Дзауы районы коммуналон службæтæ сцалцæг кодтой Сыба æмæ Челиаты хъæутæм фæндæгтæ. Фæндæгтæ фехæлдысты мæйы райдианы  тыхджын къæвдаты рæстæджы, фехъусын кодта ИА «Рес»-æн Дзауы районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лианæ.

Тедеты чызг куыд радзырдта, афтæмæй дыууæ хъæумæ дæр бацæуæн ис æнæныхдурæй.

«Цалдæр боны дæргъы коммуналон службæтæ цалцæг кодтой фæндæгтæ, æмæ ныртæккæ дзы ахиздзæн цыфæндыхуызон машинæ. Сæрды ацы хъæуты вæййы бирæ адæм æмæ уымæ гæсгæ фæндæгты цалцæг кæныны фарст уыд ахсджиаг», – радзырдта уый.

Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, коммуналон службæтæ фæд-фæдылонæй цалцæг кæндзысты, Дзауы районы къæвдайæ цы фæндæгтæ фехæлд, уыдоны, æрдзон æнамонддзинæдтæ иуварс кæнын сты администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæйы контролы бын.

Зæрдыл дарын кæнæм, ацы мæйы райдианы Хуссар Ирыстоны кæй уыд тыхджын къæвдатæ. Уыдон разиан кодтой республикæйы æппæт районтæн. Цæугæдæтты æмвæзад уæлæмæ схызт æмæ фæндæгтæ фехæлдысты.

 

ИА «Рес»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.