Адæмы проблемæтæ, хъæстытæ, администрацийы фæлгæтты бæстонкæнинаг хъуыддæгтæм лæмбынæг хъусдард чи здахы, ацы бæрнон хæс йæхимæ чи райста æмæ йæ чи хæссы, уый у Бæзаты Геннади. Къуыдаргомы администрацийæн уый ныр дыууæ азæй фылдæр разамынд кæны арæхстджынæй. Геннадиимæ ныхас-гæнгæйæ, бамбæрстам, ацы адæймаг кæй у куыстуарзаг æмæ адæмы проблемæтæм дæр уæлæнгай цæстæй кæй нæ кæсы, æмбаргæ ахаст сæм кæй дары. Ацы куыстуарзаг адæймаг йæ сæр алы куыстмæ дæр дары, уый бæрæг уыд, йæ цардвæндагыл цæст ахæсгæйæ дæр, фæлæ йæ биографийы фылдæр хай баст у адæмæн лæггад кæнынимæ.

Администрацимæ адæм фылдæр ха-тынц куыстагур æмæ цæрæнуаты пробле-мæты фæдыл. Æрæджы Къуайсайы кусæ-гон балцы уыд бæстæйы сæргълæууæг Би-былты Анатоли. Уый фембæлды рæстæ-джы администрацийы сæргълæууæгæн ба-хæс кодта, цæмæй цæрæнуат амал кæнын æмæ бæстон кæныны фæдыл арæзт æрцæуа къамис. Къамисы уæнгтæ сты Дзауы районы прокуратурæ æмæ мидхъуыд-дæгты районон хайадты минæвæрттæ æмæ администрацийы кусджытæ.

Къуайсайы ног арæзт хæдзæрттæ йæ рæстæджы лæвæрд æрцыдысты тыхст æмбæстæгтæн. Æмæ уыцы хæдзæртты ныр сæ хицæуттæ цæрынц æви нæ, уый фæдыл арæзт æрцыд акттæ. Къамисы куысты фæстиуæгæн, хъыгагæн, сбæрæг ахæм факттæ, кæцы хæдзæртты, дих куы æрцыдысты, уæдæй фæстæмæ æппындæр ничи цæры. Æввахс рæстæджы уыдон лæвæрд æрцæудзысты Дзауы районы тæрхондонмæ. Уымæн æмæ фатеры 6 мæйы дæргъы куы ничи цæра, уæд социалон æххуырстады бадзырдмæ гæсгæ администрацийы тыхы ис, æмæ йæ æндæр тыхст æмбæстагæн радта. Хъыгагæн, ацы хъуыддаджы администрацийы къухдариуæгад æмæ цæрджыты ‘хсæн æвзæры æнæмбæрст ахастытæ.

Иумиагæй сисгæйæ, Къуайсайы горæты нымадæуы 650 фатеры. Уыдонæй цæрджытæ ис 250 фатеры.

Къуайса кæд хæстон архайдтытæ йæхиуыл комкоммæ  нæ бавзæрста, уæддæр йæ цæрджытæ бавзæрстой æрдзон æнамонд-дзинæдтæ. 1991 азы стыр зæххæнкъуысты фæстиуæгæн бабын Хахеты хъæу, ныппырх Дзауы поселок. Уыцы æнамонд цауæй æвыдæй нæ баззадысты раздæры нæргæ Къуайсайы поселокы цæрджытæ дæр. Уæды зæххæнкъуысты фæстиуæгæн æфхæрд баййæфтой поселочы бирæуæладзыгон æмæ цæрæн хæдзæрттæ æмæ социалон нысаниуæджы объекттæ. Уæдæй фæстæмæ иу объект дæр нæ баййæфта ка-питалон цалцæг. Ныр фæстаг цалдæр азы Къуайсайы горæты иумиаг хуыз бæрæг ивы хорзæрдæм. Арæзт дзы æрцыд Сывæллæтты ног рæвдауæндон-цæхæрадон, рынчындон, астæуккаг скъола, Мидхъуыддæгты æмæ Уæлвæткон уавæрты районон хайадтæ, администраци æмæ Культурæйы хæдзары бæстыхæйттæ та æрцыдысты ка-питалон цалцæг.

Ивгъуыд азы Инвестицион программæйы фæлгæтты горæты мидæггаг нысаниуæджы фæндæгтæ æрцыдысты капиталон цалцæг. Уыцы куыстытæ иттæг хорз бакодта паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой». Баззад ма дзы уынгты электроны рухсытæ æмæ æндæр куыстытæ бакæнын.

Нуазыны донæй ифтонгад

Цæрæнбонты Къуайса нуазыны донæй ифтонг цæуы Везуры комæй. Уыцы бынаты сæйраг донæмбырдгæнæн цалцæг æрцыд æрæджы. Уым ма 2019 азы æвæрд æрцыд дыууæ донсыгъдæггæнæны. Ацы аз ма уыдонæн ныфс æвæрынц хлоратор сæвæрынæй дæр, уымæй та фæхуыздæр уыдзæн доны гъæд.

Къуайса йæ географион равæрдмæ гæсгæ зымæг митæй хъуагдзинад не ‘ййафы, уымæ гæсгæ горæты коммуналон хæдзарады кусджытæ митæй сыгъдæг кæнынц горæты уынгтæ, йæ алфæмблай хъæутæм дæр ахафынц мит. Уымæ гæсгæ Къуыдаргомы цæрджытæ нæ банкъарынц зымæгон фæндаджы зынвадатдзинад.

Ахуырадон æмæ социалон объектты уавæр

Зæххæнкъуыст йæ дæрзæг фæд ныууагъта уæды поселочы скъола æмæ сывæллæтты рæвдауæндоны бæстыхæйттыл. Скъолайы бæстыхайы тæссаг уыд ахуыры процесс дарддæр уадзын, уымæ гæсгæ ахуыргæнинæгтæ ахуыр кодтой вагæтты. 2015 азы майы мæйы Инвестпрограммæйы фæлгæтты æрæвнæлдæуыд скъолайы ног бæстыхайы арæзтадмæ. Скъола арæзт æрцыд 175 адæймагæн æмæ дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн.

Сывæллæтты рæвдауæндоны хъуагдзинад горæт бирæ рæстæг æййæфта, уымæ гæсгæ бирæ ныййарджытæ сæ сывæллæтты тыххæй цыдысты æндæр бынæттæм цæрынмæ, иннæтæ та хæдзæртты бадтысты сæ сабитимæ. Уыцы хъуыддаг хорзæрдæм не ‘ндæвта куыд сабитыл, афтæ ныййарджытæн сæхиуыл дæр. 

Ацы стыр проблемæ æрбæстон кæныны тыххæй 2010 азы бæстæйы къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ æрæвнæлдæуыд йæ арæзтадмæ. Æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2012 азы. Ныр рæвдауæндон-цæхæрадон дæр æмæ астæуккаг скъола дæр ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг, нырыккон ифтонггæрзтæй. Не ‘ййафынц кадрон хъуагдзинад дæр, сты администрацийы æдзух хъусдарды бын.

Æвæгæсæг цæрджыты проблемæтæ бæстон кæнын

 Хъыгагæн, царды уæззау цалх бирæ æмбæстæгтыл æруадзы йæ дæрзæг фæд. Уæлдайдæр та хистæр кары адæмыл. Уыдон хатт цахæмдæр аххосæгтæм гæсгæ аззайынц иунæгæй, æмæ сæм фæхъæуы уæлдай хъусдард здахын. Ахæм æххуысхъуаг æмбæстæгтæ, хъыгагæн, ис Къуыдаргомы дæр.  Ацы категорийы цæрджытæм стыр хъусдард  здахы Сырх Дзуары дунеон организаци. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, горæты администрацийæ дæр æнæхъусдард не сты – кæм цардуагон, кæм æндæр фарстатæ æрбæстон кæныны хъуыддаджы сæ фарсмæ сты администрацийы кусджытæ.

Бæстонкæнинаг проблемæтыл дзургæйæ…

Бæзаты Геннади ацы бынаты кусгæйæ, æрмæст ном хæссынæн нæ бады. Кусы, ар-хайы, фæлæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, фагыл нæ нымайы. Уымæн æмæ администрацийы куыст афтæ у, æмæ цас фылдæр кусай, уæддæр   куысты кæрон никуы разындзæн. Бирæ   куыст бакæнын хъæуы нырма Къуайсайы горæт æмæ йæ алфæмблай хъæуты. Горæты парчы нырма ис бакæнинаг куыстытæ, хъæуы йыл æмбонд кæнын, уымæн æмæ йæм бадзæгъæл вæййынц стурвос. Фæлæ бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, администрацийы йæ тыхтæ æмæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ алы хъуыддаг дæр бæстон кæндзæн, уыцы нымæцы парчы территорийыл   æмбонд скæнын дæр. Æввахс рæстæджы планмæ хаст ис ацы хъуыддагмæ æрæвналын. Парчы хæр-зарæзтадмæ сæ хайбавæрд бахæсдзысты паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой» -ы кусджытæ дæр.

Къуайсайы бындурæвæрæг Чиаты Иосифы номыл æвæрд æрцæудзæн цырт

Цæрæнбонты Къуайса цы шахтæтæй зындгонд уыд, уыдон бындурæвæрæг уыд Чиаты Иосиф. Уымæн æмæ ацы лæг куынæ уыдаид йæ рæстæджы, уæд Къуайса дæр нæ сырæзтаид. Къуайсайы бирæ нысаниуæгджын объекттæ æрцыд арæзт уый рæстæджы. Чи йæ хъуыды кæны, уыдон ныхæстæм гæсгæ иу зымæджы стыр митуарды рæстæджы сорганизаци кодта зиу æмæ цалдæр лæппуимæ сыгъдæг кодтой Цъоны рагъыл фæндаг. Ацы зындгонд адæймаджы тыххæй бирæ ис дзурæн æмæ фыссæн, абон дæр æй Къуыдаргомы цæрджытæ мысынц хорзæрдæм.

Æмæ ма иу хъуыддаг: Къуайсайы администрацийы агъуысты Чиаты Иосифæн цы цырт ис ныр цалдæр азы, уый фæнд кæнынц, шахтерты номыл цы аллейæ бакæной, уым постаментыл сæвæрын. Адми-нистрацийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ арæзт сты сметæ æмæ æндæр хæрзарæзтадон бакæнинаг куыстытæ. Шахтерты аллейæ конд æрцæудзæн фабрикæмæ ссæуæны, уым хæрзарæзт æрцæудзæн фонтан, æвæрд дзы уыдзæн  Кады фæй-нæг, йæ алфæмблай æрцæудзæн æмбонд арæзт. Уырдæм арæзт æрцæудзæн асфальт фæндаг дæр, цыран адæмæн фадат уыдзæн сæрибар рæстæг сæ улæфт суа-дзынæн. Ацы хъуыддаг хæрзиуæгон хъуыддаг у, хорз уаид, æмæ дзы алчи дæр хайад куы райсид. Уымæн æмæ æхсызгон у, Къуайсайы цы шахтертæ уыдис æмæ ис, уыдонæн, сæ номыл аллейæ арæзт кæй цæуы, уый.

Сыгъдæг æрцыд уæлмæрд

Къуайсайы уæлмæрд дæргъвæтин рæстæджы уыд æдзæллаг уавæры. Админист-рацийы сæргълæууæг йæ фыццаг бакæнинаг куыстытæй сæ иуыл банымадта уый æмбæлон уагмæ æркæнын. Ацы хæрзиуæгон хъуыддаг бакæнынмæ уый æрсидт цæрджытæм дæр æмæ счъилдысæй æр-æвнæлдтой йæ сыгъдæг кæнынмæ. Администрацийы æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æмæ цæрджытимæ иумæ æмбонд сарæзтой уæлмæрды алфæмблай, ныссыгъдæг кодтой æнæркаст ингæнтæ, зæронд бæлæстæй ссæрибар кодтой территори.

Æвæрд дзы æрцыд брондон, æмæ йæ бацæуæны та арæзт æрцыдысты дуæрттæ. Уымæй дарддæр ма хæрзарæзт æрцыд ацы бынатмæ фæндаг дæр. Ныр уæлмæрдæн ис сæрмагонд хъусдарæг дæр.

Фæсивæд, спорт æмæ хиирхæфсæн мадзæлттæ

Фæсивæд сæ сæрибар рæстæг æрвитынц спортивон скъолайы бæстыхайы. Уым ис иттæг хорз тренажерон зал, у  æнæаргъæй. Кæсдæр кары фæсивæдæн ис хъæбысæйхæсты дыууæ секцийы, волейболы секци, уыдон хайад фæисынц республикон æмвæзадыл спортивон мадзæлтты. Æрæджы волейболы командæ хайад райста Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн уагъдцæуæг ерысты, цыран бацахста дыккаг бынат.

 Къуайсайы хъомылгæнинæгтæ бирæ рæстæджы дæргъы хъуагдзинад æййæфтой сæ курдиат бирæ фадгуыты равдисынæй. Фæлæ ныр фæстаг рæстæджы уыдонæн фадат фæзынд зынгæ хореограф Къæбысты Павликы руаджы хореографийæ архайынæн. Уыдон дæр хайад фæисынц бæрæгбонон мадзæлтты, бынаты æвдисынц концерттæ. Куыд зонæм, афтæмæй алы кафтæн дæр ис йæхи формæ. Уыдон сывæллæттæн амал цæуынц æнæаргъæй, кæд сын алы кафтæн сæрмагонд формæ нæй, уæддæр. Къуайса рагæй фæстæмæ дæр зындгонд у йæ дæсны зарæггæнджытæй æмæ никуы нымæг кæ-ны, уыцы, æрдзæй лæвæрд диссаджы аивад. Уымæ гæсгæ сывæл-лæттæ сæ æвзыгъддзинад æвдисынц вокалæй дæр.

Алыхуызон темæтыл дзургæйæ

Къуайсайы уынгты азилгæйæ ма федтам, уынгты рагон бæлæстæ лыг æмæ æфснайд кæй цæуынц, уый, уыдон сты профилактикон куыстытæ. Уымæн æмæ сæ хуызæй æвидыц кæнынц хæрзарæзт уынгты æмæ иннæмæй та æвзарын кæнынц тæссагдзинад дæр.

Куыд нæ республикæйы алы къуымтæм, афтæ Къуыдаргоммæ дæр дзулфыцæн комбинат ласы йæ кæнгæ продукци. Уымæй бирæ фæхæрзвадатдæр ацы комы цæрджыты уавæр, уымæн æмæ ам дæр ис ацæргæ кары адæм æмæ сын ацы хъуыддаг иттæг хорз аразы сæ къух. Æнæ-уый горæты ис чысыл дзулфыцæн, фæлæ уæддæр цæрджытæ фен-хъæлмæ кæсынц Цхинвалæй æрбаласгæ кæрдзын æмæ адджинæгтæм.

Нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй кæддæры Къуайсайы нæргæ ном фæс-тæмæ сæндидза. Бирæ фæрæзджын æмæ зындгонд адæймæгтæ ис уыцы комæй ацæугæтæй, кæцытæ сабыргай архайынц хæрзиуæгон хъуыддæгтæй Къуыдаргомы кадджын ном айхъуысын кæныныл. Уыцы хъуыддагыл хæст у администрацийы сæргълæууæг Бæзаты Геннади йæхæдæг дæр. 

КЪÆБУЛТЫ Маринæ,

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.