Адæймаг иууыл тынгдæр фæбæллы, цæмæй йын уа цæрæн хæдзар. Цæрæнуат кæмæн вæййы, уый та фæбæллы йæ фæхуыздæр кæнынмæ. Республикæйы разамынад архайы, цæмæй цæрæнуæттæ кæмæн нæй нæ уыцы æмбæстæгтæ  ифтонг æрцæуой цæрæнуæттæй, иннæтæн та  сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр уой.

Нæ горæты Хъайтарты уынджы кæрон цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, арæзт цыд, уыдонмæ азы райдианмæ æнæрхъæцæй бæргæ æнхъæлмæ кастысты 200 бинонтæ, фæлæ уыцы фарст хаст æрцыд 2018 азы æмбисмæ.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй ацы объект эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцыдаид 2016 азы, фæлæ йæ цы подрядон организаци арæзта, уый куыстытæ ныкъуылымпы кодта. 2017 азы майы мæйы объект лæвæрд æрцыд арæзтадон фирмæ СТМ-Юг-мæ. СТМ-Юг-ы къухдариуæггæнджыты бахъуыд дзæвгар бакусын, суанг ма сæхи хардзæй фæивтой проектон-сметæйон доку-ментаци дæр. Ныр уым сметæмæ гæсгæ арæзт цæуынц арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ. Къултæ сæрдынц хуыздæр æрмæджытæй. Æвæрынц рудзгуытæ æмæ дуæрттæ. Фесты конд электрохæххытæ æмæ хъармуаты системæ дæр».

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады ма нын куыд загътой, афтæмæй аиппытæ аиуварс кæныныл ацыд дзæвгар рæстæг, уымæ гæсгæ æддаг бакастæй афтæ зынд, цыма куыст размæ нæ цæуы. Фæлæ абон ис афтæ зæгъæн, æмæ арæзтадон куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. «Августы мæйы канд фатертæ нæ уыдзысты цæттæ, фæлæ ма йæ алфæмблайы территори дæр. Бирæуæладзыгон хæдзæртты кæрты уыдзæн улæфæн бынат: сабитæ сæхи кæм ирхæфсой, фæсивæдæн спортивон фæзуат æмæ ацæргæ адæмæн дæр æрулæфæн бынат. Æмткæй комплексæн йæ фæзуат у 20,7 мин кв.м Инвестпрограммæйы фæлгæтты ацы цæрæн комплексæн 2016-2017 азты хицæн æрцыд 500 милуан сомы. Хæдзæрттæ сейсмикон цæстæнгасæй сты фидар арæзт, сæ бон у бауромын, зæххæн-къуысты рæстæджы 8 баллы. Ацы аз ма цæрæн хæдзæрттæ арæзт æрцæудзæнис нæ горæты Гуыбаты æфсымæрты уынджы дæр. Ацы бынаты раздæр уыд профтехахуыргæнæндон, йæ фарсмæ та уыдис ахуыргæнинæгтæн æрмадзтæ. Фæлæ уыдон æдзæллаг уавæрмæ æрхаудтой, уыдысты аварион уавæры. Цæрæн комплекс хъуамæ арæзт æрцыдаид Гаглойты Владимиры уынгыл. Фæлæ, нæ республикæйы Президенты бахæсмæ гæсгæ уыцы бынат хаст æрцыд Гуыбаты æфсымæрты уынгмæ. Ныр, раздæры профтехахуыргæнæндон æрцыд демантажгонд æмæ йын сыгъдæг кæнынц йæ бынат.  Ам арæзт æрцæудзæн фондзуæладзыгон хæдзар, уыдзæнис дзы 75 фатеры. Уый арæзт æрцæудзæнис Инвестицион программæйы фæлгæтты. Ацы хæдзар дæр араздзæнис «СТМ-Юг». Боныгъæд сын сæ къух кæй аразы, уымæ гæсгæ ам куыстытæ райдайынц райсом 7 сахатыл æмæ фæкусынц изæрдалынгтæм. Кусджытæн сæ фылдæр сты бынæттон цæрджытæ. Арæзтады прораб Коцты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ ам куыст фæцæуы улæфт бонты дæр. Техникæйæ сты ифтонг, сæ разы не ‘взæры ныхдуртæ. Прораб зæгъы, зæгъгæ, кусынц проектон-сметæйон документацимæ гæсгæ. «Хæдзар куы сырæза, уæд ын схæрзарæзт кæндзыстæм йæ алыварс территори дæр. Ныссадздзыстæм дзы цъæхдарæнтæ, арæзт дзы æрцæудзæн сывæллæтты хъазæн фæзуат. Нæ фирмæ цы хæдзæрттæ аразы, уыдон ницæмæй хицæн кæнынц, Цæгат Ирыстоны цы ног бирæуæладзыгон хæдзæрттæ арæзт цæуы, уыдонæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.