РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта Хицауады рабадт, кæцыйы боны фæткмæ хаст æрцыдысты цæрæнуатон политикæ, энергетикæйы фадыджы закъондæттынад æрнывыл кæнын, секторы скъолайон ахуырады æнæпаддзахадон фарстатæ æмæ æндæртæ.

Рабадты райдиан уынаффæ цыд Харебаты Алан Иваны фырты Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты сæрдары хæдивæгæй снысан кæныны фарстыл. Харебаты Алан æххæст кодта ацы комитеты сæрдары хæдивæджы хæстæ. Комитеты сæрдар Бестауты Балайы раразмæгонд кандидатурæйыл сразы сты æмæ хъæлæсæппæрстæй фидар æрцыд ацы бынаты.

Дарддæр Хицауады уæнгтæ хъæ-лæс радтой Знауыры районы цæрæн пункт Хæрисджыны ном Зæдбадæнмæ раивыны тыххæй.

Уымæй дарддæр ма æркастысты æмæ сфидар кодтой «Хынцынады фадыджы цæрæнуатон политикæйы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн цæрæнуат радтыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ ба-хæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект.

Горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланы ныхæстæм гæсгæ, дзырд цæуы 2008 азы августы хæсты фæстæ сæндидзыдгонд цæрæнуат, æмбæлон æгъдаумæ гæсгæ сфидар кæныныл. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ног арæзт бæстыхæйтты фатертæн сæ фæзуат, документты куыд нысан уыд, уымæй фæфылдæр. Цæрæнуатон политикæйы тыххæй закъоны ивындзинæдтæ фадат ратдзысты цæрæн фæзуат сæ закъонон хицæуттыл, куыд у, афтæ сфидар кæнын.

«Рагæй аскъуыддзаггæнинаг цы проблемæ уыд, уый скъуыддзаг кæй æрцыд, уымæ гæсгæ фæткмæ æркондæуыдзæн хыгъдон документаци æмæ æххæстбæрцæй хъусдард здæхт цæудзæн  сæндидзыдгонд цæрæнуатон фондмæ», – банысан кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Ивындзинæдтæ хаст æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы  фæдыл уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2012 азы 19 ноябры уынаффæмæ дæр, кæцыйы раразмæ кодта Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы  комитеты сæрдар Бекъойты Геннади æмæ хауы æртагон-энергетикон комплексы фадыджы нормативтæ æрбæстон кæнынмæ.

Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Наталийы фæндонмæ гæсгæ уынаффæ цыд, ахуырадон архайд уадзыны тыххæй паддзахадон аккредитаци æмæ лицензи кæмæ ис, æнæпаддзахадон сæрмагонд ахуырадон организацитæн субсидитæ радтыны фæткыл, сæрмагондæй та гимнази «Рухс» æмæ скъола «Эрудит»-æн. Ахуырады министр Гасситы Натали куыд бамбарын кодта, афтæмæй уый у фæтк сфидар кæныны æрвылазон процедурæ,  кæцы арæзт æрцыд,  ахуыргæнджытæн куыстмызд бафидынæн æмæ ахуыргæнинæгты хæлцыл цы фæрæзтæ хардз цæуы,  уы-дон баххæст кæныны нысанæн.

Рабадты ма уынаффæ кодтой æмæ сфидар кодтой 2018 азы паддзахадон бюджеты ивындзинæдтæ, кæцытæ хаудтой иумиагпаддзахадон фарстатæн, националон хъахъхъæнынады домæнтæ, барадхъахъхъæнынадон архайд, æнæниздзинад хъахъхъæнын, социалон политикæ, æхсæнбюджетон транспортæн хæрдзтæ фылдæр кæнынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.