Хæрзæрæджы Цхинвалы рауагъдад «ЦЫКУРА»-йы мыхуыры фæзынд, ирон литературæзонæг æмæ  иртасæгæн ног дæр чи у æмæ йын æнæнхъæлæджы дæр чи уыдзæнис, ахæм чиныг:  Сослан Цæразон  «Алгъуызы кадæг». Æнахуыр чиныг уымæн у, æмæ поэмæйы авторыл сæрысуангæй, растдæр зæгъгæйæ, ирон чиныгкæсæгæн нымад цыдис Æгъуызаты Иуане æмæ йын ныр æнæнхъæлдзæджы фæзынд æндæр автор… Сослан Цæразон – Гуырдзыстоны астæуккаг æнусты ус-паддзах Тамары æмкъай æмæ уыцы иурæстæджы йе ‘мсæр паддзах.

Æниу, ирон чиныгкæсæгæн, уæлдайдæр, литературæиртасынадæн бынтон æнæнхъæлдзæджы дæр нæ уыд ацы хъуыддаг. Уымæн æмæ, кадæджы автор чи уыдзæнис, зæгъгæ, ууыл йæ фæзындæй фæстæмæ дызæрдыг чындæуы. Ирон æвзагмæ йæ тæлмацгæнæг Бестауты Гиуæрги загъта: «Алгъуызы кадæджы автор хъуамæ уа, Æгъуызаты Иуанейæ раздæр чи цард, ахæм ирон ахуыр лæг – йæ ном Сослан» (Бестауты  Гиуæрги. Алгъуызы кадæг// Æгъуызаты  Иуане. Æмдзæвгæтæ, поэмæ «Алгъуызы кадæг» æмæ æндæр æрмæджытæ. – Цхинвал, 1988.).

Фæлæ уацмыс ныртæккæ фыццаг хатт фæзынд мыхуыры Сослан Цæразоны авториуæгадæй… Фыццаг бакастæй мæм æгæр уæндон æмæ къæйных къахдзæф фæкаст ацы хъуыддаг. Поэмæйы авторондзинад уæдмæ дæр иттæг бæлвырд нæ уыд – уый рагæй хъуыстон, суанг ма, скъолайы йæ куы ахуыр кодон, уæдæй. зæрдæаивæй йæ схуындæуыд Иуанейы. Æмæ фæстæдæр та уыцы хъуыды бафидар кодтон поэмæйы фæдыл цы зонадон куыстытæ æрцыдысты фыст, уыдон бакæсгæйæ.

Бестауты Гиуæргийы хъуыдыйыл æнæ æууæндгæ нæй: «Иутæ зæгъынц, зæгъгæ, кадæг ныффыста  ХIX æнусы райдианы зынгæ ирон æхсæнадон кусæг Æгъуызаты (Ялгъузидзе) Иуане. Сæ хъуыды бафидар кæныны тыххæй уыдон бæлвырд кæнынц ома, дам, XVIII æнусы кæрон æмæ ХIX æнусы райдианы, кадæг фыст куы æрцыдаид (уый дæр сæхи хъуыдымæ гæсгæ), уыцы заманы Гуырдзыстоны ирон ахуыр лæгтæй зындгонддæр у æрмæстдæр Æгъуызайы-фырт. Иннæмæй та, ома кадæджы хъайтар Алгъуыз (Алгъуызон) кæй хуыйны, уый дæр ууыл дзурæг у, æмæ Æгъуызаты Иуане æппæлы йæ фыдæлтæй» (Бестауты  Гиуæрги. Алгъуызы кадæг// Æгъуызаты  Иуане. Æмдзæвгæтæ, поэмæ «Алгъуызы кадæг» æмæ æндæр æрмæджытæ. – Цхинвал, 1988.). Литературæиртасæгæн ацы хъуыдытæ аппаринаг не сты. Æндæр хъуыддаг у, йæ ныхмæ æндæр уæзгæдæр бæлвырдгæнæнтæ æрхæссæн ис æви нæ, уый. Æмæ ахæм æрмæджытыл дзырд цæуы чиныджы егъау разныхасы.

Уацмысы æцæг авторы сбæлвырд кæнын вазыгджын хъуыддаг у. Уый тыххæй хъæуы фидар æмæ æнæфæцудгæ æвдисæйнæгтæ. Уымæн мæ бафтыдта дисы чиныгаразæджы уæндон къахдзæф.

Чиныг мыхуырмæ бацæттæ кодта æмæ йæ рауагъта Хъазиты Мелитон. Чиныгмæ бацыдысты Мелитон æмæ Бестауты Гиуæргийы иртасæн куыстытæ разныхас æмæ фæсныхасы хуызы, афтæ ма кадæджы текст Бестауты Гиуæргийы тæлмацæй.

Хъазиты Мелитон йæ зонадон-иртасæн куысты æрдзырдта Иуанейы рухстауæн куыстыл, йе стырдзинад æмæ ахадындзинадыл ирæхсæнады. Фæлæ историон рæстдзинад бæлвырд кæнгæйæ, иртасæг  кадæг «Алгъуызы кадæг» бæтты Сослан Цæразоны номимæ. Æндæр иртасджыты (Л. Лопатинский, А. Хаханов) куыстытыл бындуриуæг кæнгæйæ, уый йæ хъуыды фидар кæны «Алгъуызы кадæг» æмæ «Фæранчы цармдарæджы» æнгæсдзинады тыххæй дæр.

«Фæранчы цармдарæг» Дауыт Сосланы фыст кæй у, ууыл зонадон литературæйы бирæ ныхас цæуы рагæй фæстæмæ. Зонады ацы быцæутæ мын мæ цымыдис бацырен кодтой æмæ ахъавыдтæн Руставелийы æндæр уацмыстæ «Стæйы цармдарæг»-имæ сæ уырыссаг тæлмацы кæрæдзийыл абарын, сæ æнгæсдзинад сын сбæлвырд кæнын. Фæлæ рæуæууæнк, райдайæг зонадон кусæг «фыдæнхъæл» фæци. Растдæр  зæгъгæйæ та, риуыдзаг æхцон улæфт скодтон – Руставелийæн æндæр фыст уацмыстæ куы нæ разынд, уæд. «Стайы цармдарæджы» хуызæн гуырахстджын уацмыс сфæлдисæгæн æндæр мацы баззадаид, уый зын бауырнæн у. Уыцы факт дæр у ноджы иу бæлвырдгæнæн, уацмыс Дауыт Сосланы фыст кæй у, уымæн æмæ  Шота Руставели та Дауыт Сосланы псевдоним кæй у, уый тыххæй. Уымæй дæр ын йæ ном æмæ мыггаджы этимологи зæрдыл даргæйæ (Шо+та= Сослан æмæ Тамарæйы нæмтты райдиан дамгъæтæ æмæ йæ мыггаджы топонимион равзæрд Рустау).

Дауыт Сослан бæгъатыр хæстонæй дарддæр стыр поэт кæй уыд, ууыл дзурæг сты къорд æрмæджытæ, уæлдай ирд æвдисæн та – Гæдиаты Секъайы ныхæстæ: «Дауыт Сосланы стихтæ ныры гуырдзиаг стихтæм хурæй æввахсдæр не сты. Фæлæ уæддæр сæ историйы æрттивынц» (Гæдиаты  Секъа. Равзаргæ уацмыстæ. – Цхинвал, 1979).

Æндæр хъуыддаг уый у, æмæ цавæрдæр æнахуыр сæфтæй æрбайсæфтысты хъуыддаджы æцæгдзинад бамбæхсыны тыххæй, кæй къухæй æмæ цæмæн, ууыл та бирæ хъуыды нæ хъæуы. Уацмысты æнгæсдзинадыл дзургæйæ, махæн, литературæиртас-джытæн ахсджиаг у сæ тæлмацгæнæджы хъуыды. Хъыгагæн, йæ хъуыды зонадон æгъдауæй загъд не ‘рцыд. Фæлæ Хъазиты Мелитонæн цы дзуапп радта, уымæй дæр фæбæрæг вæййы, фидарæй цæуыл æууæндыд, уый: «Оригиналы сæ чысыл æрæмных кæн, æмæ йæ дæхæдæг фендзынæ» (Хъазиты  Мелитон. Рухсхæссæг кадæг // Сослан  Цæразон. Алгъуызы кадæг. – Цхинвал, 2016. – 34 ф.). Иухуызон у поэмæты æмдзæвгæамад: фыст сты дыууадæстæгон хорейæ.

Поэмæ «Алгъуызы кадæг» Сослан Цæразоны фыст у, «уыцы хъуыдымæ сæ (зонады кусджыты) æркодта, иуæй  Æгъуызайы-фырты биографийы кадæ-джы кой кæй никуы ис, иннæмæй та, кадæджы æвзаг æмæ стиль XVIII-ХIX æнусты фыстытæй бирæ архаикондæр кæй у, уый. Æмæ, æцæгдæр, «Алгъуы-зы кадæджы» стиль гуырдзиаг æмдзæвгæйæн характерон уыдис XVIII- ХIX æнусты нæ, фæлæ XIV – ХVI æнусты» (Бестауты  Гиуæрги. Алгъуызы кадæг // Æгъуызаты  Иуане. Æмдзæвгæтæ, поэмæ «Алгъуызы кадæг» æмæ æндæр æрмæджытæ. – Цхинвал, 1988).

Ноджы ирон чиныгкæсæджы чиныгаразæджы хъуыдыйыл тынг цы ууæндын кæны – дыууæ кадæджы дæр: «Алгъуызы кадæг» æмæ «Фæранчы цармдарæджы» Бестауты Гиуæргийы тæлмацæй цыма æцæгæй ирон æвзагыл фыст сты, афтæ зæлланг кæнынц. Мæнæ «Алгъуызы кадæг»-æй иу цыбыр цæвиттон нæ дзырд бафидар кæныны тыххæй:

У ныфсæвæрæгæн махмæ Сыгъдæг уд дæуæй æрвыст!

Ног ныррухс кодтай æнусмæ дуне – хинæй сыгъд, æлгъыст.

Уæ, тыхджын Хуыцау, æркæс мæм, айс мæ зæрдæйæн йæ рыст,

Радт бæрзонд хъуыды мæ зондæн, ратт мын ме ‘рдæхтæн æнтыст!

 

Æмæ æрæвналон, ныффыссон: чи стæм, цы адæмы мыггаг,

Чи кæй фырт у, чи кæй фæдон, чи кæй цæрæнбоны таг,

Чи уыд а-зæххыл хъаруджын, рæвдз, ныфсхаст æмæ уæндаг

Æмæ чи айгæрста æхсарæй царды йæ амондмæ фæндаг.

 

Алцы арæхстгай ныффыссон, алцы рафæлгъауон раст:

Цард куыд æрвыстам, зæххыл нæм фыд, хæрзæбонæй цы каст,

Хорзæй нæм цы уыд – æппæт дæр чиныгмæ æрцæуа хаст,

Фæлæ Стыр Хуыцау, Чырысти, уый дæ хъомысыл у баст.

 

Иры номдзыд гуырд Бæгъатыр – сахъ, тыхджын паддзахæй цард,

Хазар, влахæгтыл, французтыл айхъуыст паддзахы ном дард, –

Хордтой йе ‘хсарæй, йæ кадæй, гъе, йæ фидыц уæнгтæй ард, –

Афтæ сæ Сослан фæфыста – сахъ Бæгъатыры бындар.

Уацмысты æцæг авторты зонадон æгъдауæй сбæлвырд кæнынæн егъау ахъаз фæуыдзæнис дыууæ уацмысы, – «Алгъуызы кадæг» æмæ «Фæранчы цармдарæджы», – оригиналтæ кæрæдзимæ æрæмных кæнын æмæ сын бæстон абарстон текстологон анализ скæнын, сæ иумæйагдзинæдтæ сын кæрæдзийыл абарын. Уæд къухты æнæмæнг бафтдзæнис текстты æнгæсдзинад лæмбынæг æмæ бæстондæрæй сбæлвырд кæнын æмæ уыимæ та фадат уыдзæн сæ авторы иумæйагдзинадыл фидарæй дзурынæн.

Биазырты Аллæ,

  Филологон зонæдты кандидат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.