«Гъе мæгуыр куырм Бибо! Гъе мæгуыр зæронд лæг!..

Гъе хъæздыг куырм Бибо! Гъе тыхджын зæронд лæг!..»

(Къубалты Алыксандр «Æфхæрдты Хæсанæ»)

 

Адæймагад йæ царды фыццаг къахдзæфтæй фæстæмæ уæвынад кодта цардуагон фæткой «Дæ хъару æмæ дæхæдæг»-мæ гæсгæ, йæ фæндаг уыд хъизæмайраг æмæ уæззау: хи хъуыд бахизын рын, æрдзон æнамонддзинадæй, æнæрæстæджы мæлæтæй, фыдгæнæгæй. Уыимæ иумæ æрвылбон дæр амал кæнын хъуыд хæринаг, хъармдзинад. Донмæ æввахс æдас бынатыл дæр цыд карз быцæутæ.

Зын æмæ тæссаг, фæлæ кадджын æмæ удварнæй æххæст фæндæгтыл рацыд ирон лæг дæр. Уыцы фæндагыл цæугæйæ йемæ æмдзу кодтой сфæлдыстады тæмæнкалгæ цæхæртæ, сæ рухс нæ мынæг кодта. Нæ рагфыдæлты дзыхæйдзургæ сфæлдыстады сæйраг сæджындз – Нарты кадджытæ дæр фæлтæрæй-фæлтæрмæ фæцыдысты фыдвæндæгтыл æмæ æрхæццæ сты ныры рæстæгмæ. Уыимæ иумæ нын ис адæмон зарджытæ, аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ дзыхæйдзургæ сфæлдыстады бирæ æндæр хуызтæ. Фæлæ бирæтæй айрох вæййы, уыцы алæмæтон хæзнадоны къæбиц абон дæр кадæггæнджыты фæрцы кæй у бæркадджын æмæ æвидийгæ. Уыдон кæсын-фыссын нæ зыдтой, фæлæ сыгъдæг, хъæздыг æмæ рæсугъд æвзагыл адæмы рæгъмæ хастой сæ зарджытæ: тар кæмтты, бæрзонд хæххон хъæуты, дардыл быдырты, мæгуыр хæдзæртты, цытджын Ныхасы. Цымыдисон ма у, сæ сыхаг адæмты æвзæгтæ дæр иттæг хорз кæй зыдтой. Сæрибарæй кодтой сæ зарджытæ, сæ кадджытæ куывдты, бæрæгбонты, чындзæхсæвты, хъусынтыл-иу сæм фесты. Уыдоны фæрцы мах абон зонæм нæ рагфыдæлты цард, нæ дзыллæйы истори, кæд æппæт уыдæттæ рафæлгъауыныл фæстæдæр бирæ ахуыргæндтæ бакуыстой, уæддæр. Кадæггæнæг йæ зарджыты, йæ кадджыты фæрцы хъусджыты цырын кодта сгуыхтдзинæдтæм, уарзын сын кодта Райгуырæн бæстæ, се ‘мтуг адæмы. Уыцы кадджыты мæгуыр адæм ардтой сæ бирæ цардуагон фарстытæн аив дзуаппытæ. Ирон адæмы хуыздæрæй хуыздæрты, тыхджынæй тых-джындæрты, курдиатджындæрты æмæ сæрæндæрты тыххæй цины дæр æмæ хъыджы дæр кадæггæнджытæ дзырдтой хъисфæндырты ‘взагæй. Ныхасы-иу рабадтысты æмæ-иу хъисфæндырты цагъдмæ кодтой лæгдзинады кадджытæ, фыдæлтыккон таурæгътæ. Уыдонмæ хъусгæйæ, кæстæртæ ифтонг кодтой æхсардзинад æмæ рæсугъд цардмæ тырнынадæй, хистæртæ та уыцы кадджыты мысыдысты сæ æвзонгады, сæ тæккæ тыхы куы уыдысты, уыцы бонтæ æмæ сæм хъуыстой æхсызгонæй. Ирыстоны зындгонд фысджытæ, поэттæ, ахуыргæндтæй бирæтæ сæ уацмыстæ ныффыстой кадæггæнæджы ‘взагæй, йе стил ын нæ аивгæйæ, хатт та автор ныхас кæны кадæггæнæгимæ.

Кадæггæнæг, кæд мæгуыр уыд, кæд «хæфсытæ уасыд йæ къахы скъуыдтæй», уæддæр «цытджын Калачы йæ зарды руаджы сæндæтты бадти. Йæ хорз зарджытæн, йæ хорз кадджытæн кæрон кæм уыди?!» Æмæ кæд «кæрдзыны мурыл» зарыд, уæддæр йæ сæйраг нысан уыд, цæмæй адæмæн фехъусын кодтаид ивгъуыд рæстæджыты алæмæтон хабæрттæ, адæм сæ бирæ уарзтой, æхсæнады ахстой ахсджиаг бынат, æгæрыстæмæй ма сæ азфысджытæ, дæр хуыдтой. Æппынæдзух уыдысты адæмы цæсты раз, сæ алы хъуыддагæй дæр уыдысты фæзминаг æмæ тæхудиаг. Кадæггæнджыты ма ис схонæн адæмы бартыл тохгæнджытæ дæр, уымæн æмæ æд «хæцæнгарз» – ныхас æмæ фæндыр – тох кодтой рæстдзинад, хъару æмæ æгъдауы сæрыл.

Кадæггæнæг. Ацы дзырды лексикон нысаниуæджы тыххæй ахуыргæндты хъуыды у æмхуызон æмæ дырыс: «…равзæрд «кад» æмæ «аг»-æй. «Аг» æвзаджы ивæнтæм гæсгæ арæзт æрцыд «аккагæй». Афтæмæй кадæг равзæрд дзырдбаст – кады аккагæй». Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ райдианы кадæджы хуызы кодтой æрмæстдæр Нарты кадджыты æмæ Даредзанты таурæгътæ. Сæ номхыгъдмæ фæстæдæр бахаудысты цалдæр хъайтарон зарæджы, фæлæ уæддæр, ирон адæммæ фыццаджы-фыццаг кады аккаг уыдысты Нартæ: Хæмыц, Уырызмæг, Сатана, Сослан, Батрадз, Ацæмæз. Алчи дæр сæ у хицæн æмæ уыцыиу рæстæджы сæрмагонд фæлгондз. Æгæрыстæмæй, арвы хин æмæ зæххы кæлæн – Сырдон дæр, кæд бирæ фыдбылызтæ æмæ маст бавзарын кодта нартæн, уæддæр сын æнустæм ныууагъта дыууадæстæнон фæндыр æмæ уый фæрцы баззад семæ цæргæйæ. Чизоны нæ рагфыдæлтæ ахæм алæмæтон æрдзы рæсугъддзинæдты ‘хсæн куы нæ цардаиккой, уæд афтæ курдиатджынæй нæ басгуыхтаиккой. Æппæт зындзинæдтæн дæр быхстой, фæрæзтой цæрын куыддæрты, фæлæ уæддæр мæлын нæ бауагътой хъæздыг адæмон сфæлдыстад.  Ирон адæмæн æгæрон тых æмæ ныфс лæвæрдтой сæ рагфыдæлтæ. Æнæрцæф æмæ сæрбæрзонд нарты адæм сæхи Хуыцæуттимæ дæр æмбар, æмсæрыл нымадтой. Сæ уæлкъæсæртæ дæр арæзтой бæрзонд, зæгъгæ, Хуыцау афтæ ма фенхъæла, уымæн кувæм. Æппæт уыдæттæ ирон адæм зыдтой кадæггæнджыты фæрцы, бындуриуæг кодтой рагфыдæлты сгуыхтдзинæдтыл æмæ сæ цæрдхъомдзинад дывæр кодта.

Тугъанты Махарбег кадæггæнджыты тых-хæй афтæ зæгъы: «Нæ адæм бæхты дугътæй куыд уагъой ерыстæ, афтæ-иу хуыздæр дæсныйад равдисыны охыл ерыстæ уыд кадæггæнджыты ‘хсæн дæр». Уыцы ерыстæм адæм куыд æмбырдтæ кодтой æмæ-иу сын уыцы монон хæлц цас рæстæджы фаг уыд, ууыл дзурын уæлдай у. Адæм сæ зыдтой иттæг хорз æмæ-иу цалдæргай сахаттæ хъусынтыл фесты Туаты Зауырбегмæ, Сланты Гахамæ, Тугъанты Тæтæрхъанмæ, Цопанты Арсæмæджы, Томайты Мысырби, Саулохты Гæбæццы кадджытæм, зарджытæм, таурæгътæм. Кæцыфæнды адæмы хатты рагондæр поэтты поэзийæн дæр нæй æрæвæрæн Зæронд Бæтæхъойы хъæуккаг Зыгъуытаты куырм Бибойы фарсмæ. Уый уыд адæмон зарæггæнæг, диссаджы зонды æмæ стыр курдиаты хицау. Бибойы хуызæн йæ радтæг адæмы эпос ничи зыдта. Æмæ кæд ХХ æнусы 80-æм азтæм фæцард, уæддæр, хъыгагæн, йе сфæлдыстадæй алцы нæ къухы нæ бафтыд – йемæ ингæнмæ ахаста рагон ирон сыгъдæг поэзи. Афтæмæй та Бибо уыд ирон адæмы фольклоры егъаудæр æмæ хъæздыгдæр цæугæ хæзнадон.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад фæлтæрæй-фæлтæрмæ хæццæ кодта ныййарджыты фæрцы дæр: фыдæй фыртмæ, бинонты хистæрæй сабитæм. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ «фольклор баивта ирон адæмæн литературæйы, историйы, цардуаджы æмæ куырыхондзинады скъола дæр», уыимæ иумæ сывæллæттæ кадджыты, аргъæутты, таурæгъты персонажты дæнцæгтыл цайдагъ кодтой хæрзæгъдау æмæ рæстдзинадыл. Фæлæ, бирæ ахуыргæндтæ-иртасджыты хъуыдымæ гæсгæ уый фаг нæ уыд, уæддæр сын кадæггæнæгмæ хъусын цымыдисондæр уыд. Абарæм æй æдзæхх хæринагимæ: адæймаг стонгæй, æххормагæй куы мæла æмæ йын æнæад, æдзæхх хæринаг йæ разы куы æрæвæрæм, уæддæр æй бахæрдзæн, фæлæ дзы йе стонг нæ басæтдзæн, нæ бафсæддзæн, уæддæр æй хъæудзæн хæрзад æмæ дзадджын хæринæгтæ. Уымæ гæсгæ стыр нысаниуæг уыд хъисфæндырæн, зæлвидыцæн, зарæджы хуызы кадæгæн. Зарæгмæ хъусын уæлдай æхцондзинад хæссы адæймагæн абон дæр, цасфæнды ма хъуса бæрзонд поэзимæ, уæддæр.

Кадæггæнæг ма æххæст кодта рæстаг тæрхонгæнæджы хæстæ дæр, уымæн æмæ уыд нымд, хъуыстой йын йæ хъуыдымæ, хынцыд цыд йæ алы уайдзæф дæр. Адæмы уырнынадмæ гæсгæ æппæт уыцы диссаджы миниуджытæ уымæн Хуыцауæй лæвæрд уыдысты æмæ йын кодтой кад æмæ цыт.

Кадæггæнджыты фæрцы махæн зындгонд сты нæ æнæмæлгæ адæмон хъайтартæ дæр. Сæ нæмттæ кадджыты, зарджыты, æппынфæстагмæ, адæмы зæрдæты цæргæйæ баззадысты. Не ‘ппæтæн дæр зындгонд у: æнусты дæргъы ирон адæм фыдæй фыртмæ сæ фæрныг æмæ рæсугъд миддунейы цы сфæлдыстой, уымæн сæфæн нæй, цæрдзæн, цалынмæ мах, нарты фæдонтæ уæвынад кæнæм, уæдмæ. Уыцы сфæлдыстадон хæзнадонæн та фидар бындур æрæвæрдæуыд кадæггæнджыты фæрцы.

Уыдонæн цæргæ-цæрæнбонтæм сæ нæмттæ арфæйæн баззайдзысты, уымæн æмæ уыдысты цæугæ хæзнатæ: хъæуи-хъæу цыдысты æмæ сæ курдиатæй адæмы зæрдæты рухсы тæгтæ биноныг кодтой, фидар цæгтæй дзыллæйы бастой кæрæдзийыл. Уыцы алæмæтон æмæ рæдау зæрдæйы уаг æнхъæвзта Ирыстоны алы къуыммæ дæр æмæ дзы арф уидæгтæ ауагъта. Цæмæй ма фесæфа ирон фарн, цæмæй, кадæггæнджытæ сæ кадджыты цы амондджын цардмæ бæллыдысты, уыцы царды барджынæй цæрой ног фæлтæртæ.

ЦГЪОЙТЫ А.   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.