Мыхуыры рацыд фыссæг Наниты Асиаты роман-хроникæ «Фыдæлты артдзæст». Чиныджы редактор у Цхуырбаты Мери. Уый редакторы фæсныхасы афтæ фыссы: «Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы чиныджы авторы Ирыстоны стырæй чысылæй иууылдæр зонынц, куыд зындгонд сылгоймаг-фыссæг, афтæ, кæцы сывæллæттæн дæр æмæ хъомылтæн дæр иугъуызон уарзæгой зæрдæйæ æмæ бæрндзинад æнкъаргæйæ фыссы зæрдæмæхъаргæ уацмыстæ». Наниты чызг ирон литературæйы къæбицмæ йæ фыццаг хуын – радзырд сывæллæттæн «Сæрвæты» бахаста 1967 азы æмæ уæдæй фæстæмæ йæ чингуыты нымæц кæны фылдæрæй-фылдæр. Фыссæгæн йæ уацмыстæ  цардæй сисгæ æцæг хабæрттыл фыст кæй сты, уымæ гæсгæ  зæрдæмæ арф бахъарынц.

«Фыдæлты артдзæст хъармдæр у… Цыма уыцы пецы цы сугтæ сыгъд, уыдон æндæргъуызон æндæвтой, афтæ мæм каст. Ме уæнгтæ, цыма, цалдæр азы салд уыдысты æмæ ныр уыцы хъарммæ стæфстысты, афтæ банкъардтон мæхи». Ног чиныджы ацы рæнхъытæ  кæсгæйæ, цæстыты раз сыстынц хъæууон царды нывтæ, адæймаджы йæ хъуыдытæ ахæссынц райгуырæн хъæуы арвитгæ æвæлмас сабибонтæм æмæ зæрдæ цины хъыдзы бакæны.

Фыссæг йæ роман-хроникæйы ирдæй равдыста адæймаджы зæрдæйæн йæ фыдæлты арт-дзæстæй  адджындæр кæй ницы ис, йæ царды бонтæ кæм фæнды ма арвита, уæддæр. Романы хъайтар цалынмæ Советон Цæдис нæ ныппырх, уæдмæ куыста завод «Электровибромашина»-йы. Раззагон кусæг бæргæ уыд, фæлæ Советон Цæдисы ныппырхимæ аззад æгуыстæй æмæ ма куыстуарзаг нæлгоймаг йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыдта. Æгæрыстæмæй, йын йæ цардæмбал бауынаффæ кодта, зæгъгæ, адæм куыд кæнынц мах дæр афтæ бизнесыл нылæууæм, ома, исты товартæ асламæй æлхæнæм æмæ сæ зынаргъдæрæй уæй кæнæм. Фæлæ куыстуарзаг нæлгоймаг ууыл не сразы ис. Уый бæсты райдыдта боныг фыссын йæ царды алы боны тыххæй.

Райдыдта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд æмæ гуырдзиæгтæ ирон адæмæн алыгъузон блокадæ кæй сарæзтой, уый аххосæй ма кæм уыд газ æмæ рухс. Горæты цæрджыты бахъуыд пецты сæр æмæ нæлгоймаг дæр райдыдта пецтæ аразын. Стæй дæр адæм сæ фыртыхстæй куыстой, рæстæгмæ сын цы зæххы фадгуытæ радтой, уыдон æмæ сæ бахъуыд кусæн-гæрзтæ. Уыцы нымæцы белтæ. Æмæ та нæлгоймаг аразын райдыдта белтæ æмæ афтæмæй йæ тыхст адæмы къух рог кодта. Хæстон архайдтыты рæстæджы та лæууыд æп-пынæдзух хæстон лæппуты фарсмæ æмæ æппæт цауты тыххæй фыста йæ боныджы, цыран ис ахæм рæнхъытæ: «Уыцы райсом… 1992 азы 8 июнь… Хур зæххыл атылд… Æз райсомæй раджы балцы цæуынмæ мæхи рарæвдз кодтон. Фæлæ уыцы бон гуырдзы ТЭК бацахстой… Хъæу сыгъд – дыккаг Хатынь… Уæдмæ æрæхъуыст нæ лæппуты ‘хсæн ис мæрдтæ… Гришикы мад Азæ тагъд-тагъд фæуайы, тыхст æмæ мардæрцыдæй. – Гришик нæма æрцыд æмæ йæ дæллаг был сзыр-зыр кодта». «… Гришикы амардтой фыдмардæй. Абон æй бавæрдтой… Дзурынц, йæ фыдæн, дам, æй дыууæ хатты фенын кодтой, фæлæ, дам, æй нæ базыдта… Стæй, дам, йæ зæрдыл æрлæууыд иу хатт ын йæ куырмтъангыл операци кæй сарæзта, уый. Æмæ алы хирург дæр йæ лыг базоны…». Ацы рæнхъытæ кæсгæйæ, адæймагæн сног вæййынц гуырдзыйы аххосæй цы хъизæмайраджы цæрдтытæ фервыстам æппæт, уыцы æвирхъау цаутæ. 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсе куы банымадта æмæ нæ республикæйы сабырдзинад куы æрфидар, уый фæстæ чиныджы сæйраг хъайтар нæлгоймаг аскъуыддзаг кодта цæрынмæ йæ фыды артдзæстмæ ацæуын. Роман-хроникæйы цауты бындурыл ирдæй æвдыст æрцыдысты адæймаджы характерон миниуджытæ. Иудзырдæй, фыссæджы роман-хроникæ стыр хуын у ирон чиныгкæсджытæн æмæ нæ дызæрдыг кæнын, райгондæй йæ кæй бакæсдзысты, ууыл.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.