Ацы бонты стыр цины æнкъарæнтимæ нæ республикæйы цæрджытæ сæмбæлдысты сæ номдзыд хъæбул, мæйы дæргъы йæ егъау æнтыстыл кæмæн цин кæнынц, уыцы Олимпион чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй Рæмонты Сосланыл. Уымæн ма йемæ æрцыдысты йæ тренер Мæргъиты Анатоли, Уæрæсейы Федерацийы уæгъдибар хъæбысхæсты æмбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, чемпионы ныййарджытæ, йæ цардæмбал æмæ æндæртæ. Не ‘взонг æмзæххон, Олимпион хъæзтыты сыгъзæрин майданы хицау, Ирыстоны кад дунейы æмвæзадыл систа бæрзонд æмæ йын айхъусын кодта йæ ном дардыл. Олимпион чемпион Рæмонты Сосланы æнтысты ис йæ тренертæ Мæргъиты Анатоли æмæ Тедеты Дзамболаты хайбавæрд дæр. Ацы æртæ зынгæ спортсмены, не ‘мзæххонтæ, Ирыстон сæрыстыр кæмæй у, уыдон ма сты нæ республикæйы иунæг уæлдæр ахуыргæнæндоны рауагъдонтæ дæр. Уымæ гæсгæ сæ райгуырæн бæстæмæ æрцæугæйæ, уыдоны фæхуыдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты коллектив дæр. Сæ номдзыд рауагъдонтыл сæмбæлдысты æхцондзинад æмæ бæрæгбонон зæрдæйы равгимæ. Сæ уарзон ахуыргæнæндон, раздæры педагогон институты æмæ ныртæккæйы университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ сæ размæ рацыдысты æмæ сыл сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ. Олимпион хъæзтыты чемпион Рæмонты Сослан уæлахизимæ кæй æрыздæхт, уый тыххæй йын университеты коллективы номæй арфæ ракодта æмæ йæ Стыр Хуыцауæн бафæдзæхста университеты ахуыргæнæг Джиоты Руфин:

– Абон Хуссар Ирыстоны у стыр бæрæгбон уымæн æмæ нæм æрцыдысты дунейы зындгонд чи сты, уыцы не ‘мзæххон адæймæгтæ æмæ сын дзурæм, гас цæут кæддæриддæр! Мах сымахæй стæм буц æмæ сæрыстыр. Алчидæр зоны, Олимпион хъæзтытæ стыр æмæ сыгъдæг бæрæгбоныл нымад кæй цæуынц. Уыдон уагъд цæуынц бирæ æнусты дæргъы. Олимпион хъæзтытæ-иу куы райдыдтой, уæд-иу цыфæнды хæст дæр ныссабыр, хæцæнгарзмæ бавналыны бар дæр нæ уыдис, уымæн æй хонынц сыгъдæг бæрæгбон.

Куыд æй зонæм, уымæ гæсгæ ацы аз Уæрæсейы æмбырдгæнды сконды хæцыдысты Рæмонты Сослан, Зассеты Ален æмæ Гозымты Хетæг, кæцытæн нæ зæрдæ зæгъы фидæны ноджы стыр æнтыстытæ! Банысан ма кæндзынæн уый, æмæ Олимпиадæйы нæ чысыл Ирыстонæй уыйбæрц хайадисджытæ кæй уыдис, уый стыр хъуыддаг кæй у, уый нæ тырыса дæр у, нæ гимн æмæ нæ хъару дæр.

Зæгъын ма мæ фæнды уый æмæ Рæмонты Сослан Рио-де Жанейройы Уæрæсейы Тырысаимæ Ирыстоны паддзахадон тырыса куы рахаста, уæд алы ирон хæдзары дæр уыдис цины бæрæгбон.

Уæдæ, уæ æз ноджыдæр нæртон бæгæныйы дзаггарзæй стыр Хуыцау æмæ Уастырджи-æн фæдзæхсын, стыр тых æмæ хъаруйы хицау стут æмæ сæ кæддæриддæр хайджын ут!

ХИПУ-йы кафты ансамбль «Сæрмæт» та буц уазджытæн балæвар кодтой «Хонгæ кафт». Уый фæстæ цыты уазджытæ хуынд æрцыдысты университеты æмбырдгæнæн залмæ. Ам сын бацайдагъ зæрдæбын ныхас.

Сыгъзæрин майданы хицау Рæмонты Сослан ацы аз каст фæцис ХИПУ-йы физикон хъомылады факультет. Уымæ гæсгæ ноджы фылдæр арфæйы ныхæстæ райста университеты лектортæ æмæ студенттæй.

Университеты ректор Тедеты Вадим æрæмбырдуæвджыты æхсызгонæй банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстонæн нæ зынгæ спортсментæ стыр æнтыст æрхастой. Ацы хатт Ирыстоны ном йæ уæззау трагикон цауты тыххæй нæ ахъæр ис æгас дунейыл, фæлæ ныр та амондджын хабары тыххæй, – загъта йæ раныхасы Тедеты Вадим. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, нæ университет бирæ бæстæтимæ абаргæйæ, кæй райста фылдæр майдантæ.

Сæ цины æнкъарæнтæ нæ урæдтой Сосланæн йæ иннæ ахуыргæнджытæ дæр. Йæ  ахуыргæнæг Цхуырбаты Земæ Сосланы ныййарджытæн æмæ иннæ уазджытæн загъта иууыл хуыздæр фæндиæгтæ. Уый ма уæлдай æхсызгонæй банысан кодта, зæгъгæ, Олимпиадæйы Ирыстонæй иннæ хайадисджытæ дæр кæд университеты ивгъуыды рауагъдонтæ сты, уæд Сослан та у «Олимпиадæйы азы» рауагъдон.

Уæрæсейы Федерацийы уæгъдибар хъæбысхæсты æм-бырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболат йæ ахуыргæнджытæ æмæ университеты студенттæн загъта бузныджы ны-хæстæ, се ‘нтыстытыл сын кæй цин кæнынц, уый тыххæй. Тедейы фырт ма цæвиттонæн æрхаста АИШ-ы президенттæй сæ иу – Джон Кеннедийы ныхæстæ, зæгъгæ, адæймаг цы хъуамæ сараза йæ райгуырæн бæстæйæн. «Атæха космосмæ, кæнæ хъуамæ суа олимпион чемпион». Куыд уынæм, уымæ гæсгæ нæ экономикон уавæрмæ гæсгæ махæн космосмæ атæхыны фадат нæй, фæлæ ирон адæймагæн Олмпион уæлахиздзау суæвын йæ бон у, уымæн та нын ис бирæ æвдисæнтæ, – загъта Дзамболат.

Тедеты Дзамболат ма загъта, зæгъгæ, Сослан уæлдай бузныджы аккаг, уымæн, у æмæ уый, æртæ миллиард адæймаджы цы Олимпиадæйы хъæзтытæм кастысты, уыдонæн сæ цæстыты раз бæрзонд систа Уæрæсейы Паддзахадон тырысаимæ Ирыстоны тырыса дæр. Уый та Олимпиадæйы хъæзтыты закъонмæ гæсгæ раст нæу, уымæн æмæ нырма мах хæцæм Уæрæсейы тырысайы бын. Уый тыххæй нын уайдзæф дæр бакодтой.

Стыр бузныджы ныхæстæ загъта университеты ректор Тедеты Вадимæн, фæсивæды кæй æнгом кæны, сæ хъомылад æмæ размæцыды стыр хайад кæй исы, уый тыххæй.

Уый ма ноджы банысан кодта, 25 азы дæргъы Хуссар Ирыстон маст, тас æмæ хæсты йед-дæмæ кæй ницы уыдта. Фæлæ абон рæстæг фæивта, нæ адæм цæрынц сабыр арвы бын æмæ сæ зæрдæтæ рухс кæнынц алы-гъуызон позитивон эмоцитæй.

Олимпион чемпион Рæмонты Сосланы тренер Мæргъиты Анатоли дæр университеты коллектив æмæ студентты раз æрдзырдта, йæхæдæг уæды педагогон институты студент куы уыдис, уыцы азты тыххæй. Бæстон æрдзырдта, бирæ азты дæргъы ирон богалтæн Олимпион хъæзтыты се стыр æнтыстыты, сæрмагондæй Рæмонты Сосланы спортивон царды фæндаджы тыххæй. Мæргъиты Анато-ли куыд загъта, уымæ гæсгæ тренер æмæ спортсмены ‘хсæн кæрæдзиæмбарынад куы уа, кæрæдзийыл куы æууæндой, уæд уæлахиз къухты бафтын æнцон у. Бузныг ма загъта университеты ныры коллективæн сæ аудгæ ахасты, æмæ сыл ахæм цытимæ кæй сæмбæлдысты, уый тыххæй.

Йæ уарзон университеты ахуыргæнджытæ æмæ студентты раз 2016 Олимпион чемпион йæхæдæг та загъта:

– Стыр бызныг уын иууылдæр нæ зынаргъ адæм! Мæнæн сымах кæнут стыр кад æмæ цыт, уый мын дæтты ноджы стырдæр ныфс. Æз ма сæрыстыр дæн, ацы аз нæ университет каст кæй фæдæн, уымæн æмæ ацы ахуыргæнæндоны къæсæрæй рахызтысты бирæ зынгæ спорт-сментæ æмæ æндæр фадгуыты зынгæ адæймæгтæ.

Бирæ хъарм æмæ арфæйы ныхæстæ фæкодтой Рæмонты Сосланæн, йæ тренертæ æмæ ныййарджытæн университеты фембæлды рæстæджы.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты типограф та Рæмонты Сосланы фæуæлахизы цытæн рауагъта йæ къамтимæ ацы азæн къæлиндар, кæцытæ балæвар кодтой Сосланы æввахс адæмæн æмæ иннæ æрæмбырдуæвджытæн.

Кæронбæттæны Рæмонты Сосланмæ æрæмбырдуæвджытæ лæвæрдтой æмæ йын дзырдтой алыгъуызон зæрдæбын фæндиæгтæ. ХИПУ-йы историон факультеты 3-æм курсы студенткæ Джиоты Альбинæ дæр загъта Сосланæн арфæйы ныхæстæ, стæй йын бакаст, йæ мадыфсымæр Цгъойты Аркъади йын йæ æнтыстыл цы æмдзæвгæ ныффыста, уый. Нæ республикæйы аивадон гимнастикæйы Федерацийы президент, университеты Сосланы ахуыргæнæг та йæм бахатыдис, Сосланæн йæ цардæмбал аивадон гимнастикæйы спорты мастер кæй у, уымæ гæсгæ-иу нæ  республикæйы мастер-къластæ цæмæй ауадза.

Радтой ма Рæмонты Сосланмæ ахæм фарст дæр, зæгъгæ, дæ хъуыдымæ гæсгæ ца-хæм хъуамæ уа æцæг ирон нæлгоймаг. Уыцы фарстæн райстой ахæм дзуапп, æцæг ирон адæй-маг у, йæ райгуырæн бæстæ чи уарзы æмæ йын чи аргъ кæны.

Лæвæрдтой ма йæм ахæм фарстытæ, зæгъгæ, иууыл зынгæдæр уæгъдибар хъæбыс-хæцджытæй тынгдæр дæхи кæмæ барыс? Цавæр тыхтæ дæ сразæнгард кодтой, цæмæй фæуæлахиз уыдаис, уымæ æмæ ноджы би-рæ æндæр цымыдисгæнæг фарстатæн райстой  дзуаппытæ Олимпион чемпион Рæмонты Сосланæй.

 

* * *

Олимпион хъæзтыты чемпион æмæ иннæ уазджытæ ХИПУ-йæ ацыдысты Алина Кабаевайы номыл спортивон галуан «Олимп»-мæ. Нæ буц уазджытыл ам дæр сæмбæлдысты цытджын æгъдауæй. Ирон æгъдаумæ гæсгæ сыл галуаны къæсæрыл сæмбæлдысты нæ республикæйы паддзахадон зард æмæ кафты ансамбль «Симд»-ы артисттæ, сæххæст кодтой ирон нæртон кафт «Симд».

Спортивон галуан «Олимп»-мæ æрбацæуæг адæмæй, алчидæр архайдта, цæмæй Сосланимæ аныхас кæна, йемæ сиса къам, уымæ гæсгæ йын залмæ бахизынæн бар нæ лæвæрдтой.

Цытджын мадзалмæ æрбацыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад: Президент Ты-былты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, йæ хæдивæг Пухаты Эрик, Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрус, нæ Хицауады æндæр минæвæрттæ, нæ горæты цæрджытæ, спортуарзджытæ æмæ фæсивæды минæвæрттæ.

Цытджын фембæлд байгом ис республикæйы паддзахадон гимны зæлтæй, залмæ хаст æр-цыд нæ паддзахадон тырыса.

Церемонийы рæстæджы залы стыр экраныл æвдыст цыд Олимпиадæйы Рæмонты Сосланæн йæ финалон хъæбысхæст æмæ та залмæ æрбацæу-джытæн сæ цин сног ис, лæугæ-йæ та йын æмдзæгъд кодтой.

Уый фæстæ чемпионæн арфæйы ныхæстæ загъта нæ Республикæйы Президент Тыбылты Леонид:

– Мах Рæмонты Сосланы Олимпиадæмæ фæндараст кæнгæйæ бафæдзæхстам Стыр Хуыцау æмæ дзуæрттыл. Куыд уынæм, афтæмæй йын баххуыс кодтой æмæ сæ кæддæриддæр фæдзæхст уæд!

Рæмонты Сослан æрмæст Хуссар Ирыстонæн нæ, фæлæ æппæт ирон адæмæн скодта кад. Уæлдайдæр дард Бразилийы куы рахызтис æмæ куы систа йæ къухмæ дыууæ тырысайы, уæд уый уымæй æнæхъæн дунейæн фехъусын кодта, ирон, цхинвайлаг лæппу кæй у, афтæ ма дунейæн фехъусын кодта, Республикæ Хуссар Ирыстон кæй ис. Уый диссаджы хайбавæрд æмæ хъæбатырдзинад у. Махæн та уый кады аккаг у, æмæ йын хъуамæ аргъ кæнæм. Дæ кад ноджы бæрзонддæр кæнæд! Ды нæ кæстæр фæсивæдæн цы цæвиттон фенын кодтай, ууыл нæ кæстæртæ амондджынæй хъомыл кæнæд. Уыдон дын фи-дæны дæ хорзы кой кæндзысты. Уымæ гæсгæ адæмы фарнæй хайджын у.

Олимпиадæйы нæ уæлахиздзауæн, кæцы фыццаг хатт ирон тырыса систа Олимпиадæйы, нæ адæм æрмæст арфæтæ нæ кæнынц, фæлæ ма йын кæнынц зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ исы алыгъуызон хорзæхтæ дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æй схорзæхджын кодта нæ республикæйы уæл-дæр хорзæх «Уацамонгæ»-йæ. Орден «Уацамонгæ»-йæ ма Тыбылты Леонид схорзæхджын кодта Мæргъиты Анатоли æмæ Тедеты Дзамболаты.

Тыбылты Леонид ма Рæмонты Сосланæн балæвар кодта горæт Цхинвалы æртæхатæнон фатер æмæ нæ республикæйы территорийыл та зæххы фады-джы сертификат, цæмæй дзы сæ мыггаджы мæсыг арæзт æрцæуа.

Орден «Уацамонгæйы хицæуттæ бузныг загътой нæ Президент Тыбылты Леонидæн.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Рæмонты Сослан ацы аз каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет, æмæ йын йæ диплом ацы церемонийы рæстæджы цытджын æгъдауæй йæ къухмæ радта университеты ректор Тедеты Вадим.

Чемпион Рæмонты Сосланыл йæ райгуырæн бæстæйы зæрдиагæй кæй цин кодтой, æнæхъæн боны дæргъы сæ цины эмоцитæ чысылæй стырæй кæй нæ урæдтой, уый уынгæйæ, йæхи зæрдæ дæр цинæй байдзаг ис, уымæ гæсгæ йæхæдæг дæр нæ республикæйы къухдариуæггæнджытæн æмæ æппæт ирон адæмæн дæр загъта бузныджы ныхæстæ.

Нæ республикæйы къухдариуæггæнджытæ æмæ иннæ раныхасгæнджытæ дæр арфæ кодтой æмæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой Рæмонты Сосланы ныййарджытæн. Сæ хъæбулы æнтыстыл сын кæй цин кæнынц, уый тыххæй сын бузныджы ныхæстæ загъта йæ мад Бестауты Иринæ. Уый бафæндыдис, цæмæй алкæй кæстæртæ дæр уой æнтыстджын.

Олимпион чемпионы тыххæй ма йæ хъуыдытæ загъта Сосланы фыццаг тренер, Советон Цæдисы чемпион Тедеты Æхсар дæр.

РХИ-йы сгуыхт артисткæ Саппиаты Зæлинæ та бакастис Чехойты Оляйы фыст æмдзæвгæ йæ фырт Тедеты Дзамолат æмæ Рæмонты Сосланы тыххæй.

Уый фæстæ чемпионы номыл цытджын мадзал адарддæр ис бæрæгбонон концертæй. Чемпионæн музыкалон номыртæ балæвар кодтой РХИ-йы зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд» æмæ йæ вокалон къорд, Гуыцмæзты Георги, Гатыгкоты Нинæ, Æлборты Владимир, Тедеты Таня æмæ æндæртæ.

Ацы абон нæ чемпионыл иууыл тынгдæр цин кодтой нæ кæстæртæ, кæцытæ хъæбыс-хæсты спорты хуызы аразынц сæ фыццаг къахдзæфтæ. Уыдо-нæй алчидæр йемæ аныхас кæнгæйæ, иста æхцондзинад. Уыдонæн ацы зынгæ спортсмен уыдзæнис, цæвиттон кæмæй исой, ахæм. Уæдæ, нæ зынгæ спортсменыл нæ адæм афтæ зæрдиагæй фæцин кодтой æмæ сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæ-нын æппындæр нæ фæндыдис. Ирыстоны та Хуыцауæй ахæм амонд уæнт æмæ нæм ахæм номдзыд кæстæртæ фылдæр цы кæной!

Цытджын мадзалы фæстæ номдзыд спортсмен фембæлд бынæттон журналисттимæ æмæ сын дзуаппытæ лæвæрдта сæ фарстытæн.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.