Фæндзæм сезон улæфджыты æмæ зымæгон хъæзтытæ уарзджыты йæхимæ райсы Дзауы районы Цъоны хъæуы зымæгон улæфæндон. Республикæйы Фæсивæды политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей куыд загъта, афтæмæй та ам ныридæгæн райдыдтой фыццаг цæттæгæнæн куыстытæ.

«Æрвылаз дæр цæттæгæнæн куыстытæ райдайæм митæруардæй раздæр. Уымæн æмæ фæхъæуы хæххон фæндæгтæ æмбæлон æмвæзадмæ æркæнын, цæмæй миты бын ма уой æвзæр уавæры. Науæд, ис гæнæн, миты бын дзыхъхъытæ фæсайой шофырты æмæ æрцæуа фыдбылызтæ. Ацы аиппытæ мах аиуварс кæнæм рагацау. Ныр дæр райдыдтам уыцы куыстытæ», — загъта Зассеты Сергей.

Цъоны хъæу йæ географион равæрдмæ гæсгæ ис денджызы æмвæзадæй 2 километрæй фылдæры бæрзæнды, æмæ ам уæлдæф кæддæриддæр вæййы сатæг æмæ уазал. Зымæгон хъызтыты трассæмæ фæндаг цы доны сæрты хизы, уый ныридæгæн у салд. Æрвылаз дæр ам улæфæндоны бæрнон кусджытæ сæ хъус фæдарынц, цæмæй мацы фыдбылызтæ æрцæуа. Саразынц дзы æнцондæр бахизæнтæ, фæлæ ныр комитеты кусæг куыд загъта, афтæмæй фæнд кæнынц бæстондæр ыл бакусын. «Доны сæрты-иу мах нырыонг сæвæрдтам чысыл фæйнæджы гæппæлтæй рæстæгмæ хид. Фæлæ зымæджы бирæ мит æруары, æмæ ахæм хид фаг нæу — миты бын сбырæнцъаг вæййы. Æввахс рæстæджы ам сæвæрдзыстæм стыр диаметры трубæтæ, сæ сæрты та сын ауадздзыстæм ног хид æмæ афтæмæй доны сæрты хизын уыдзæнис æдасдæр», — радзырдта Зассеты Сергей.

Комитеты къухдариуæггæнæг ма куыд загъта, афтæмæй сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ бакодтой лыжæтыл бырæн трассæйыл дæр. Трассæйы райдайæн ис бæрзонд хохрæбын, уырдæм улæфджыты сласынц ратракыл. Ныронг дæр ам æдасдзинады нормæтæ хъахъхъæд цыдысты, фæлæ ныр трассæ рауæрæхдæр кодтой æмæ йæ уавæр фæхуыздæр ис.

Зассеты Сергей куыд загъта, афтæмæй æрæджы Цъоны улæфæндонмæ æрбацыд республикæйы хицауады сæрдар Джуссойты Константин. Тынг фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ баныфсæвæрдта, кæй сын баххуыс кæндзæнис, цæмæй ам арæзт æрцæуой æхсæвбынæттæ дæр.

«Нырма уал цы чысыл куыстытæ бакодтам, уыдон сты сезоны агъоммæйы уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Фæстæдæр та бакусдзыстæм инвентарь æмæ æндæр хъæугæ æрмæджытæ фæфылдæр кæныныл», — банысан кодта комитеты сæргълæууæг.

Хуыгаты Миленæ