Царды ӕнусон змӕлды цасфӕнды ивындзинӕдтӕ ма ӕрцӕуа, уӕддӕр адӕм иу зонд, иу хъуыдыйыл никуы ныллӕудзысты, уӕлдайдӕр та ахуыргонд адӕм. Рагӕй фӕстӕмӕ цӕуы дзырд, уӕд-дӕр ӕмӕ уӕддӕр ирон адӕм чырыстон диныл хӕст адӕммӕ хауынц, табу йын кодтой ӕви нӕ, ууыл. Фӕлӕ нын иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын нал ӕнтысы. Уый хыгъд нын ис дзыхӕй дзургӕ сфӕлдыстад ӕмӕ уыцы сфӕлдыстадмӕ хауӕг ӕрмӕджыты ацы фарсты фӕдыл быцӕуагӕй уадиссаг ницы ис, иууылдӕр нын иу нысанмӕ амонынц.

Ирон дин – ирон уырнынад у Хуыцауы сконд адæмы дунейы арæзты æмбарынадмӕ гӕсгӕ. Нæ фыдӕлтӕ рæстæй цæргӕйӕ æмæ рæс-тыл кусгӕйӕ  сæхи нымадтой хуры цотыл. Хурты Хурзæрин уыд сæ раттæг æмæ сæ тавæг, Зæхх – сæ ныййарæг, сæ дарæг. Хуыцæутты Хуыцаумæ кувгæйæ, зæдты-дуæгты нæмттæ аргæйæ лæмбынæг кастысты сæ алыварсы æрдзы æмæ дунейы сконды хуызивæнтæм. Чингуыты фыссын æмæ кæсыны уагæй кæд цыфæнды æнахуыргонд уыдысты, уæддæр сæ сыгъдæг æрдзон удыгъæдæй хатыдтой æмæ æмбæрстой дунейы сконды ныхмæвæрддзинӕдты – доны æртахæй кæрдæджы халмæ. Сæхи удты фæлтæрд æмæ фыдæбонæй æмбæрстой царды рæстаг хъæр. Райгондӕй куыст сын уыд удæнцой, фыды уæзæг æмæ фыды къона – ныфсы мæсгуытæ. Цыфæнды тыхст уавæрты дæр сӕ хидгуысты фæллæйттæй куывтой Хуыцаумæ, ардтой зæдты-дуæгты нæмттæ. Зæххæй арвы астæу цыдæриддæр уыдтой æмæ хъуыстой, уыдонмæ кастысты сӕхи, сыгъдӕг ирон дины уырнынады цӕстæй.

Уымӕн хъуыстысты Ирыстоны кæмтты Цæ-гатæй Хуссармæ иумæйаг дзырдбæстытæ, цардуаджы цыбыр ныхæстæ ахæм фæткыл: Хуыцауысконд бинонтæ, сыхбæстæ, хъæубæстæ, хистæртæ æмæ кæстæртæ, чызджытæ æмæ лæппутæ, фысымтæ æмæ уазджытæ; Хуыцауысконд мад æмæ фыд, хо æмæ æфсымæр, лæг æмæ ус, чындз æмæ сиахс, фысым æмæ уазæг; Хуыцауæй æлгъыст бинонтæ, сыхбæстæ, хъæубæстæ, хистæртæ æмæ кæстæртæ, хотæ æмæ æфсымæртæ, сиæхстæ æмæ чындзытæ…

Сӕ арфæйы ныхæстæ дæр уыдысты уыцы уагыл: «Хуыцауæй арфæгонд фæу!», «Хуыцауы хорзæх дæ уæд!», «Хуыцауæй – разы!», «Мах – Хуыцауы фæдзæхст!»

Сӕ иууыл карздæр сомытæ дæр Хуыцау æмæ Зæххæй кодтой: «Хуыцауыстæн!», «Ард дын хæрын Хуыцауæй!», «Зæххыстæн!».

Æууӕнкӕн та дзырдтой: «Уый дын мæ Хуыцауы къух!», «Уæлейӕ Хуыцау, бынæй Зæхх – æвдисæн!».

Дунейы æппæты рагондæр динтæй иу у ирон дин, æмæ йæ иннæ дины хуызтимæ цы ахуыргæндтæ барстой æнусты дæргъы, уыдон нæдæр йæ фæзынды, йæ равзæрды бындуртæ-уидæгтæ сбæрæг кодтой, нæдæр йæ мидис, афтæмæй кæрæдзийы фæдыл дзурынц, ирон дин у муртаккаг уырнынад, зæгъгæ. Ома ирон адæм куырмæджы куывтой дуртæм, бæлæстæм, хъæд æмæ æлыгæй конд гобитæм. Ирон адæм незамантæй фæстæмæ сæхи нымадтой Хуыцауы сконд адæмыл æмæ куывтой зæдтæм-дауджытæм сæ хидгуысты бæркæдтæй. Чырыстон æмæ пысылмон динтæ сын уыдысты æцæгæлон-æндæрдинон адæмты уырнынæд-тæ. Ацы дыууæ дины чи парахат кодта, уыдон сӕ тыхтъыст ныккодтой ирон адæмы роны, фӕлӕ сӕ нӕ истой ирон адӕм, нӕ сӕм хъардтой. Æмӕ куыд фӕлывд митӕ, афтӕ сын куыдфæстагмæ систы дзырддаг-койаг: «Кӕдӕйнырмӕ мын счырыстон и!», «Йæхи ныппысылмон кодта!», «Рын куыста æмæ – сауджынæн», «Сауджынæн – авд гуыбыны», «Цы – сауджыны фæлывд, цы – моллойы сайд», «Сауджын æмæ молло кæрæдзимæ чъылдымыздæхтæй бадынц», «Сауджын æмæ моллойы æвдисæны дарæгау», «Сауджын нæдтытæй фылдæр цы ‘ййафы!», «Сауджыны нæмыс, уæд –  хуызæнæн», «Сауджын – цæрæнбонты сауда-рæг», «Сауджын дæсны æмæ молло хосгæ-нæг», «Фæнды – ноггуырд, фæнды – ногмард, сауджынæн – пайда», «Чырыстон адæм Чырыс-тийы номыл ком фæдарынц, сауджыны бинонтæ та уыдоны хуынтæй минас фæкæнынц», «Хуыцауы динылхæцæг адæм хинтæ-кæлæнтæ нæ фæкæны, мæнгдингæнæг та хингæнæг у»…

Ноджыдӕр ӕй зӕгъӕм: нæ рæстаг фыдæлтæ сæхи Хуры цотыл нымадтой,  хорз æмбæрстой сæ равзæрды æмæ цардыуаджы æртæ сæйрагдæр тыхы: Хуры тавс, Сфæлдисæджы комытæф æмæ Райгуырæн Зæххы хъомыс. Уы-цы æртæ дунейысконды сæйрагдæр уаздзинадыл æнцадысты ирон дзыллæйы удхъомысы хæрзтæ цины æмæ масты фæлгæтты æвæрдæй. Сфæлдисæджы æртæ уазæй-мидисæй хицæн кæны ирон уырнынад иннæ уырнынæдтæй. Ирон дин куыд амоны, афтæмæй Хуыцауы сконд адæмæн хъуамæ уа иу уырнынад, иу рæстдзинад. Хуыцауæн, Дунейы Сфæлдисæгæн арвæй зæххы астæу йæ рæстаудæны минæвæрттæ-æвдисæнтæ сты зæдтæ æмæ дауджытæ. Зæдтæ æмæ дауджытæ куыдсæйрагдæрæй æххуысмӕ цыдысты кувæг-кусæг адæммӕ, уымӕн сæм амыдтой ирон динылхæцæг адæм сæрмагонд нæмттæй: Уастырджи, Мадизæн, Хоры Уацилла, Фосы Фæлвæра, Аларды, Тутыр, Рыныбардуаг, Мигъдау, Ты-хост, Галæгон, Уахъæз, Фыдуани, Æфсати, Елиа, Наф, Мыкалгабыр.

Хуыцау æмæ зæдты-дуæгты номыл кодтой кувæндæттæ ирон адæм алы кæмтты цæргæ-йæ. Зæдтæй-бардуæгтæй иутæ цардысты бинонтимæ иу цары бын (Бынатыхицау æмæ Сæрызæд), иннæтæн бынæттон сыгъдæг æрмæгæй арæзтой дзуары бадæнтæ, кувæндæттæ. Алы хъæуæн дæр уыди Хæстæг дзуары, Уациллайы, Фæлвæрайы, Уастырджийы кувæндæттæ – райдзастдæр, сыгъдæгдæр бынæтты. Кæмтты æнцонвадатдæр нæудзарты, хъæды къохты, æмдымбыл амад систы къусчыты бауагътой ирон дингæнæг адæм царды тавс, удварны хæрзты тæфаг æмæ зæдтæ-дауджытимæ бадтысты куывдты, кодтой тæрхæттæ…

Бынæттон æрдзы цы уыди – дурæй, хъæдæй, уымæй уæлдай кувæндæттæм ницы æфтыдтой арæзтадон ӕрмӕгӕй. «Ахуыргæндтæй» кæмæдæрты уæлæнгай хатдзæгтæ кæнгæйæ куыд кæсы, афтæмӕй куырмæджы нæ куывтой ирон адæм хъæдтæ æмæ дуртæм. Кусынæн куыд зыдтой афон æмæ бынат, кувынæн дæр – афтæ. Ирон дины амындтæ кувæг адæммæ сидтысты иу нысанмæ – фидæнхуыздæрмæ куыстуарзонæй, рæстагæй, хæларæй цӕрынмӕ. Нæ фыдæлтæ сӕ сӕрыстырдзинадӕн аргъ кӕнгӕйӕ Хуыцау æмæ зæдтæм дæр ардтой рæдыдтæ, сӕ хорздзинады хъомыс сын куыд уыдтой ӕмӕ ӕмбӕрстой,  афтӕ: «Хуыцауыл æууæнд, фӕлӕ бахъуыды бонмæ дæ кард цыргъæй дар, дæ топпыхос – хусæй», «Хуыцауыл чи æууæнды, уый фыццаг йæхиуыл æууæнды», «Æнæууæнк, мæнгард адæймагæн нæдæр мард и, нæдæр – дзуар», «Æнæ рæдигæ дуне куыд нæй, æнæ мæлгæ дуне дæр афтæ нæй», «Йæхи фыдбылызæй чи фæхизы, Хуыцау дæр уыдонæн феххуыс кæны», «Хуыцауы фыдæх æмæ адæмы фыдæх æмуæз сты», «Хуыцауы разыйæ – адæмы хорзæх!»

Сауджынтæ, искуы иуæй фæстæмæ, кувæг-кусæг адæмыл фæлывдæй цыдысты, уый фæ-дыл бирæ цæвиттонтæ баззад таурæгъты æмæ аргъæутты, мысинæгты æмæ аив литературон уацмысты (зӕгъӕм, Коцойты Арсены «Гигойы куадзӕн»). XIX æнусы райдайæны Хъæдысæры хъӕуы фондз хæдзары номыл гуырдзиаг сауджынтæ саразын кодтой хъæдын аргъуан, фӕлӕ йӕ адӕм басыгътой. Сауджынты тыххæй бирæ цæвиттонтæ баззад алы кæмтты, æмæ уыдон хсӕн бæрæгдæрæй разынд Зруджы сауджын. «Зруджы сауджынау дзургæ иуырдæм кæны, аразгæ – иннæрдæм», – зæгъгæ, арæх уыди фехъусæн уайдзæфы хуызы. Æндӕр цытæ хъуамӕ дзырдтаид гуырдзиаг фæлитой сауджын Мадымайрæмы аргъуаны: «Ком дарут Чырыстийы номыл сыгъдæгæй. Ма хæрут урсаджы æмæ сойаджы хæринæгтæ! Ма давут искæй фæллой, уарзут кæрæдзийы, кувут зæрдиагæй!» Йæхæдæг та куыд дардта йӕхи? Сайдта адæмы лæгъз æвзагæй, аргъауæггаг мæгуыр кусæг лæгæн йæ фæстаг комдзаг дӕр иста. Авд къуырийы минас кодта чырыстон дины минæвар,  хъæубæстӕн хӕрын кӕй нӕ уагъта, уыцы сойæгтæй æмæ урсæгтæй. Гъе-мæ, зруггæгтæ куы бамбӕрстой фæлитой гуырдзиаджы митæ, уӕд ӕй иу уазал зымæджы ӕмбисы гæбæррагъ хæрæгау хъилæй фæнадтой, æмæ æхсæвыгон фæлыгъд, кæцæй æрцыд, уырдæм… Уæдæй фæстæмæ дингæнджытæ Зругмæ сауджын барвитын никуыуал бауӕндыдысты…

Ныр ныл цы рцыд, нӕ фыдӕлты уаз кувӕндӕттӕн сӕ фылдӕр хай чырыстон аргъуаны ӕууӕлтӕ цӕмӕн райстой, кӕмӕндӕрты уыцы бартӕ чи радта, цӕмӕй дзырддаг кӕной, Джеры дзуармӕ ӕртӕ кӕрдзынимӕ цӕугӕ у ӕви нӕ?…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.