Нæ республикæйы дарддæр цæуынц æндидзынгæнæн куыстытæ. Горæты уынгтæ æмæ бирæ социалон-нысаниуæгджын объекттæ цæуынц капиталонæй цалцæг æмæ ногæй арæзт. Аразджыты куыстмæ кæсгæйæ адæймаджы ныфс бацæуы сæрибар рæсугъд сомбон кæй æрлæудзæн æмæ та нæ кæддæры рæсугъд горæты уындæй лæджы фæллад зæрдæ æхцонæй кæй сулæфдзæнис.

Цыдæриддæр арæзтад цæуы, уыдон иууылдæр сты фыццаградонтæ: сабиты рæвдауæндæттæ, скъолатæ, фæндæгтæ, цардуагон объекттæ æмæ а. д. Уæддæр адæм иууыл тынгдæр цæмæ фенхъæлмæ кæсынц, уый цæрæнуæттæм. Тагъд рæстæджы нæ горæты администрацийы цæрæнуатон фонды фæзындзæнис дзæвгар фатертæ æмæ бирæ тыхст æмæ уынгæг уавæрты цы бинонтæ цард бирæ азты, уыдон бауыдзысты фатерты хицæуттæ.

Хъайтарты уынджы кæрон, раздæры автотранспортон баиугæнды территорийыл цы нырыккон цæрæн комплекс рæзы, уый уыдзæнис фондзуæладзыгон, уыдзæнис дзы 13 бахизæны, кæцытæ уыдзысты кæрæдзийыл ныхæст. Хæдзар йæхæдæг уыдзæнис æрдæгтымбыл, йæ мидæг та — 200 фатеры: иу, дыууæ, æртæ æмæ цыппархатæнонтæ. Ам куыстытæ цы подрядон организаци кæны — ООО «Союз-СтройПрект», уый минæвар нын куыд загъта, афтæмæй цалцæггæнæн-арæзтадон куыстытæ хъуамæ фæуой 2017 азы. Бирæуæладзыгон хæдзары раз цы территори ис, уым арæзт æрцæудзæнис фæзуат, цыран уыдзæнис сывæллæттæн хъазæн зонæ, уыдзæнис дзы ацæргæ адæм сæ фæллад кæм уадзой, ахæм хиирхæфсæн бандæттæ æмæ æхсæвыгон рухсытæ дæр.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй ацы бирæуæладзыгон цæрæнуæттæ кæд 2017 азмæ арæзт цæуынц, уæддæр куыстыты темптæ рæвдз не сты. Уый æрæджы банысан кодта Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов йæ кусæгон балцы рæстæджы.

Уымæн йæ балцы нысан уыд РХИ-йы социалон экономикон рæзтæн ахъазгæнæг 2015-16 азтæн Инвестицион программæ куыд æххæст цæуы, уыимæ базонгæ уæвын. Федералон министр РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментиимæ иумæ сарæзта инспекцион азылд арæзтцæуæг объекттыл. Семæ ма уыдысты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард, иу къорд министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæ.

Лев Кузнецов уæд райгондæй нæ баззад иуæй-иу объектты куыстыты темптæй. Уыцы нымæцы Хъайтарты уынджы цы цæрæнуатон арæзтад цæуы, уымæй дæр.

Æрвылкъуырийы кæрон, Хицауады æмвæзадыл, Инвестицион программæйы фæлгæтты цы арæзтадтæ рæзы, уыцы рауæрæхгонд æмбырды ООО «СоюзСтройПроект»-ы фирмæйы минæвар зæрдæтæ февæры, куысты темптæ кæй фæцырддæр кæндзысты, фæлæ абоны бон нырма уым дардæй бакæсгæйæ зыны иу цалдæр секцийæн æрмæст сæ кар-кастæ. ООО «Союз-СтройПроект»-ы къухдариуæгадæн уæд Лев Кузнецов фидарæй загъ-та, куыстытæм сæ хъус бæстондæр куынæ дарой, уæд фирмæйæ ист кæй æрцæудзæнис объект.

Ныр мах фæуазæг стæм объектмæ, цæмæй фенæм, цы фæивта Уæрæсейы бæрзонд чиновник арæзтадон организацийы куыстæй райгондæй куы нæ баззад, уæдæй нырмæ.

Арæзтадон фирмæйы минæвар куыд зæгъы, афтæмæй финанскæнынады хъуыддаджы проб-лемæтæ нæй. Республикæйæн æдтейæ цы арæзтадон æрмæджытæ ласт цæуы, уыдон хатт фæндагыл фæфæстиат вæййынц.

Ныр, зæгъ, уыцы проблемæ аиуварс кæнын нæ бон бацис. Хъæуы æрмæстдæр хъарутæ æмæ тыхтæ радтын, цæмæй графикы баййафæм.

ООО «СоюзСтройПроект»-ы кусджытæ ныфс æвæрынц, сæ арæзт цæрæнуæттæй нæ горæты цæрджытæ райгонд кæй уыдзысты. Уымæн æмæ уыдон дарддæр дæр хъавынц нæ республикæйы территорийыл кусынмæ. Ног цæрæнуæттæ арæзт æрцæудзæнис Гаглойты Владимиры уынджы дæр. Ацы аз уал уым уагъд æрцæудзæнис цæттæгæнæн куыстытæ. Сæрмагонд техникæйы руаджы зæххы уæлцъар ист æрцæудзæнис æмткæй æмæ дзы нырыккон технологитæм гæсгæ арæзт æрцæудзæнис уæрæх фæзуат, цыран фæзындзæнис, Хъайтарты уынджы кæрон цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ арæзт цæуы, ахæм хæдзæртты хуызæттæ.

Æвæццæгæн, ныртæккæ не ’мбæстæгты иууыл тынгдæр цы цымыдис кæны, хæдзæрттæ арæзт куы фæуой, уæд сæ цы категорийы адæмыл байуардзысты, уый.

Уый тыххæй бæстæйы сæргълæууæг æмæ горæты мэр иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодтой дзыллæйæн сæ хъуыды, фатертæ лæвæрд цæудзысты рады номхыгъдмæ гæсгæ æмæ иууыл тыхстдæр адæмæн, зæгъгæ.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.