи здахы, йæ фыдæлтæн чи аргъ кæны, æппæт уыдон.

Чиныгæн 7-æм июлы Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты актон залы уагъд æрцыдис презентаци. Чиныджы прзентацийы хайад райстой зонад-иртасæн институты зонадон кусджытæ, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ, Къуылыхты мыггаджы минæвæрттæ, авторы æввахс хиуæттæ, чиныджы рацыдыл чи бакуыста, уыдон æмæ бынæттон журналисттæ.

Презентаци бацæуæн ныхасæй байгом кодта Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты директор, историон зонæдты кандидат Гаглойты Роберт. Уый, фыццаджыдæр, арфæ ракодта чиныджы авторæн æмæ цыбыртæй банысан кодта, Таймураз удуæлдай, егъау куыст кæй бакодта æрмæг æртымбыл кæныныл æмæ чиныг рауадзыны хъуыддагыл. «Абон мах цы хорз хъуыддаджы фæдыл æрбамбырд стæм æмæ цы диссаджы чиныджы тыххæй ныхас кæнæм, уый нæ республикæйы алкæцы чиныгкæсæгæн дæр у хъæуæг æмæ зынаргъ. Уымæн æмæ дзы ис нæ мыггæгтæй сæ иуы равзæрды цымыдисон истори. Таймураз йæ разы цы хæс æрæвæрдта, уый сæххæст кодта бирæбæрцæй. Цы стыр фыдæбон бакодта, уый дзы бæркадджынæй зыны, йæ гуырахстмæ гæсгæ дæр у егъау, ис дзы 558 фарсы. Алкæмæн уыййас бафыдæбон кæнын нæу йæ бон æмæ йын хъæуы стыр бузныджы ныхæстæ зæгъын. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый æмæ бонæй-бонмæ æргътæ кæй хизынц, уымæ гæсгæ чиныг рауадзыны хъуыддаг авторæн слæууыдис тынг зынаргъ, фæлæ чиныг уый аргъ у», – банысан кодта Гаглойты Роберт.

Къуылыхты Таймураз, фыццаджыдæр, бузныг загъта, презентацимæ кæй саккаг кодтой, уый фæдыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæцыфæнды ирон адæймагæн дæр зынаргъ у йæ мыггаг æмæ йæ райгуырæн зæхх. «Мæн фæнды, цæмæй нæ мыггаджы кæстæртæ номгай зоной сæ фыдæлты, сæ кæрæдзи æмæ фидар хæцой ирон æвзаг æмæ ирон æгъдæуттыл. Ныртæккæ уый у тынг ахсджиаг Ирыстоны. Куыд нæ хъуамæ зонай, чи уыд дæ фыды-фыд, кæнæ дæ фыдæн йæ фыдыфыд. Ныр нæм ахæмтæ стæм сты æмæ зоной сæ фыдæлты, æппынкъаддæр, авд фæлтæры. Ацы хъуыддаг мæнмæ дæр æвзæрын кодта цымыдис, зæгъгæ, чи уыд мæ рагфыдæл, кæмæй рацæугæ дæн, цæмæн нæ афтæ хонынц, цы дзуæрттæм куывтам æмæ афтæ дарддæр. Скъоламæ куы бацыдтæн, уæд базонгæ дæн нарты кадджытимæ ирон æвзагыл æмæ-иу мæ фыды фарстон нæ фыдæлты тыххæй, зæгъгæ, цæмæ рæхстысты, цæмæй цардысты æмæ æндæр ахæмтæй. Афтæ кæй цымыдис кодтон ирон адæмы историмæ, уый мæ фыдæн тынг æхсызгон уыд æмæ-иу мын дзырдта, цы зыдта, уый æмæ сæ æз та хастон гæххæтмæ. Фæстæдæр базыдтон скъифты, аланты æмæ сæрмæтты тыххæй. Æппæт ацы хабæрттæ мæнмæ æвзæрын кодтой цымыдис æмæ фарстытæ. Цы зонæнтæ мæм æртымбыл ис, уыдон гæххæтмæ рахастон æмæ йæ схуыдтон «Генеалогион картæ», ома, сарæзтон генеалогион бæлас, цæмæй мæ ма ферох уыдаиккой. Фæндыдис мæ Къуылыхтæй алкæй ном дæр ссарын æмæ сæ бæласы алкæй дæр йæхи бынаты сæвæрын. Ацы картæ фыццаг хатт рамыхуыр кодтон 1990 азы æмæ йæ байуæрстон, мæ мыгга-гæй горæты кæй зыдтон, уыдоныл, цæмæй ма йæм уыдон дæр сæ фиппаинæгтæ ба-хастаиккой æмæ сæ иумæ баххæст код-таиккам. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хъуыддагыл тынг фæцин кодтой мыггаг. Афтæ райдыдта мæ куыст æмæ уæдæй фæстæмæ сындæггай æрмæджытæ æм-бырд кæнын райдыдтон. Мæ хъус фылдæр дардтон этнографион æрмæг æрæмбырд кæнынмæ нæ мыггаджы тыххæй. Ацы хъуыддаг къухты бафтыд мыггаджы минæ-вæртты, хæрæфыртты, хæстæджыты æрфæрсыны руаджы», – банысан кодта Къуы-лыхты Таймураз. Таймураз ма сарæзта йæ мыггаджы эмблемæ æмæ тырыса дæр. Уый ма æрæмбырдуæвджыты рæгъмæ æрхаста сæ мыггаджы равзæрды таурæгъы варианттæ дæр. Бæрæг куыд у, афтæмæй Нанийæн йæ фыццаг ус куы фæзиан, уæд ын æрхастой дыккаг ус, кæцы уыдис къуылых æмæ уымæй чи райгуырдис, уыцы лæппуйы хуыдтой Къуылых. Сылгоймаг иу ран у Тедетæй, иннæ ран та – Джиотæй. Ис ма ахæм легендæ, зæгъгæ, бирæгъы удæгасæй бастъыгътой æмæ йæ тæригъæдæй аскъуыдысты æгас мыггаг. Уыцы рæстæджы уыцы мыггагæй иу къуылых лæг уыдис кæмдæр æмæ куы рыздæхт, уæд цы фæл-лой æрæййæфта, уыдон ын баззадысты æмæ, зæгъгæ, уымæй рацыд Къуылыхты мыггаг. (Къуылыхты хъæу ис Дзауы районы. Ныртæккæ уым ничиуал цæры. Æрмæст сæрды бацæуынц цалдæр хæдзарæй улæфынмæ). Афтæмæй æввахс хæстæг æрвадæлтыл нымад цæуынц Бæззатæ, Нартых-тæ, Диакъонтæ, Нанитæ æмæ Къуылыхтæ.

Презентацийы ма Гаглойты Роберт бакаст УФ-йы Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыры арфæйы фыстæг Таймуразы чиныджы презентацийы тыххæй, цыран уый банысан кодта авторы егъау куыст æмæ æгæрон уарзондзинад йæ фыдæлтæм, традицитæ æмæ мадæлон æвзагмæ. Уый фæстæ чиныджы фæдыл йæ хъуыдытæ загъта зонад-иртасæн институты социалон-экономикон иртасынæдты хайады сæргълæууæг Къæбысты Мария. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй фæстаг рæстæджы популярон ссис мыггæгтыл чингуытæ уадзыны хъуыддаг. Ахæм чиныг ис Къæбысты мыггагæн дæр, фæлæ, зæгъгæ, ахæм серьезон æмæ бындурон куыст нырма Къуылыхты мыггагæй дарддæр никæй къухты бафтыд. «Æз ацы чиныг бакастæн стыр æхсызгонæй. Цы ‘рмæг дзы ис, уыдоны зыны егъау куыст. Æз уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ ахæм чысыл мыггаджы тыххæй уыййас цымыдисон чиныг ныффыссæн уыдис, уый. Æвæццæгæн мемæ сразы уыдзыстут 300 адæймаджы цы мыггаджы ис, уыдон Джиоты, Цхуырбаты мыггæгты бæрц кæй не сты, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ чиныг рауадис тынг цымыдисон æмæ сомбоны фæлтæрæн та у стыр хæзна. Ацы чиныг ма бирæ азты фæстæ стыр æххуыс уыдзæнис йæ адарддæр кæнынмæ чи бавнала, уымæн», – банысан кодта Къæбысты чызг.

Чиныджы ахадындзинады тыххæй раныхас кодта ХИПУ-йы ирон кафедрæйы профессор Плиты Гацыр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, студенттæн бирæ азты дæргъы ирон фольклоры тыххæй кæй кæсы лекцитæ æмæ дзыхæй-дзургæ сфæлдыстад та кæй у нæ царды бындур æмæ ацы ног чиныджы дæр кæй ис фольклор. «Фольклористикæйы фадыджы чи кусы, уыдон ацы чиныджы иувæрсты нæ ахиздзысты. Уымæн æмæ нæ легендæты бирæ ис историон хабæрттæ.

Арæх мæ фæфæрсынц æндæр мыггæгтæй, зæгъгæ, махæн та не ‘рвадæлтæ чи сты. Уый алчи йæхæдæг куы нæ зæгъа, уæд кæйдæр ныхæстæй гæдыныхæстæ рауайдзæнис. Зæгъæм, Гæдиатæ афтæ цæмæн хуыйнынц, кæнæ Къæбыстæ. Уыдон сæ сæ-хæдæг хорз зонынц. Æз сын сæ куы дзурон, уæд ма мæм мæсты дæр суыдзысты. Таймураз йæ разы хæс сæвæрдта Къуылыхты мыггагæн йæ фæзындæй абонмæ сæ фæлтæртæ куыд рацыдысты, уый. Зæгъæм, Хетæгкаты Къоста йæ фыдæлтæй зыдта дæс фæлтæры. Йæхи нымадта дæсæм фæлтæ-рыл. Зæгъгæ та йæ уымæн кæнын æмæ нæм абон ис ахæмтæ, кæцытæ сæ фыды-фыдæй дарддæр никæй зонынц. Уымæ гæсгæ ацы чиныджы хъæздыг æрмæг ис æмæ сæ зонын хъæуы», – загъта Плиты Гацыр.

Историон зонæдты кандидат, РХИ-йы сгуыхт журналист Хъуылымбегты Роберт дæр банысан кодта чиныджы ахадындзинад æмæ мыггаджы стыр нысаниуæг. Таймуразы рагæй зонын, у тынг хорз æмæ курдиатджын адæймаг. Уый у РХИ-йы сгуыхт аразæг æмæ йæ канд хорз аразæгæй нæ зонæм, фæлæ ма æвзыгъд у музыкæмæ дæр, цæгъды гитарæйыл, рæхсы зарынмæ дæр. Цы чиныгыл бакуыста, уый у диссаджы чиныг æмæ йæ æнæмæнгдæр хъæуы бакæсын. Чиныджы мæ бон афтæ схонын у, зæгъгæ, Ирыстоны истори иу мыггаджы историйы æмæ Гасситы Знауыр дæр йæ фыстæджы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ дзы хъуамæ пайда кæниккой скъолаты дæр. Ацы чиныг Ирыстонæн у лæвар æмæ мæ уый тыххæй бузныджы ныхæстæ зæ-гъын фæнды авторæн æмæ рауагъдад «Республикæ»-йы коллективæн», – баны-сан кодта Хъуылымбегты Роберт.

Дарддæр ма презентацийы чиныджы фæдыл сæ хъуыдытæ загътой æндæр зо-надон кусджытæ дæр, кæцытæ банысан кодтой уымæн йæ гъæд æмæ æнæмæнгхъæуæгдзинад. Мыггаджы номæй та Таймуразæн арфæйы ныхæстæ загъта гимнази «Альбион»-ы ахуыргæнæг Къуылыхты Мæ-динæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Таймураз йæ чиныгыл кусгæйæ, æрбангом кодта мыггаджы æмæ ноджы хæларæй дæр цæрынц. «Таймуразы чиныг махæн, Къуылыхты мыггагæн у тынг зынаргъ лæвар æмæ дзы стæм сæрыстыр», – зæгъы уый.

Къуылыхты Таймураз бирæ арфæйаг ныхæстæ кæй райста, уымæ гæсгæ дзуаппон арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта презентацийы хайадисджытæн дæр æмæ сын балæвар кодта чингуытæ.

                              ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.