Æвæццæгæн, адæймаджы царды бынтон æнæнхъæлæджы ницы вæййы. Уый нæ тынгдæр æууæндын кæны, адæймаг исты дæсныйад куы равзары æмæ йыл æдзухдæр æнувыд куы вæййы, канд йæхи тыххæй нæ, фæлæ æмбæстæгты хæрзиуæгæн уырдыг куы фæлæууы. Ахæм уыд дзæнæттаг Гуыдиты Зинæйы цардвæндаг дæр. Уый райгуырд Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы 1950 азы. Йæ ныййарджытæ уыдысты зæхкусджытæ, сæ тых æмæ хъару дæттой, цæмæй сæ бирæ зæнæг мацы цух æййæфтаиккой. Хъыгагæн, Зинæ фаг нæ баййæфта фыды рæвдыд – 6 азы йыл куы сæххæст, уæд фæзиан йæ фыд Дауыт. Зинæ ахуыр кодта сæхи хъæуы астæуккаг скъолайы æмæ йæ каст фæци иттæг хорз нысæнттыл. Сæ царды уавæртæ мæгуырау кæй уыдысты, уый æмбæрста æрыгон чызг æмæ рог кодта йæ ныййарæг мады къух. Уый тыххæй сси хъæуы фæскомцæдисон бригадæйы уæнг, йæхи æвдыста хъаруджынæй æмæ æппæт быдырон куыстыты дæр иста активон хайад. Йæ æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй æвзæрст æрцыд областон Советмæ депутатæй дæр. Фæлæ цардбæллон чызгæн йæ зæрдæ тынгдæр æхсайдта ахуырмæ æмæ йæ уарзон дæсныйады фæдыл ахуыр кæнын райдыдта Цхинвалы медицинон ахуыргæ-нæндоны. Ам дæр уыд раззагонты рæнхъы æмæ йæ каст фæци æнтысгæйæ. Райдианы куыста Арцеуы хъæуы, фæстæдæр та – Къостайыхъæуы хосгæнæн амбулаторийы медицинон хойæ.

1976 азы Зинæ йæ цард баиу кодта, йæхиау намысджын æмæ бонзонгæ адæймаг Туаты Захаримæ. Уæдмæ сын фæзынд кæстæртæ – дыууæ чызджы æмæ иу лæппу æмæ ма сæхицæй амондджындæр чи уыд! Ноджы тынгдæр аныгъуылдысты фæллойы гуылфæнты æмæ сæ кæстæрты бафтыдтой царды раст фæндагыл. Фæлæ хатт адæймаджы цард бынтон лæгъз кæм вæййы, кæронмæ царды хорздзинæдтæй нæ бафсæст Захар æмæ æнæнхъæлæджы фæзиан. Ногæй та уæззау маст, хъизæммæрттæ, фæлæ уæддæр йæхи нæ ауагъта, нæ фæтасыд зындзинæдты раз æмæ къонайы рухс нæ бауагъта хуыссын кæнын. Уый æмрæстæджы æнувыдæй баззад йæ уарзон куыстыл, йæ хæстæ æххæст кодта цæсгомджынæй, æцæг медицинон кусæгæн куыд æмбæлы, афтæ. Кæддæриддæр уыд йæ куысты æмæ рынчын адæймагæн æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæнынмæ уыд цæттæ. Дзыхы ныхасæн стыр нысаниуæг ис, фæзæгъынц. Æмæ уыцы æрдзон лæварæй дæр хайджын уыд Гуыдиты чызг, æрмæст рынчынæн йæ уæздан ахаст æмæ узæлгæ ныхас дæр уыдысты æвдадзы хосау. Райдианы-иу сын авæрдта ныфсытæ, баузæлыд сыл æмæ стæй та медицинон æххуысмæ бавнæлдтаид.

Хæсты рæстæджы тæссаг уыд хъæутæм цæуын. Иуæй, транспорт нæ уыд, иннæмæй та æхстыты бын хи цардæн тынг тæссаг уыд. Фæлæ уыцы зындзинæдтæ æмæ тæссаг уавæртæ мурмæ дæр нæ дардта, афтæмæй-иу балæууыд йæ кусæн уагдонмæ, цыма нæ бафæллад, ахæм хъæлдзæг зæрдæйы уаг æвдыста. Ахæм намысджын æмæ цæсгомджын куысты тыххæй хъæубæстæн хи хъæбулы хуызæн уыд. Бирæ азты кæимæ фæкуыста, уыцы æмкусæг Хъабанты Зæлинæ Зинæйы тыххæй афтæ загъта, зæгъгæ, зын æмæ уæззау уавæрты куы уыд Ирыстон, уæд 4 азы дæргъы йæ куыстмæ фылдæр хатт цыд фистæгæй. Уыд фæлмæнзæрдæ, узæлаг, стæй йæ куыстыл тынг æнувыд. Уымæн æвдисæн у уый дæр, æмæ йæ мæлæтæй цалдæр боны раздæр, кæд æй карз низ сбырста, уæддæр уыд йæ кусæн бынаты. Дзырдта, ома мын ам тынг зынаргъ у, мæ бон нæу хæдзары бадын. Уый уыд йæ фæстаг æрбацыд ацы хосгæнæн амбулаторимæ. Зинæйæн йæ æнæзæрдæ-худт куысты тыххæй лæвæрд æрцыд «Куысты ветеран»-ы ном, районы æнæниздзинады хайады æрдыгæй – Кады грамотæ, бузныджы ныхæстæ – рынчын æмбæстæгтæй.

А-дунейæ йе ‘нусон бынатмæ чи ацæуы, уымæн зæххон адæймаджы бон ницыуал вæййы, æрмæстдæр йæ бон вæййы мысын, йæ ном ын зæрдыл дарын. Æмæ дын, Зинæ, дæ рухс ном æмæ уарзæгой, фæлмæн цæстæнгас мысдзысты дæ хиуæттæ, хæс-тæджытæ, æмæ йе ‘нæниздзинадыл кæмæн аудыдтай, уыцы æмбæстæгтæ.Рухсаг у!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.