Антуан де Сент-Экзюприйы аргъау ратæлмац кодтой французаг æвзагæй ирон æвзагмæ профессор Хъамболты Тамерлан æмæ сывæллæтты æмдзæвгæты автор Астемыраты Изетæ. Чиныг рацыд 1000 экземплярæй. Чиныджы ирон варианты спайда кодтой Экзюприйы нывтæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ раздæр дæр «Чысыл принц» тæлмац кодтой ирон æвзагмæ, фæлæ оригиналæй нæ, уырыссаг æвзагæй.

«Мæнмæ гæсгæ оригиналæй тæлмац растдæр у, цæмæй авторы хъуыды ма фесæфа», – йæ хъуыдытæ раргом кодта чиныджы тæлмацгæнæг профессор Хъамболты Тамерлан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы чиныг у «адæмуарзондзинады эталон, адæймаджы сæры гуырын кæны цардыуаджы хъуыдыты тыххæй, куыд æй хъæуы аккагæй рацæрын, цы у царды вазыгджындæр, цæмæн та ис дæлахъазон бынат».

«Тæлмацгæнгæйæ, мах сарæзтам цалдæр неологизмы. Уыдон æвдисынц «дзаумайы мидисы» æмбарынад. Ныфс мæ ис, æмæ ратæлмацгонд чиныджы фæрцы, ацы фæзилæнтæ ныффидар уыдзысты ныхасы æмæ ратдзысты ног тæлмæн дунейы философон аспекты», – загъта Хъамболты Тамерлан.

Æппæтæй фылдæр дунейы алы æвзæгтæм дæр тæлмацгонд æрцыдысты Библи æмæ Хъуыран. Уыцы хъуыддаджы æртыккаг бынат ахсы «Чысыл принц». Хъамболты Тамерлан куыд загъта, афтæмæй рауагъдадæй цалдæр чиныджы арвитдзысты Чысыл принцы музеймæ Японимæ. Уым æрæмбырд кодтой ацы аргъауы æппæт дунейы тæлмацты коллекци. Уымæй уæлдай ма, тагъд «Чысыл принц» мыхуыры рацæудзæн дыгурон диалектыл дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.