Цымыдисон у цæрæгойты цард. Фыццаг бакастæй нæм афтæ зыны, цыма уыдон æгомыг сты, сæ хæс у сæ гуыбын æфсадын, уæвын, сæхи хуызæттæ радтын æмæ стæй амæлын. Фæлæ уый афтæ нæу. Алы хуыз цæрæгойтæ дæр уæвынц сæхи дунейы. Æндæр æмæ æндæргъуызон зæлтæ уадзгæйæ, уыдон «ныхас» кæнынц кæрæдзиимæ, алыгъуызон буарзмæлдтыты руаджы сæ ахаст æвдисынц кæрæдзимæ. Уыдон зонынц цин кæнын æмæ хъыг кæнын, æнувыд уæвын, уарзын, хайджын сты адæймагау æндæр æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытæй.
Хæхбæсты цæргæйæ бирæ цымыдисон цаутæ бахъуыды кодтон хæдзарон цæрæгойты цардæй æмæ мæ абон,  дæр нæ рох кæнынц. Фæнды мæ радзурын уыдонæй цалдæры тыххæй.

 

Диссаг – æмбæхсынмæ

Ныр та ма чи кусы галтæй, фæлæ раздæр уæззау, тынг уæззау уыдис сæ цард. Уæлдайдæр та уалдзæджы хуымгæнæнты æмæ фæззæджы алыгъуызон куыстытæ кæныны рæстæджы. Æдзух æфсондзы бын уыдысты. Æфсондзы бынмæ та иунæг гал дæр æнæзивæгæй нæ цыд – зыдтой, уæззау куыст сæм кæй æнхъæлмæ кæсы.

Иу фæззæгон бон ме ‘фсымæримæ цъеритæ ластам уыгæрдæнæй. Æрластам дзы дыууæ æмæ æртыккаг ласынмæ аздæхтыстæм. Куы йæм схæццæ стæм, уæд уæрдоны, куыд æмбæлы, афтæ баурæдтам æмæ галты суагътам, цæмæй рахизой, сæ фæллад суадзой. Галтæй сæ иу, Гъила, зæгъгæ, æмбæхсынмæ рæвдз кæй уыд, уый хорз зыдтам æмæ йæм нæ хъус дардтам, цалынмæ цъерийы цъупп уæрдæхæй æлхъывтам, уæрдоныл æй авæрдтаиккам, стæй ма нын ссивинагæй чи аззад, уый æмбырд кодтаиккам, уæдмæ.

Мах тагъд кодтам нæ кусинæгтыл. Цъери къулаив ран амад æмæ йæ уæрдонмæ стулыныл бирæ фыдæбон кæнын нæ бахъуыд. Цæмæй иннæ фарсæрдæм уæрдонæй ма ахаудаид, уый тыххæй йæм аразæн быцæуæн бавæрдтам, даргъ бæндæнæй йын йæ фæрстæ сылхъывтам, стæй йæ фæстейæ цъерихъилы сæрвасæныл æртыхтам æмæ йæ уырдыгæй та дыу-уæрдæм уæрдонмæ ныббастам. Бабастам, цъерихъилы цъупп дæр разæй ныббастам уæрдонмæ. Хъуыд ма æрмæстдæр галты æфсондзыл баифтындзын æмæ рараст уæвын. Фæлæ уал уый агъоммæ рассивын хъуыд, дыууæ цъерийы фаг хос кæм уыд, уыцы сси-винаг. Ардæм дард нæ уыд, стæй нæм галтæ дæр хорз зындысты.

Дыууæ цъерийы хос рассивын дыууæ гъæйтмардзæ лæппуйæн стыр куыст нæ уыд. Куыд æй ссывтам, афтæ йæ хицæнтæй амадтам кæрæдзийыл, цæмæй æрбадтаид æмæ цъерийы фылдæр хос бацыдаид. Фæллад галтæ дæр сæхицæн хъæдгæрон хызтысты, æнæкарст ма чи аззад, уыцы кæрдæгыл.

Иу ахæмы Гъила нæ, фæлæ иннæ гал хъæды бахызт. Ам къахвæндаг цыд, къададон кæм згъордта, уыцы адагмæ, адагæй та – иннæ фарсмæ. Мах нæ хъус дарæм æмæ Гъила нæ тагъд кæны иннæ галы фæстæ хъæды бахизынмæ. Æвæццæгæн, нæ æууæндын кодта, йæ сæры кæй ницы хин ми æвзæры. Рацыд чысыл рæстæг æмæ уый дæр иннæ галы фæстæ ацыд, уæдæ цы. Дон нуазынмæ адагмæ кæй бахызтысты, стæй сæ ададжы сатæг уæлдæфы алæууын дæр кæй бафæндыдаид, ууыл зæрдæ даргæйæ, уайтагъд нæ фæцæуæг дæн сæ фæстæ. Фæлæ бирæ рæстæг дæр нæ рацыд æмæ атагъд кодтон сæ бæрæггæнæг. Бахызтæн хъæды, акæстытæ кодтон мæ алывæрстæм бæлæсты ‘хсæнты – никуы ницы, ададжы дæр – афтæ. Ахызтæн адагæн иннæ фарсмæ æмæ… уæртæ иу гал йæхицæн хизы. Гъилайæн йæ кой дæр нæй. Ме ‘намонд базыдтон æмæ йæ агурынтæ систон. Фæстæмæ æд галтæ æрæгмæ куы здæхтæн, уæд мæм ме ‘фсымæр хъæр кæны, цы фæдæ, зæгъгæ. Фæхъæр æм кодтон æз дæр æмæ йын хъуыддаг бамбарын кодтон. Дыууæйæ фæцагуырдтам Гъилайы, фæлæ йæ нал ссардтам. Уæдмæ бон йæ кæронмæ хæццæ кодта æмæ не ссивинаг дæр кæронмæ нæ бабæстон кодтам, афтæмæй, нæ иу галы нæ разæй скæнгæйæ, æрцыдыстæм нæ хæдзармæ.

Не скъæт хæдзармæ дард нæ уыд. Кæсæм æмæ йæ кæрты йæхицæн хуыссы Гъила, æнæмæтæй сынæр цæгъды, афтæмæй.

Хъуыдис æй нæмын хъæбæр уисæй? Хъуыдис æй. Фæлæ нæ уис ничи райста. Кусæг фос у уæддæр, йæ удысконд ын нæ фæивдзынæ. Уæддæр æфхæрд баййæфта. Зæгъгæ-иу сæ уыгæрдæны æфсондзæй суадзын хъуыд, уæд-иу æй даргъ бæндæнæй уæрдонмæ бабастам, иннæ та сæрибарæй хызт.

 

Æрхъуыдыджын дзæргъ

Æрхъуыдыджын, æмæ уыимæ фыдбылызджын уыд нæ дзæргъ. Стыр дæсны уыд хъæуы цæрджытæн сæ картофы хуымты æмбæндты лæмæгъ, ома, æнцондæрæй кæуылты бабырыдаид, ахæм бынæттæ агурын-мæ. Æмæ-иу кæд иу хуымы æмбонды ахæм бынат не ссардта, уæд-иу араст æндæр хуымы æмбондмæ. Æмæ ма-иу æрмæст йæхæдæг иунæгæй куы уыдаид! Дардтам хуыгистытæ дæр æмæ иу дзæргъ – командиры фæстæ салдæттау куыд стырдæрæй ныххал сты. Æмæ ма-иу ын, зæгъгæ, хъыбылтæ уыд, уæд уыдон та – уæлæмхасæн. Дзæргъ-иу цыдис сабыргай, алы каумихмæ дæр каст лæмбынæг æмæ-иу йæ зæрдæ цы бынатмæ фехсайдта, уым-иу йæ æндонвидар бырынкъ дыууæ михы ‘хсæн фæцавта. Уыцы рæстæджы-иу æрлæууыдысты иннæтæ дæр æмæ æнхъæлмæ кастысты, дарддæр цы уыдзæн, уымæ.

Ацархайдта-иу иу мих уæддæр ратоныныл æмæ-иу ын кæд нæ бантыст, уæд-иу гуым-гуымгæнгæ дарддæр араст. Йæ фæстæ-иу феггуырстысты иннæтæ дæр. Фæлæ йын, зæгъгæ, æрмæст иу каумих дæр бантыст рафтауын, уæд хуыммæ фæндаг гом уыдис. Йæ сæр-иу зыхъхъыры атъыста, стæй-иу йæ гуырæй анцад æмæ-иу каумихтæ сæ астæуыл æрбацъæлтæ сты. Афтæ-иу баивæрзтысты хуыммæ æмæ-иу сæхи хорз федтой картофтæй. Кæд иу сæ рæстæгыл уынæг фæцис, уæд хорз, кæннод иу хуым сфæлдæхтой.

Цал æмæ цалæй фæхыл сты немæ хуымты хицæуттæ нæ дзæргъы тыххæй!

Иу ахæмы та нæм, йæ фарс уылынджы бæрц фаст, афтæмæй æрбацыд. Кæмдæр зæгæлы цыргъыл схæцыд æмæ йæ фарс фегом. Афтæмæй ма цардаид, уый дыууæйыл уыд. Нæ сыхæгты лæппу йæ куы федта, уæд фæндон бахаста, бахуыйæм ын йæ лыг, зæгъгæ, кæд байгас уа, уæд хорз, кæннод æй, зæгъгæ, аргæвддзыстут. Æмæ йæ бахуыдта. Теман судзинæй, хуымæтæджы æндахæй. Æмæ фервæзт.

Иу цау та йæ зымæгон цардæй æрхæссон. Зымæг нæ – уалдзæджы ‘рдæм уыд. Уæдмæ хъыбылтæ ныййардта æмæ рахъомыл сты. Фæцайдагъ сты хæрыныл, фæлæ нырма сæ мады дæр дадтой. Хицæнæй сын скъæты хæрын кодтам, цæмæй тагъддæр уæй кæнынæн сбæззой. Дзæргъæн та хуыгистытимæ æдтейæ хъæдын бæлæгъы кодтам хæринаг. Хъыбылтыл-иу скъæты дуар æвдузæнæй сæхгæдтам, цæмæй сын сæ хæринаг иннæ хуытæ ма бахæрой.

Иу ахæмы, скъæтмæ бацæугæйæ, дуар разынд гом, дзæргъ та, хъыбылты хæринаг конд кæм уыд, уымæн йæ къултæ стъæрдта. Хæдзары кæрæдзийы фарстам, скъæты дуар чи бакодта, уымæй, фæлæ махæй йæ кæнæг ничи уыдис.

Дыккаг бон дæр – афтæ.

Æртыккаг бон аскъуыддзаг кодтам, дуар чи бакæны, уый бахъахъхъæнын. Æмæ цы рабæрæг? Дзæргъ, бæлæгъы сæ хæринаг æххæстæй нæма фесты, афтæмæй скъæты дуары размæ базгъорста, бæрзæй цас амоны, уыйбæрц йæ бырынкъ хæрдмæ схъил кæнгæйæ, йæ разы дыууæрдæм арауай-бауай кодта, стæй йæ фæстаг къæхтыл слæууыд æмæ йæ бырынкъæй сæвнæлдта æвдузæнмæ. Адæймаг ыл æддæмæ йæ къухæй куыд ахæцы, афтæ дзæргъ та йæ бырынкъæй фæлвары йæ ассонынмæ. Зын сæххæстгæнæн ын нæ уыд уыцы архайд, уымæн æмæ йæ раззаг къæхтæй мидæмæ æнцад дуарыл æмæ æвдузæны тынг не ‘лхъывта. Æвдузæн куы ассыдта, уæд йæ цыппæртыл слæууыд, фæлæ дуар уæддæр нæ гом кæны. Бынæй йæ фæйнæг фæлгæтыл хæцыд æмæ йæ нæ уагъта гом кæнын. Фæлæ та ам дæр æрхъуыдыджын разынд дзæргъ. Бамбæрста аххосаг цæй мидæг ис, уый, фæлæ дуары фæйнæг æмæ йæ фæлгæты ‘хсæн бырынкъы нæ фæцæвдзынæ – æнгом сты. Æмæ уæд сархайын кодта дæндæгты. Фæцавта сæ дуары фæйнæгæн йæ бынаг кæрон æмæ йыл ранцад. Ницы дзы рауад, чъылбызтæ дзы цы  сæппæрста, уымæй дарддæр. Бафæлвæрдта дыккаг, æртыккаг хатт… Æмæ дуар фегом. Фæмидæг скъæты, хъыбылтæ цы гæрæны уыдысты, уым. Йæ бырынкъæй сæ фехстытæ кодта алырдæмты æмæ йæ цъæм-цъæм ссыд.

Дзæргъ, кæй зæгъын æй хъæуы, уырдыгæй сырд æрцыд. Фæлæ æвзæры фарст: алы цæрæгой, алы уæвæгой дæр куы ауды йæ «хъæбултыл», хæринаг сын куы амал кæнынц, уæд дзæргъ ахæм тызмæг ахаст цæмæн равдисы йæ хъыбылтæм, дзырд хæрдыл куы фæцæуы, уыцы рæстæджы? Цæмæн сын байсы сæ хæринаг? О, дзæргъ дзæргъ у – æнæфсис, фæлæ йæхи йæ хъыбылты хардзæй цæмæн æфсады? Цæмæн цæуы æрдзы закъоны ныхмæ?

Æви… Кæд, мыййаг, уымæн асхойы йæ хъыбылты, уымæн сын байсы сæ хæринаг, цæмæй йæм фылдæр æхсыр æрцæуа æмæ дыууадæсæй куы сæххормаг уой, куы йыл скæуой, сæ хъыс-хъысæй бæстæ сæ сæрыл куы сисой, уæд йæхицæн йæ фарсыл æрхуысса, алчи дзы йæ дзидзи бацагура æмæ йæхи бафсада, цавæрфæнды  хæринагæй дæр хæрзаддæр, гъæдджындæр чи у, уыцы æхсырæй.

Æмæ кæд афтæ у, уæд уый ноджыдæр бæлвырд кæны, алы дзæргъ дæр æрхъуыдыджын кæй у…

Хæлардзинад

Хъæуы цæргæйæ, дардтам куыдз. Бур, хъуынджын куыдз. Афтæ зæгъон хъыхъхъаг уыд, бæхджын лæджы æристаид æмæ раст нæ уыдзынæн. Æгæр сабыр дæр ма уыд. Зæгъгæ, нæм кауы сæрты исчи хæдзармæ æрбахъæр кодта исты хъуыддаджы фæдыл, уæд-иу байбынæй рагæпп кодта, цалдæр рæйды-иу хъæргæнæджы ‘рдæм акодта æмæ-иу хæдзарæй исчи куы ракаст, уæд-иу фæстæмæ йæ бынатмæ бабырыд. Ууыл-иу йæ хæс ахицæн.

Уыд нын гæды дæр. Уый та фæныкгъуыз уыд. Рæувад, тæлтæг. Кæм æй нæ ауыдтаис, кæцæй-иу не ‘ркаст! Фæлæ уæддæр йæ цæрæн бынат хæдзары уыд.

Куыдз цæмæдæр гæсгæ гæдыйы нæ уарзы. Фыдæхзæрдæ йæм дары. Æмæ нæ гæды дæр куыдзæй йæхи хызта, йæ тасæй уынгмæ рахизын нæ уæндыд. Фæлæ-иу уæддæр сæ цæст кæрæдзийыл æнæсхæцгæ нæ фæцис. Æмæ дын кæрæдзийыл куы æрцахуыр уаиккой. Гæды йæм хæстæгæй хæстæгдæр цыд, æмæ куы базыдта йæ разæй йæ нал  æрисдзæн, уæд райдыдта сæ хæлардзинад. Хъазыдысты иумæ, гæдыйы-иу куы бафæндыд, уæд-иу куыдзы фæлмæн хъарм хъæбысы схуыссыд æмæ йæ алыварс дунемæ уырдыгæй райзæрдæйæ каст.

Нæ гæды æгас хъæуы иунæг нæ уыд. Уыдис дзы æндæртæ дæр æмæ кæрæдзийыл æмбæлдысты, цин кодтой кæрæдзийыл, уæдæ-иу дзы иу иннæимæ хыл дæр куыннæ фæцис. Ахæм у гæдытæн дæр сæ цард.

Гъе æмæ дын иу ахæмы иу хæддзу гæды нæ гæдымæ куы ‘рбацæуид. Хæдзармæ кæм бауæндыд, фæлæ фæсхæдзар мæнгагъуысты фембæлдысты. Цæуыл дзырдтой, уымæн чи цы зоны, фæлæ дын куы схыл уаиккой. Нæ гæды æдыхдæр разынд æмæ йæ разæй ныййарц нæ кæрты ‘рдæм. Уым нæ куыдз йæхицæн хуыссыд æмæ йæ хъæбысы смидæг.

Сурæг гæды уыцы ныв куы ауыдта, уæд цæхгæр ныззылд æмæ нæ фыдбылызтæ йемæ ахаста – æрбатары ис.

Нæ гæды куыдзы хъæбысæй сæрыстырæй каст, æцæгæлон гæды кæм æрбатары, уыцы ‘рдæм… Æвæццæгæн, йæхинымæр дзырдта: «афтæ, гъе, æниу ма фæтæрс!»

БИАЗЫРТЫ Роланд