Нæ горæты цы бирæ уынгтæ арæзт æрцыдысты, уыдонæй иууыл рæсугъддæр æмæ уарзондæр адæмæн ссис Октябры уынг. Уынгæн йæ райдианæй йæ кæронмæ адæм дыууæрдæм кодтой, уæлдайдæр та сæрдыгон изæрты. Ацы уынджы адæм сæ рæстæг æрвыстой  къахæй цæугæйæ, кæм та –  бæлæсты бын фæхс бандæттыл бадгæйæ. Уынг уыд нæ горæты уарзондæр бынæттæй сæ иу æмæ алы цæрæгæн дæр æхцондзинад хаста йæ рæсугъддзинадæй. О, фæлæ нæм ис, йæ алфæмблаймæ æнæмæт ахаст чи дары, ахæмтæ дæр. Бакæсæм ма йæм ныр, æндæра ма цас аззадис йæ раздæры рæсугъддзинадæй. Рухсытæй æмæ бронкалæн асыччытæй иу дæр æнæхъæн нал у, сты саст æмæ пырхытæ. Уый цахæм  адæймагдзинад у? Чи сты ацы фыдгæнджытæ? Бынтон нал æнкъарæм рæсугъддзинад æмæ адæймагдзинад? Кæд сабитæ сты, уæд сын сæ ных мах, хистæрты ‘рдыгæй бакъуырæг цæуылнæ исчи ис? Кæд хистæр кары адæймæгтæ сты, уæд ныл уыдон та æрцæуггæгты цæсты æвæрынц худинаджы гакк. Иууылдæр иумæ ныууадзæм ацы худинаджы митæ. Мах хъуамæ хъахъхъæнæм нæ уынгты, нæ горæты рæсугъддзинад, уый у алкæй хæс дæр. Уадз æмæ нæ сабитæ уыной рæсугъд уынгтæ, рæсугъд тротуартæ, рæсугъд бæстыхæйттæ. Искуыцæй нæм уазджытæ куы æрцæуы, уæд нæ æнæхъомылтæ хъуамæ ма рахоной. Нæ газет, стæй республикæйы иннæ дзыллон информацийы фæрæзтæ дæр, бирæ фыстой æмæ дзырдтой банысангонд уынджы ахæм уавæрыл, уæддæр уыцы фыдгæнджытæ сæ кæнон кæнынц. Сæ цæрæнбонтæ бирæ, горæтыл чи ауæрды, уыдонæн. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ сты, фæлæ æмбисондæн цæйау фæдзурынц, Къахеты, дам, иу дзæргъ фесæфта… Бирæты зæрдæтæ фæриссынц ацы уынджы ахæм нывтæм кæсгæйæ, фæлæ уыдонæн дæр сæ бон цы у. Бæрæг у, цавæрдæр мадзæлттæ кæй хъæуы райсын æмбæлон органты ‘рдыгæй. Саразын хъæуы афтæ, цæмæй бахъахъхъæнæм, цыдæриддæр нæм арæзт æрцыд æмæ æрцæудзæн, уыдоны рæсугъддзинад, ма сæ фыдуынд   кæнæм.  Ногæй сæ æмбæлон уагмæ æркæнынæн хъæуы æхцайы фæрæзтæ. Уыдон та нырма, хъыгагæн, нæхимæ не сты. Стæй сæ æнæхъуаджы, кæйдæрты фыдракæндон архайды аххосæй дзæгъæлы цæмæн калæм?

ЛАЛЫТЫ Ленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.