РХИ Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатоли йæ номыл æмбæстæгтæй цы бирæнымæц куырдиæттæ æмæ хъæстытæ бацæуы, афтæ ма сæ химæ исыны рæстæджы цы проблемæтæ æрæвæрынц, уыдоны фæдыл цæуы æмбæлон куыст.  Президенты номыл æрбацыд коллективон фыстæг нæ горæты Мæргъиты Ацæмæз æмæ Ирæтты уынджы цæрджытæй дæр. Куыд зонæм, афтæмæй ацы дыууæ уынджы тигъыл ис тубдиспансер. Сусæггаг нæу ахæм рынчынтæ нæм цъус кæй нæй. Рынчындоны агъуыст æдзæллаг уавæрмæ раджы æрцыд æмæ ныр скъуыддзаг æрцыд, ам кæй сырæздзæн ног бæстыхай.

Рæуджыты низ хæцгæ æмæ тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ алчидæр тырны уымæй йæхи бахизынмæ. Уынджы цæрджытæ сæ сабитæн бар нæ дæттынц рынчындоны кæртмæ æввахс хъазынæн. Иу æмæ дыууæ хатты нæ барвыстой коллективон фыстæджытæ республикæйы разамынады номыл, цыран домдтой рæуджыты диспансер горæтæн фæсвæд ранмæ ахæссын.

Уавæрыл цæрджытимæ æрныхас кæныны нысанæн Бибылты Анатоли фембæлд банысангонд уынгты цæрджытимæ. Фембæлды рæстæджы цæрджытæ дзырдтой, зæгъгæ, «рынчынтæ арæх рахизынц рынчындонæй æддæмæ, бацæуынц дуканитæм дæр». Ацы уынгыл иууылдæр ис хисæрмагонд хæдзæрттæ, цыран цæрынц бирæ сабитæ. Уыдон рынчынтимæ контакт кæнынц æмæ гæнæн ис, фæрынчын уой», – дзырдта ацы уынджы цæрæг сылгоймаг. Президент байхъуыста цæрджыты ныхæстæм æмæ сын фидарæй ныфс бавæрдта, ног тубдиспансер цæрджытæн кæй ницы зиан æрхæсдзæнис, уымæй.

«Тубдиспансер ам сырæзт 60-æм азты. Æз мæхæдæг дæр ацы уынджы схъомыл дæн. Куыд зонын, афтæмæй цæрджыты æнæниздзинадæн ницы тас хæссæг у. Æз ныртæккæ дæр цæттæ дæн ацы уынджы æрцæрынмæ мæ бинонтимæ, цæмæй хъуыддагæй бафидар кæнон мæ ныхæсты æцæгдзинад. Бæстыхай аразыны рæстæджы ист æрцæудзæн уæлæмхас мадзæлттæ – сараздзыстæм æмбонд, æрнывыл кæндзыстæм уагдоны куыст, цæмæй, гæнæнуæвгæйæ, рынчынтæ æддæмæ ма хизой. Рынчындоны æвæрд æрцæудзысты нырыккон домæнтæм гæсгæ сыгъдæггæнæн медицинон ифтонггæрзтæ. Фæстæдæр агурдзыстæм фæрæзтæ, цæмæй ацы тубдиспансер, æцæгæйдæр, хаст æрцæуа æндæр бынатмæ», – дзырдта Президент.

Уый ма банысан кодта, тубдиспансер аразын цы бынаты фæнд кодтой, уым та медицинон центр арæзт кæй æрцæудзæнис æмæ дзы кæй æрбынат кæндзысты «Забота»-йы æвæгæсæг зæрæдтæ, онкологон низæй рынчынтæ æмæ психиатрион рынчындоны пациенттæ.

Цæрджытæ разы нæ уыдысты бæстæйы сæргълæууæджы фæндимæ, фæлæ уымæн йæ хъуыды уыд фидар. «Ныртæккæ нæ фæрæзтæ куыд сты, мах архайæм афтæ. Цард размæ цæуы, нæ æрыгон республикæ дæр цадæггай рæзы Уæрæсейы фæрцы. Куыддæр уæлæмхас фæрæзтæ фæзына, афтæ уын уæ фæндон сæххæст кæндзыстæм», – загъта Бибылты Анатоли.

Фембæлды рæстæджы цæрджытæ радзырдтой паддзахады сæргълæууæгæн æндæр проблемæты тыххæй дæр. Хасситы Роланд куыд загъта, афтæмæй сæ районы нæй сывæллæтты рæвдауæндон, Ирæтты уынджы фæсвæд цы чысыл уынг цæуы, ууыл цъыфбон нæ вæййы ахизæн уынджы бирæ рæтты нæй электроны рухсытæ дæр…

Президент ныфс бавæрдта, бæстонæй кæй базонгæ уыдзæн уавæримæ æмæ, гæнæнуæвгæйæ, кæй аскъуыддзаг кæндзæнис проблемон фарстытæ.

Ацы уынджы цæрæг сылгоймæгты тынг тыхсын кодта ахæм фарст дæр, зæгъгæ,  «цæмæннæ ис гæнæн раздæры 7-æм астæуккаг скъоламæ нæ сабиты дæр исой? «Ам ныр цы гимнази «Альбион» ис, уый йæхи хоны специализацигонд скъола, фыццаг къласмæ бацæуыны тыххæй дæр аразы фæлварæнтæ, ист та йæм æрцæуынц, æрмæстдæр сæхимæ цæттæ кæнынмæ цы сабиты райсынц, уыдон. Иннæ сабитæ та скъоламæ цæуынц дæрддзæф районтæм», – дзырдтой цæрджытæ.

Президент загъта, 2018 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты ацы районы æнæмæнг арæзт кæй æрцæудзæнис сабидон. Ныфс бавæрдта, скъолайы тыххæй дæр лæмбынæгдæр кæй æркæсдзæнис фарстмæ æмæ сын дзуапп кæй ратдзæнис тагъд рæстæджы.

Кæд фембæлд бынтон лæгъз нæ ацыд, уæддæр Президент цæрджытæн  саразæн цæмæн нæй абон, ахæм ныфсытæ нæ бавæрдта.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.