КЪОСТА КАНД ПОЭТ НÆУ …

Ирон адæмы намысджын фырт, стыр поэт æмæ революционер Хетæгкаты Къоста йе сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон куысты сæйраг нысаныл нымадта адæмы сæрибардзинадыл тох. Æфхæрд æмæ барцух адæмы сæрыл хæцыд, уый йæ зæрдæмæ райста йæ радтæг адæмы талынг æмæ фæстæзадыл сагъæс, æмæ цы фæцард, уымæй тох кодта Ирыстоны дзыллæты ′хсæн рухсад тауыныл. Уый ацы дунемæ æрцыд, цæмæй адæмы талынг æмæ æрхæндæг зæрдæты цины рухс ссудза.

Къоста фидарæй æууæндыд йæ адæмы фидæныл. Цагъардзинады рæхыстæ иу бон кæй ныппырх уыдзысты æмæ адæм сæ бартæ сæ къухтæм кæй райсдзысты æмæ уæд поэты фæндыр æмсæрдзинад, æмбардзинад æмæ уарзондзинадыл кæй зардзæн, ууыл гуырысхо нæ кодта.

Ирон адæмы бæллицтæ æмæ хъуыддæгтыл æнувыд уæвгæйæ, Къоста иудадзыг архайдта  Ирыстоны скъолатæ æмæ культурæйы артдзæстытæ байгом кæныныл.

Ахуыр-хъомыладон æмæ рухсады фарстытæм алы хатт дæр дардта стыр хъусдард. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахуыргæнæг хъуамæ уа сæрибардзинадыл тохгæнæг, кæронмæ æнувыд уа йæ бæстæ æмæ йæ адæмыл, уа намысджын, стыр культурæйы хицау.

… Къоста канд поэт нæу. Ирон адæмы зондахасты уый у цавæрдæр тыхджын, цавæрдæр домбай аргъæутты хъæбатыр. Ǽмæ йæ ахæмæй æвдисынц адæмон зарджыты æмæ таурæгъты. Уый у, йæ алæмæттаг уадындзы цагъдмæ-иу адæм дæр æмæ сырдтæ дæр, мæргътæ дæр æмæ кæсæгтæ дæр, хæхтæ дæр æмæ хъæдтæ дæр, дæттæ дæр æмæ мигътæ дæр цы-мыдисæй кæмæн æрæхъуыстой, уыцы æрдхæрæны зарæггæнæг Ацæмæз ирон адæмы Нарты таурæгътæй. Уый у мæгуырты, сидзæргæсты æмæ сидзæрты хорз хæлар, талынг, ссæст адæмы æвæллайгæ фарсхæцæг æмæ сæ сæрыл æгъатыр тохгæнæг. Уый йæ фыстæг «Зиу»-ы сиды йæ адæммæ, цæмæй уыдон ма рох кæной рагон рæсугъд æгъдау æмæ алы хатт дæр кæрæдзийы фарсмæ балæууой тыхст рæстæджы. Фыстæджы фыстæуы: «Ме ‘мбæстон зынаргъ адæм! Курын уæ, цæмæй уæ зæрдыл æрлæууын кæнат нæ фыдæлты хорз æгъдау. Ǽрхъуыды-ма кæнут, куыд цæстуарзон æххуыстæ-иу кодтой уыдон сæ мæгуыртæн, сæ рынчынтæн, кусынхъом чи нæуал уыд,  уыдонæн,  æрдзы æбуалгъ тыхтæ – тæрккъæвдатæ, их, донивылд, мит æмæ сыджытзæйтæ, хус рæстæджытæ, сыгъд æмæ æндæр ахæмтæ-иу царæфтыд кæй бакодтой, уыдонæн. Уæ зæрдыл æрлæууæд нæ хуыздæр æгъдæуттæй иу – зиу; иу ирон дæр йæхи фæстæмæ никуы ласта бахъуыды сахат иннæмæн баххуыс кæнынæй, уыцы иннæ йын тугхæстæг æййæфтаид, нæ, йæхи удæн пайда уыдаид, уый нæ хынцгæйæ. Фæсивæд-иу уыгæрдæнтæм ацыдысты æмæ-иу, кусæг къухтæ кæмæ нæ уыд, ахæм мæгуыр хæдзарæн йæ куыстытæ ны-мадæй цалдæр сахатмæ фесты æмæ-иу фæстæмæ хъæумæ заргæ æрфардæг сты.  Ǽрыгон сылгоймæгтæ дæр-иу афтæ: кусæгхъуаг хæдзарæн-иу йæ къаннæг хуымæй йæ хортæ æрæфснайдтой.  Исты фыдбылыз æрцæу-гæйæ, уæд-иу æрмæст йæ къæхтыл цæуынхъом уæд, уый йедтæмæ алы ирон дæр згъордта, фыдбылыз кæм æрцыд, уырдæм, æмæ-иу æй йæ амал куыд амыдта, афтæ-иу йе ‘ххуысы хай бакодта,  кæмæн йæ бон цы уыд, уымæй: хи уды фæллойæ,  хорæй, хосæй,  хъæмпæй,  сугæй, хъæдæрмæгæй æмæ æндæртæй …»

Хетæгкаты Къоста йæ æнæмæлгæ сфæлдыстадæй стыр лæггад бакодта канд ирон адæмæн нæ, фæлæ Кавказы æппæт адæмтæн дæр. Къоста цæры йæ адæмы зæрдæты, йæ адæмы хъуыддæгты. Уый у не ‘мдугон. Цæудзысты азтæ  æмæ Къостайы ном кæндзæн бæрзондæйбæрзонддæр, кадджынæй кадджындæр.

 

***

“Хетæгкаты Къостайæн æз сæйраджы зонгæ дæн йæ поэтикон сфæлдыстадимæ. Уый у иттæг хорз поэт, йе сфæлдыстад адæймаджы зæрдæ агайы йæ социалон рæстдзинад æмæ зæрдæ-агайæг, арф мидисджын æмдзæвгæ-тæй”.

М. Горький.

 

«…Зæронд Ирыстоны мылазон уавæрты уыцыиу рæстæг поэт дæр у, прозаик дæр æмæ драматург дæр, публицист дæр æмæ театралон стыр курдиаты хицауы къухы бафтдзысты æппæт уыдæттæ, – уымæй дæр йæ адæмы æнæкæрон уарзтæй куы уарза, уæд.

Хетæгкаты Къоста уыдис йæ адæмы æцæг хъæбул, йæ адæмы сæрхъызой. Йæ уацмысты ирдæй æвдыста йæ адæмы сагъæстæ, йæ адæмы бæллицтæ. Фæлæ Къоста, уыцы Къоста не суыдаид уырыссаг адæмы хуыздæр минæвæрттимæ, ивгъуыд æнусы дыккаг æмбисы революцион демократтимæ йын идейон æмæ сфæлдыстадон бастдзинæдттæ куынæ уыдаид, уæд.

Мах, уырыссаг фысджытæ, сæрыстыр стæм, Къоста йæ æвидигæ курдиат Чернышевскийы, Добролюбовы, Некрасовы идейæты тæвагæй кæй фæ-хайджын æмæ уыдон æрдхæрæны куырдадзы кæй бахсыст, уымæй».

А.Фадеев.

 

«Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ алы ирон дæр йæ адæмæн цасбæрцæй аккаг фырт у, уымæн саргъгæнæн ис, йæхæдæг Къостайæн куыд аргъ кæны æмæ йæ цасбæрцæй уарзы, уымæ гæсгæ».

Абайты Васо.

 

…Къоста уырыссаг æвзаг, уырыссаг аив ныхас тынг бирæ кæй уарзта, уымæн æнустæм цардæгас æвдисæнтæй баззайдзысты, уырыссагау цы æмдзæвгæтæ æмæ уацхъуыдытæ, очерктæ æмæ пьесæтæ ныффыста, уыдон. Къоста канд ирон поэт нæу, фæлæ ма у уырыссаг поэт æмæ фыссæгыл нымад дæр».

Н. Тихонов.

 

«Адæймагадмæ бирæ нæй, адæмæн сæ хæрзæгъдауы намыс чи у, сомбоны ныфс æмæ ивгъуыд дуджы мысынад кæй номимæ баст сты, ахæм поэттæ. Хетæгкаты Къоста дæр у уыцы чысылнымæц бинонтæй».

Мариэттæ Шагинян.

 

«Хæххон адæмты поэттæй Къостайы хуызæн æввахс æмæ уарзон ничи ис Цæгат Кавказы адæмтæм. Уымæн йæ поэзи бахæццæ цæцæн, мæхъæл, авайрæгты иууыл дæрддагдæр хъæу-тæм, уыдонæн сæ фылдæрмæ сæхи фыссынад дæр куы нæма уыд, уыцы азты. Ныртæккæ та “Ирон фæндыр”-ы зæлтæ хъуысынц ноджы тыхджындæр, ноджы зæллангдæрæй».

Р. Фатуев.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.