Дунеон информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры йæ брифингы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария дзырдта, Хуссар Ирыстоны ныхмæ диверситæ цы Гуырдзыстоны æмбæстаг цæттæ кодта, уыцы Арчил Татунашвилийы архайд æмæ уый дарддæргæнджытыл.

«Ленингоры поселочы хиды иу цæджындзы бын бынæттон цæрджытæ ссардтой хиаразгæ рæмудзæн фæрæз, кæцы конд уыд рæмудзæн æрмæгæй магниты хæйттæ æмæ телтæй. Уыцы æрмæджытæ баст уыдысты мобилон телефоныл. Ныртæккæ уый фæдыл цæуы фæдысгарæн мадзæлттæ.

Ацы рæмудзæн æрмæг цы хиды бын æвæрд æрцыд, уый у иунæг ахæм объект, кæцы Ленингоры поселочы иу кæны республикæимæ. Диверсион акт æххæст куы æрцыдаид, уæд хид, кæй зæгъын æй хъæуы, ныппырх уыдаид», – банысан кодта Мария.

Комитеты сæрдар бабаста фæстаг æрцæугæ цауты иумæ –  Татунашвилийы æрцахсын, Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты хæдразмæ диверсион акттæ аразынмæ бафæлвæрд, æмæ уый фæстæ ацы рæмудзæн æрмæг ссарыны цау. Татунашвили дæр уымæн уыд азыймаг ахæм хъуыддæгты.

Марияйы ныхæстæм гæсгæ, рæмудзæн æрмæг сæдас кодтой барадхъахъхъæнæг органтæ. Ацы æрмæг ссарын æмæ Арчил Татунашвилийы хъуыддаджы фæдыл æрмæджытæ раргом кæнынæй арæзт æрцыд хатдзæгтæ,  арæнтыл æдасдзинады фæткойтæ фæтыхджындæр кæныны тыххæй.

Ацы рæмудзæн æрмæджы бавæрды нысан та, ныхасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ уыд УФ-йы президентон æвзæрстыты хæдразмæ æхсæнадон-политикон уавæр фæвазыгджындæр кæнын. Ленингоры район проблемон уымæн у,  æмæ дзы хæццæйæ цæрынц гуырдзиаг æмæ ирон æмбæстæгтæ.

Арчил Татунашвилийы мæлæты фæдыл та Хъотайты Мария дзырдта, зæгъгæ, æрмæст Гуырдзыстоны къухдариуæгад нæ растад йæ сæрыл, фæлæ бæстæйы фæсарæйнаг   минæварадтæ дæр.

Хъыгагæн, уыцы фæсарæйнаг минæварадты ницæмæ æрдадтой, 2008 азы агрессийы рæстæджы æбæрæгæй цы æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны куырдиат. Уыцы æмбæстæгтæ уыдысты Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг органты къухты, ис видеотæ ист дæр, куыд сын фыдмитæ кæнынц, уый тыххæй, фæлæ абон дæр махæн сты æбæрæгæй сæфт.

Мария куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Ныгуылæн бæстæтæ æмæ Европæйы демократон æмæхсæнады не ‘ндавы ацы лæппуты хъысмæт абоны онг дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.